Сланты Алымбег, Къохаты хъæуы цæрæг:

— Ног хабæрттæ бакæсын нæ ирон газет «Хурзæрин»-ы, афтæ ма сæ фехъусын бынæттон телерадиокомпани «Ир»-ы фæрцы. Курæг дæн нæ уацхæсджытæй, цæмæй фылдæр æрмæг фыссой хъæууон фæллойгæнджыты цардыл æмæ сæ проблемæтыл.

Хаситы Аринæ, горæты цæрæг:

— Интернеты хызæджы информаци уайтагъд кæй фæзыны, уымæ гæсгæ фылдæр хатт ног хабæрттæ бакæсын информацион агентад «Рес» æмæ Фейсбукы къордтæй сæ иу — «Южная Осетия»-йы сайттыл. Иуæй-иу журналисттæ информаци базоныны тыххæй бынатмæ бацæуын фæзивæг кæнынц æмæ сын сæ халдихтæ райсынц æндæр сайттæй. Цымыдисондæр уаид чысыл-иу сæ куы фæивиккой æмæ-иу сæ афтæмæй куы мыхуыр кæниккой.

Гобозты Олеся, ахуыргæнæг:

— Сæрибар рæстæг мын бирæ кæй нæй, уымæ гæсгæ ног хабæрттæ, бакæсын интернеты хызæджы Инстаграмы мæм цы къордтæ ис, уыдонæй сæ иу — «ЧП Цхинвал»-ы. Газет «Хурзæрин» дæр рафыстон, фæлæ къуырийы дæргъы æрттæ хатты йедтæмæ кæй нæ цæуы, уымæ гæсгæ информаци афæстиат вæййы.

Гæззаты Виктория, ХИПУ-йы политологи æмæ социологийы кафедрæйы ахуыргæнæг:

— Æз æууæндын æрмæстдæр официалон дзыллон информацийы фæрæзтыл. Интернеты хызæгты алыгъуызон къордтæн сæ иуæй-иуты вæййы мæнг информаци. Кæсын æрмæстдæр агентад «Спутник»-ы æрмæджытæ. Уымæн æмæ дзы кæддæриддæр вæййы раст, бæлвырд информаци.

Туаты Аланæ, Цъинагары хъæуы æвзонг цæрæг:

— Информаци кæсын ирон æвзагыл кæй уарзын, уымæ гæсгæ рафыстон газет «Хурзæрин» — мадæлон æвзагыл мыхуыры иунæг фæрæз. Кæд къуыри æртæ хатты йедтæмæ нæ цæуы, уæддæр æм æнæрхъæцæй фенхъæлмæ кæсын.

Кокойты Вадим, таксист:

— Мæ боны фылдæр хай машинæйы кæй æрвитын, уымæ гæсгæ информаци базоныны тыххæй æрмæстдæр байхъусын бынæттон радио «Ир»-мæ.

Кокайты Зæринæ