Ивгъуыд æнусы кæрон æмæ ног æнусы райдианы Ирыстон хуссары дæр æмæ цæгаты дæр бирæ фыдæвзарæнтæ бавзæрста. Дыууæрдыгæй дæр йæ зæххыл сыгъдысты хæстыты æртытæ æмæ дзы сыгъдысты йæ равзаргæ хъæбултæ. Æмæ йын, цыма, уыдон фаг нæ уыдысты, уыйау ног æмæ ног трагедитæ: Беслæн, Хъæрмæдон, Хахет, Ручъы æфцæгыл миты зæйластытæ… цыбыр рæстæгмæ ахæм уæззау хъизæмæрттæ бавзарын чысылнымæц адæмæн тынг зын сфæразæн уыдысты. Фæлæ сын сфæрæзтам, зæрдæйы хорзæх æмæ уды фидардзинад æвдисгæйæ.

Хахет… Нæ адæмы судзагдæр, дудагдæр ристæй сæ иу. Уæвгæй, алы фыдбылызмæ дæр æнхъæлмæ кæсæн уыд, фæлæ Дзауы районы бæрзонддæр æмæ дæрддагдæр хъæутæй сæ иу уал-дзæджы ирд, райдзаст боны уысмæн сыджыты хъæлæсы аирвæза æмæ йæ цæрджытæн уысмæн æфсымæрон ингæн суа, уый æнхъæл та чи уыд. Æвæццæгæн, алцæмæй дæр хи бахизæн вæййы: хи бахизæн вæййы митзæйтæй; не ‘рцыдаид трагеди Хъæрмæдоны, Хъолайы цъитимæ хъусдард куы уыдаид, уæд; хи бахизæн уыдис террористтæй дæр æмæ не ‘рцыдаид Беслæны трагеди. Уæдæ адæмты ‘хсæн дæр æрвонг зонд куы уæлахиз кодтаид, уæд нæ райтынг уыдаиккой хæстытæ.

Гъе, фæлæ куыд, цы амалæй бахызтаиккой сæхи чысыл, хæххон Хахеты хъæуы цæрджытæ, бонсихорафон растдæр сæ къæхты хæдбынæй чи февзæрд, уыцы стыр æнамонддзинадæй? Чи сæ хъуамæ бафæдзæхстаид уæд, 1991 29 апрелы 13 сахат æмæ 15 минутыл сæ къæхты бын зæхх кæй нызмæлдзæн, нынкъуысдзæн, сæ хъæу стыр зæххæнкъуыстæн йæ эпицентры сæр кæй ис, удæгасæй сыджыт лæсæны бын кæй фæуыдзысты, уымæй.

Æмæ цард фæивта. Фæивта Теделетгомæн, æгас Хуссар Ирыстонæн. Рæстæджы йæ адæм барын райдыдтой зæххæнкъуысты размæ æмæ йæ фæстæйыл, гуырдзиаг-ирон хæсты аххосæй йæ хæсты размæ æмæ йæ фæстæ рæстæгыл куыд дих кæнын райдыдтой, афтæ. Хахеты хъæу æмæ йæ цæрджытæ та цы? Уыдоны уый сæр нал бахъуыд. Уыдонæн сæ рæстæг уыдис зæххæнкъуысты агъоммæ, йæ фæстæ рæстæг сын сау тары уысмæн аныгъуылд æмæ йын нал ис барæн, нал æй ис амæттæгтæй барæг. Æрмæстдæр ма сын кæм чи цард, уыцы æввахс хиуæттæн æмæ æгас ирон адæмæн дæр судзгæ хъæдгомæй баззадысты сæ зæрдæты. Хахет амард, бацарæфтыд æмæ ахæм æнусон хъæдгомæй баззайдзæн Ирыстоны удæгас буарыл.

Хахеты трагеди уæлдай уæззаудæр хъизæмæрттæ бавзарын кодта, ацы хъæубæстæй ма чи аирвæзт, уыдонæн. Ахæм амондджын хъысмæты хицæуттæ дæр дзы куыннæ разынд: чи хъæуæн æддейæ йæ зæххы фадыг хуым кодта, чи хъæды уыд, чи та – бæлцуаты. Фæлæ.. Рацу дæ хæдзарæй æмæ кæдæм бацæуай, уый дын мауал уæт, мауал ахæсс дæ цæст, кæм хъомыл кодтай, цардæн йæ хæрзтæ æмæ йæ фыдтæ дæр цы уæзæгыл æвзæрстай, ууыл, мауал схæцæт дæ цæст дæ хъæубæстыл, дæ сыхæгтыл. Æниу æрмæст сыхæгтæ цæмæн уыдысты. Уыдон кæрæдзийыл баст уыдысты тугхæстæгдзинадæй дæр. Бæззатæ æмæ дзы Гæджиты мыггæгтæ цардысты. Цæвиттон, уым, хохзæйы бын, Бæззаты мыггаджы иу фыдыфыртæй фесты æвддæсæй…

Ахæм стыр æнамонддзинадæй хуыцау бахызта Теделетгомы иннæ хъæуты, фæлæ уæддæр æвыдæй нæ аирвæзтысты – ныппырх сты сæ хæдзæрттæ, скъолатæ, æндæр бæстыхæйттæ. Фæлæ Хахеты хабар фехъусгæйæ, адæм фæдисы лыгъдысты ардæм, цæмæй ма исты уæддæр баххуыс кодтаиккой сæфт адæмæн. Сæ бон ма æрмæстдæр цы бацис уый – иу адæймаджы мард буар ссарын. Цы буары хæйттæ ма-иу ссардтой, уыдон ныгæдтой иу ингæны…

Ардæм тагъдыл æрцыдысты ахуыргæндтæ Японæй, Мæскуыйæ. Æрцыдысты ирвæзынгæнджытæ дæр, фæлæ ма уыдонæн дæр цы хъуамæ  бауыдаид сæ бон.

