Рагфыдæлтæй фæстæмæ нæ фарсмæ цæры куыдз æмæ у адæймаджы иузæрдион хæлар, куы бахъæуа, уæд та — æххуысгæнæг. Хъахъхъæны нын нæ цæрæнуат, фыййæуттæн та сæ фос, милицийæн фыдгæнджыты агуры, рæмудзæн æрмæг æмæ наркотиктæ. Уæдæ ахуыргæндтæ куыйтыл дæр бирæ фæлварæнтæ фæкодтой, уыдоны руаджы ныртæккæ бирæ низты ныхмӕ хос фӕзынди.

Цалынмæ куыдзӕн хицау ис, цалынмæ йæ уый дары, уæдмæ ӕхсæнадӕн тӕссаг сырд нӕу. Фæлæ вæййы афтæ дӕр, куыдз хицауы нал фæхъæуы. Апайда дзы кæны куыд дзаума æмæ йæ раппары уынгмæ. Гъеуӕд куыдз свӕййы фыдбылызхӕссӕг.

Дзæгъæл куыйтæ нæ горæты кæцы фæнды районы дæр бирæ сты. Ӕххормаг кӕй ӕййафынц, уый тыххӕй арæх хъыгдарынц уынгты цæуæг адæмы, уæлдайдæр сывæллæтты. Хатт уынгмæ æдæрсгæйæ нæ рахиздзынæ — дзæгъæл куыйтæ адæммæ лæбурынц. Вæййы ахæм цаутæ дæр рынчындонмæ кæй бахауынц. Бахъæуы сын саразын цалдæр судзины куыдзы хæсты ныхмæ, фыццаджыдӕр ӕрранизы ныхмӕ.

Мæхæдæг дæр уыдтӕн ахæм уавæры, изæрдалынгты дуканийæ хæдзармæ цыдтӕн, ӕмӕ кæрты, нӕ тӕккӕ дуаргæрон, машинæйы алыварс баййæфтон куыйты дзуг. Ӕцӕг дзуг, фараст куыдзы! Мæн ауынгæйæ цалдæрӕй ралыгъдысты ме’рдæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, ӕз фæстæмæ аздæхтæн, дæрддзæф ӕрлæууыдтæн, цалынмæ апырх сты, уæдмæ. Ахæм уавæры нæ горæты цæрджытæй бирæтæ бахауынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, раппæлинаг уавæр нæу.

Ӕнæхицау куыйтæн сӕ рӕйд, уӕлдайдӕр ӕхсӕвы, адæмы тынг хъыгдары. Уымæй уæлдай ма куыйтæ уынгты брондæттӕ скалынц æмæ сæ ныппырх кæнынц. Уынгты сыгъдӕгдзинад уымӕй хуыздӕр кӕцӕй кӕны.

Уæдæ комкоммæ кæмæ хауы ацы уавæр, уыдон æм цæуылнæ сæ хъус дарынц. Ӕппын ацы уавæрæн аскъуыддзаггæнæн нæй, æви? Хорз уаид мӕ фарстайӕн горӕты администрацийӕ дзуапп райсын.

***

Хæцгæ низтæй сæ тæссагдæртæй иу у æрраниз, уымæн æмæ адæймагæн халы йæ нуæртты системæ æнæхъæнæй дæр. Ацы низы вирусхæссæг сты куыйтæ æмæ гæдытæ, афтӕ ма хъæддаг сырдтæ. Рынчын цæрæгой адæймагыл фæхæцыд, æрмæст уый нæу тæссаг, гыццыл цъæррæмыхст буарыл куы уа, æмæ рынчын цæрæгойы сæт ууылты организммæ бахауд, зӕгъгӕ, уӕд уый ноджы тӕссаг дӕр у.

Ӕрранизæй рынчын куыйтæ хæринагæй сæхи дард фæласынц, нынкъард вæййынц, тæрсынц донæй, цасдæр рæстæджы фæстæ сæзнæт вæййынц æмæ райдайынц лæбурын. Уæлдай тæссаг у, рынчын цæрæгой адæймагæн йӕ цæсгомыл кæнæ хъуырыл куы фӕхӕца, къаддæр тæссаг та — хæст къахмæ куы ‘рцæуа.

Адæймагыл æрраниз куы бахæцы, уæд фенкъард вæййы, æхсæв фынæй нал фæкæны, хæрын æм нал фæцæуы. Уый фæстæ сызнæт вæййы, буар æлхынцъытæ кæнын райдайы, донæн йæ уындæй дæр тæрсы. Уый фæстæ йæ паралич ныццæвы æмæ 3-8 бон куы рацæуы, уæд амæлы.

Цы хъæуы аразын куыдз куы фӕхӕца, уӕд? Фыццаджыдæр ӕй хъæуы дзæбæх сапонæй æрыхсын. Дыккаджы та йын йæ алыварс хъæуы спиртæй æрсæрфын. Уый фæстæ хъæуы дохтырмæ ацæуын.

Цæрæгой кæуыл фæхæцыд, уыдон æнæмæнг хъуамæ саразой æрра низы ныхмæ судзин, æрмæстдæр æй уый бахъахъхъæндзæн.

ÆЛБОРТЫ Агуындæ