Джиоты Юри, горæт Цхинвалы администрацийы цур цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады управленийы сæргълæууæджы хæдивæг.

— О, нæ горæты дзæгъæл куыйтæ кæй сбирæ сты, уый стыр проблемæ у. Куыд махмæ, афтæ горæты администрацимæ дæр цæрджытæ хæссынц куырдиæттæ. Адæммæ лæбурынц, хæцгæ дæр сыл фæкæнынц — ахæм цаутæ бирæ. Сæ ныхмæ ист цæуы мадзæлттæ. Нæ бон нæу се ’ппæты скуынæг кæнын — бæрæг аххосæгтæм гæсгæ. Зымæджы æрбалæудимæ уыцы проблемæ бæрæг фæзындæр вæййы, уымæн æмæ æввахс хъæутæй горæтмæ куыйтæ хæринагагур цæуын райдайынц. Ног азæй нæ хъуыдыйы ис дзæгъæл куыйтæн сæрмагонд бынæттæ (приюттæ) саразын. Ахсджиаг у æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæнын, цæмæй сæм уа æмбæлон æркаст. Уавæрæй спайда кæнгæйæ мæ фæнды нæ горæты цæрджытæм бахатын, цæмæй уæлдай хатт сæ куыйты уынгмæ иунæгæй ма уадзой.

Бестауты Ларисæ, «Цæгаттаг» микрорайоны цæрæг.

— Дзæгъæл куыйтæ уынгты кæй сты, уый мæгуырау у. Размæцыд бæстæты, уыцы фарст æнцон скъуыддзаггæнæн у. Нæ районы бирæнымæц æнæхæдзар куыйтæн цæрджытæн сæ бон куыд у, афтæ сын бахæрын кæнынц, фæлæ уæддæр æххормаг вæййынц æмæ бирæ хатт сæхимидæг схыл вæййынц. Æрæджы микрорайоны цæрджыты номæй фыстæг арвыстам уагдонмæ, фæлæ дзуапп нæма ис. Куыйтæ кæд адæммæ нæ лæбурынц, уæддæр сæ тæрсынц. Фæзæгъынц, зæгъгæ, дам, куыдзыл æууæнк нæй, уæлдайдæр æххормаг куыдзыл.

Хъæцмæзты Арсен, скъоладзау.

— Нæ мæ фæнды, цæмæй куыйты марой, тынг тæригъæд сты. Нæ сыхы цы куыйтæ ис, уыдон адæмыл тынг ахуыр сты, никæуыл хæцынц. Фæлæ мыл уынджы куы амбæлынц, уæд сæ фæтæрсын, иу хатт мыл дзы сæ иу хæцгæ дæр фæкодта.

Санахъоты Светланæ, медицинон хо.

— Мæ зæрдæ тынг фæриссы, цæрæгойты æнæркастæй куы фенын, уæд. Мæ бон куыд у, афтæ сын æххуыс кæнын хæрдæй дæр æмæ хостæй дæр. Саразын сын прививкæтæ, капельницæтæ, стерилизаци. Фæлæ се ’ппæтыл кæцæй аххæсдзынæн. Курæг дæн нæ хицауадæй, цæмæй сын исты мадзæлттæ райсой. Фидарæй мæ бон у зæгъын æмæ æнæхæдзар куыйтæм чи зила, ахæм адæм дзæвгар ис нæ горæты. Ис мын дохтыр хæлæрттæ Цæгат Ирыстонæй, кæцытæ разы сты цæрæгойты стерилизаци кæныныл, прививкæтæ сын аразын æмæ сыл уый фæстæ биркæтæ бакæнын. Адæмы ‘хсæн ахæм куыдз тæссаг нал уыдзæн.

Хъæцмæзты Руслан, нæ горæты цæрæг.

— Мæ хъуыдымæ гæсгæ уынгты дзæгъæл куыйты хъæуы скуынæг кæнын. Куыдз кæй хъæуы, уый йæм хъуамæ кæса æмæ адæмы уæлдай хатт ма тыхсын кæной. Сæ рæйынæй æхсæв нæ лæууынц æмæ адæм хъаст кæнынц. Æхсæв цæрджытæ сæ брæттæ рахæссынц æмæ сæ фæндæгтыл æрæвæрынц. Райсоммæ сæ куыйтæ ныппырх кæнынц æмæ уынгты бронæй ахизæнтæ нал вæййы.

КОКАЙТЫ Зæринæ