Ам æвæстиатæй хъуыд æндæр фарст скъуыддзаг кæнын – сæрæгас чи баззадысты, комбæсты уыцы цæрджыты æнцой фæлæууын. Æмæ уыцы хæс йæ бон цас уыд, уымæй æххæст кодта нæ уæды областы разамынад. Хæст йæ тæккæ карзыл куы уыдис, адæм уæззау хъизæмæрттæ куы æвзæрстой, уæд ма сæм æрбафтыд ацы æнамонддзинад дæр.

Æрмæст Теделетгом нæ бавзæрста зæххæнкъуысты фыдбæллæх. Ныппырх Дзауы райцентр. Куыд ацы районы, афтæ иннæ районты хъæуты цæрджытæй дæр бирæтæн сæ хæдзæрттæ нал  сбæззыдысты  цæрынæн. Ахæм уæззау уавæрты Теделетгомы цæрджытæ се ‘намонддзинады сæхи иунæг не ‘нкъардтой. Цхинвалы цы вертолетон æфсæддон хай уыдис, уый æххуысæй ардæм организаци æрцыдысты вертолетон рейсытæ.

– Адæм схъомпал сты, цы фæуыдаиккой, уымæн ницыуал зыдтой, схæццæ, сæмтъеры сты, – æрымысы стыр хъыгзæрдæйæ Синагуры астæуккаг скъолайы директор Бестауты Аркъади.

– Архайдтой ацы фыдбылызы бынатæй искуыдæм фæлидзынмæ. Сызнæт сты. Афтæ сызнæт сты фос дæр æмæ ма-иу сæхи æрбаппæрстой, адæм кæм уыдысты, уыцы ранмæ. Зæххы бынæй иу цавæрдæр æнахуыр уынæр хъуысын куы райдыдта, уæд адæмæн сæ тас дывæр кодта, ногæй та куы нынкъуыса зæхх æмæ æдасдæр ранмæ сæхи æппæрстой.

Зæгъынц, зæгъгæ, куыйтæ, гæдытæ, хилджытæ развæлгъау базонынц ацы хабар. Æмæ, æцæгдæр, ам æввæхсты уыдонæн фенæн нал уыдис. Æндæр æмæ æндæр хуыз хилджыты мæрдтæ фенæн уыд зæйуаты бынæтты – æвæццæгæн сын нал бантыст сæхи бахизын…

Цард уæддæр цард у. Сæрæгасæй чи баззадысты ацы комы цæрджытæй, уыдон кæд стыр фыдæвзарæны ныххаудысты, уæддæр чи бабын сты, уыдоны рухс нæмтты раз сæ хæс фыстой. Цыдысты, Хахет цы хохсыджыты бын фæцис, уырдæм æмæ сæм бынмæ дзынæзтой, сæ цæссыджы хай сын хæлар кодтой. Ардæм цыдысты алы æмæ алы рæттæй æмæ сæхи цæстæй уыдтой, Иры зæххыл уæдмæ чи никуы ‘рцыд, ахæм æнамонддзинад. Æндыгъд уавæрмæ нæ кæсгæйæ, ардæм цыдысты гуырдзиаг Сачхерейы районы хъæуты цæрæг хуымæтæг адæм дæр æмæ кæугæ, цæссыгкалгæ здæхтысты фæстæмæ…

Ирыстоны  судзгæ  рис  –  Хахет

Хахеты трагедийы амæттæгтæ баисты: Бæззаты Маруся, Бæззаты Петр, Бæззаты Вова, Бæззаты Фрося, Бæззаты Валери, Бæззаты Виленæ, Бæззаты Эллæ, Бæззаты Эммæ, Бæззаты Омар, Бæззаты Асиат, Гæбæраты Людмилæ, Бæззаты Ацæмæз, Бæззаты Гаврил, Бæззаты Зарæ, Бæззаты Жаннæ, Бæззаты Вандæ, Бæззаты Джумбер, Бестауты Соня, Бæззаты Оксанæ, Бæззаты Эльбрус, Бæззаты Аленæ, Бæззаты Алвинæ, Бæззаты Лаврент, Бæз-заты Еленæ, Бæззаты Елисо, Бæззаты Ксеня, Гæджиты Эдуард, Гæджиты Абула, Гæджиты Тикъо, Гæджиты Эльмæ, Гæджиты Иван, Гæджиты Наирæ, Гæджиты Роберт, Гæджиты Гамлет, Гæджиты Иринæ, Гæджиты Дуся, Гæджиты Тинæ, Гæджиты Варя, Гæджиты Евразия, Цхуырбаты  æмæ  Гæджиты Елизаветæ.

Æдæппæт 41 адæймаджы. Сæ иууыл кæстæрыл цыдис фараст мæйы, иууыл хистæрыл та – 84 азы. Иу стæмтæй дарддæр иууылдæр – сабитæ, æвзонг адæймæгтæ, цæрынхъуæгтæ…

Рухсаг у, Хахет, дæ зæйласт цæрджытимæ…

                                                                                                     БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.