Гаглойты Багир, ХИПУ-йы инженерон-экономикон факультеты хистæр ахуыргæнæг.

— Зæронд хиды тыххæй сæрмагонд къамисæн арæзт æрцыд рабадт, цыран актмæ гæсгæ хид нымад æрцыд аварионыл. Фыццаг уыдтæн хид бахъахъхъæныны ныхмæ, фæлæ ныр мæ хъуыды фæивтон. Уымæн æмæ дзы фæзынд дзæвгар проблемæтæ. Цæгатирыстойнаг фирмæ «Геоинжиниринг»-ы экспертты фæстаг хатдзæгтæм гæсгæ хид у аварион. Уыдон инструменталон æгъдауæй ауагътой фæлварæнтæ. Сарæзтой ультра-звук, рентгенозвук, ома, бетон цас уæз уромы æмæ афтæ дарддæр. Экспертты хатдзæгтыл разы дæн æз дæр.

Танделаты Дианæ, ныййарæг.

— Зæронд хид ныртæккæ æхгæд кæй у, уымæй пайда кæнынмæ æрхъавыдысты таксисттæй бирæтæ. Мæ сывæллоны кæнын спортивон комплекс «Олимп»-мæ. Æнæмашинæ ныййарджыты бахъæуы сæ сывæллæтты таксийыл бон дыууæ хатты æрвитын. Горæты таксийы аргъ кæд 100 сомы у, уæд «Олимп»-ы онг та исынц 150 сомы, зæгъгæ, дам, горæты æддейæ у комплекс æмæ нæ дæрдтыл зилын хъæуы. Уымæ гæсгæ ацы фарст тынг тыхсын кæны ныййарджытæй бирæты. Хорз уаид, рæстæгыл скъуыддзаг куы æрцæуид.

Тыбылты Ингæ, филологон зонæдты кандидат, доцент.

— Уый у нæ горæты истори æмæ йæ хъæуы бахъахъхъæнын. Фыццаджыдæр уый тыххæй, æмæ хæсты дуджы, ома 1989 азы нæ райгуырæн бæстæйы, ирон æвзаг бахъахъхъæныны тыххæй нæ лæппутæ ахызтысты ацы хиды сæрты. Сомбоны фæлтæрæн уыдон амонын хъæуы æмæ сын цæстуынгæйæ уынын кæнын ацы хидыл 1937 азы кæй цыдысты нæ интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттæ, 13 коммунары дæр ацы хидыл акодтой марынмæ. Æмæ бирæ ахæм цæвиттонтæн ис æрхæссæн. Уыцы хабæрттæн рохгæнæн нæй. Згъудеры дзуаримæ нæ иу кæны ацы хид. Æмæ, чизоны, уыцы бастдзинад æнæхъуаджы нæу. Мæ фæндон у, цæмæй ацы хид, гæнæн уæвгæйæ, хъахъхъæд æрцæуа.

Кокойты Давид, фæндагаразæг.

— Ахæм зæронд проекттæ æндæр бæстæты цæстыгагуыйау хъахъхъæнынц, уымæн æмæ сын сæ ис-тори зынаргъ у. Дзæвгар хатт уыдис донивылд дæр, фæлæ хиды бындурыл зынгæ дæр ницы фæкодта, уымæн æмæ раздæры арæзтæдтæ фидардæр сты. Уæзласæн маши-нæтæн æхгæд куы æрцæуид, уæд фылдæр фæлæууид. Хъæуы йæ срæсугъд кæнын, æндæр дзы ницы цухдзинад уынын.

Хъуылымбегты Зæрæда, горæты цæрæг.

— Зæронд хиды тыххæй æцæгæй дæр йæ зæрдæ кæмæн риссы, уыдон арæх æрæмбырд вæййынц хиды цурмæ. Уыцы адæмы фарсмæ балæууыдтæн æз дæр. Ацы хидимæ мысинæгтæ кæмæн нæй нæ горæты, ахæмтæ стæм сты. Мæ ныййарджытæ цы горæты райгуырдысты æмæ схъомыл сты, уый мæнæн дæр тынг адджын у. Тынг мæ фæнды, цæмæй нæ горæты иу объект уæддæр бахъахъхъæна йæ раздæры хуыз. Зæронд хид у Хуссар Ирыстоны культурон-историон исад æмæ хаст уыд Советон Цæдисы ахæм цыртдзæвæнты реестрмæ. Закъонмæ гæсгæ та уымæ нæй æвналыны бар. Хæлд цæуы нæ республикæйы горæтарæзтады кодекс.

Тедеты Татьянæ, фаллаг фарсы цæрæг.

— Мæ хъуыдымæ гæсгæ зæронд хид хъæуы бахъахъхъæнын, мæхи зæрдæмæ дæр тынг цæуы ууылты тезгъо кæнын. Фæлæ уый ныридæгæн фаллаг фарсы цæрджытæн æвзарын кæны проблемæтæ. Хид кæй сæхгæдтой, уый тыххæй нæ фæндаг у дæрдтыл.

Кокайты Зæринæ