Боны фарста

Гæззаты Мзия, нæ горæты 4-æм сабидоны хъомылгæнæг

— Ирыстоны историйы йæ ном кæмæн баззад, уыдон дзæвгар сты, фæлæ дзы æз рахицæн кæндзынæн зынгæ ирон композитор Æлборты Феликсы. Йæ райгуырæн бæстæ æмæ йæ радтæг адæмæн цæстуарзон лæггад чи бакодта, йæ диссаджы курдиаты фæрцы ирон аивад æмæ культурæ фæхъæздыгдæр кæныныл æвæллайгæйæ чи архайдта, уыдонæй иу уыд нæ адæмы уарзон композитор Æлборты Феликс Шалвайы фырт. Уый уыд æхсæнадон архайæг, Уæрæсейы композиторты цæдисы уæнг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, Республикæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сгуыхт архайæг. Зындгонд композиторы уацмыстæ цæуынц алы ирон адæймаджы зæрдæмæ дæр. Уый уыдис æцæг патриот æмæ нæ зæрдæты дæр уымæн баззад абоны онг дæр. Йæ ном хæссы Цхинвалы 1-æм музыкалон ахуыргæнæндон. Æз сæрыстыр дæн ахæм адæймаг Ирыстоны кæй райгуырд, уымæй.

Дриаты Иринæ, Ленингоры районы Орчъосаны астæуккаг скъолайы директор

— Ирыстоны историйы баззайдзысты Сæрмагонд æфсæддон операцийы цы хъæбатыр лæппутæ фæмард сты, æппæт уыдоны нæмттæ. Уыдонæй сæ иу Дриаты Энвер мæ зæрдæйы цæрæнбонтæм баззайдзæн, куыд Ирыстоны хъайтар, афтæ. Уымæн йæ удыгъæд æмæ хæларзæрдæдзинады тыххæй фаг æмæ аккаг ныхæстæ ничи ссардзæн. Йæ чысылæй фæстæмæ йæ бæллиц уыд æфсæддон суæвын æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. 2014 азы каст фæцис Мæскуыйы уæлдæр иумиагæфсæддон командон ахуыргæнæндон, уыд хистæр лейтенант, командир. Куыста РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады, службæ кодта Цхинвалы Уæрæсейы 58-æм армийы æфсæддон базæйы, куыста Дзæуджыхъæуы фистæгæфсады, хайад иста Сириаг-Арабаг республикæйы хæстон архайдтыты. Æцæг æфсæддонмæ цы миниуджытæ хъуамæ уа, уыдон æппæт дæр уыдысты Энвермæ. 2022 азы 7 апрелы Донецкы иу карз тохы уæззау цæф фæцис. Цалдæр мæйы æфсæддон дохтыртæ тох кодтой Энверы цард бахъахъхъæныныл, сарæзтой йын цалдæр уæззау операцийы, слæууыд йæ къæхтыл. Хъуыдис ма йæ иу операци, «фæстаг»… фæлæ йæ йæ фæллад организм нал сфæрæзта æмæ цардæй ахицæн 28 октябры. Энверыл цыдис 30 азы. Хорзæхджын æрцыд УФ-йы æмæ РЦИ-Аланийы уæлдæр паддзахадон хорзæхтæй.

Кокойты Аидæ, Паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы архивы редактор

— Ирыстоны историйы арф фæд чи ныууагъта, уыдоныл ахъуыды кæнгæйæ фыццаг мæ зæрдыл æрбалæууы Хуыбылты Валери. Уый нæ паддзахады арæзтмæ, хæдбардзинадмæ бахаста егъау хайбавæрд. Гуырдзиаг агрессийы фыццаг бонæй фæстæмæ хæстон архайдтыты активон хайад чи иста, уыдонæй иу уыд Валери, цыран равдыста хъæбатырдзиад. Уый æппæт тыхтæй тырныдта хихъахъхъæнынады æппæт къордты архайдтыты консолидацимæ, кæцы ахъаз уыд знаджы ныхмæ фидар фæлæууынæн. Йæ цыбыр царды Хуыбылты Валери хуымæтæг цхинвайлаг лæппуйæ ссис Кавказы зынгæ политикон æмæ æфсæддон архайæг, цыфæнды конфликты рæстæджы дæр архайдта йе ’рбæстон кæныныл. Горæты-иу рухс куы ахуыссыд, уæддæр-иу адæм дзырдтой: «Кæд Хубул исты саразид». Ахæм хъайтартæ не ’хсæн куынæуал вæййынц, уæд фæныфссаст вæййæм. Йæ хъуыдытæ, йæ ныхæстæ се ’ппæт дæр уыдысты Ирыстоныл. Фидарæй мæ уырны æмæ ма йын иу гыццыл цæрын куы бантыстаид, уæд йæ райгуырæн Ирыстонæн фылдæр хæрзты бацыдаид.

Бибылты Мальвинæ, витражыл нывгæнæг

— Царды мæхæдæг зонгæ кæимæ уыдтæн, уыдонæй æз рахицæн кæнин Джуссойты Иналы (Беге). Уый уыдис курдиатджын нывгæнæг, этнограф, лæмбынæг ах-уыр кодта æмæ зыдта нæ культурæйы рæзты бæрæг моменттæ. Куыд адæймаг, æцæг хæлар, афтæ Бегейы хуызæн адæймæгтæ стæм ис нæ горæты, уый уыдис хуымæтæг, хæларзæрдæ, уарзæгой. Адæймаг йемæ ныхас кæнгæйæ никуы сфæлмæцыдаид. Бирæ зынгæ адæймæгтæ уыдис Ирыстоны, кæцытæ сæ фæстæ ныууагътой хорз ном, фæлæ æз сæрыстыр дæн Джуссойты Иналимæ лæгæй лæгмæ зонгæ кæй уыдтæн, уы-мæй.

Хуыбиаты Людмилæ, нæ горæты цæрæг

— Ирыстоны историйы йæ ном кæмæн баззад, уыдонæй æз рахицæн кæнин Гаглойты Рутены. Алы фадыджы дæр йæ ном уыд хъуыстгонд, уыд ахуыргæнæг, поэт, публицист, инженер, æхсæнадон архайæг, революционер. Ирон адæмы æнусон бæллиц, ома, дыууæ Ирыстоны баиу кæнын, сæххæст кодта Рутен, сарæзта проект Зæрæмæг-Уанелы фæндагæн. Æмæ царды фæндаджы фæрцы гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы сæрæгасæй аирвæзтысты мингай адæймæгтæ. Æппæт тыхтæй архайдта йæ Ирыстонæн æмæ йæ ирон адæмæн лæггад кæныныл, фæлæ, хъыгагæн, йæ фæндтæ кæронмæ йæ къухты нæ бафтыдысты.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.