Сабитæ нæ фидæн, нæ цард рæсугъдгæнæг, царды сæйрагдæр æмæ ахсджиагдæр нысан. Уыдонæн хъуамæ уа æппæт дæр, сæ сабибонтæ хъæлдзæгæй æмæ амондджынæй  цæмæй æрвитой, уый тыххæй. Уадз, уыдонæй алкæйы зæрдæйы дæр уæд æнæкæрон райдзаст æнкъарæнтæ, сæ сабибонты мысинæгтæ уæд сæууон хурау ирд æмæ райдзаст.

Ахæм хъуыдыйыл хæст у сывæллæттæн аргъæуттæ фыссæг   Джыккайты Бэллæ дæр. Ныр дæс азæй фылдæр кæны сфæлдыстадон куыст æмæ йын абоны онг бантыст   æхсæз чиныджы мыхуыр рауадзын. Уыдонæй сæ иу – «Тулдзхъæды сусæгдзинад» – рацыд мыхуыры æрæджы.  Чиныджы презентаци уагъд æрцыд 1-æм июны сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон боны, Ахуырад æмæ культурæйы уæрæсейаг центры. Мадзалмæ хуынд æрцыдысты ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим, ХИПУ-йы политологи æмæ социологийы  кафедрæйы сæргълæууæг Санахъоты Инал, ХИПУ-йы ацы кафедрæйы лектор Æлборты Динæ, уырыссаг æвзаджы кафедрæйы ахуыргæнæг Тедеты Залинæ, «Россотрудничество»-йы къухдариуæггæнæг Михаил Степанов, горæты скъолаты ахуыргæнджыты, ахуыргæнинæгты æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Мадзалы райдианы Тедеты Залинæ цыбыртæй æрдзырдта Джыккайты чызджы сфæлдыстадон куыстыты тыххæй æмæ загъта, Бэллæ кæй у Джусойты Нафийы литературон премийы Кады грамотæйы хицау, уый фæстæ та йын лæвæрд æрцыд æртыккаг бынат.

Йæ раныхасы Михаил Степанов банысан кодта, презентаци кæй у Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон боны цытæн уагъдцæуæг мадзæлттæй сæ иу. Уый арфæ ракодта Джыккайты Бэллæйæн æмæ загъта: «Абон рухсмæ рацыд курдиатджын аргъаугæнæг Джыккайты Бэллæйы  аргъæутты ног чиныг «Тулдзхъæды сусæгдзинад». Куыд иннæтæ, афтæ та ныр дæр чиныг у билилингвалон, уымæ гæсгæ рæзгæ фæлтæрæн уыдзæн ахсджиаг бæрæгбонон лæвар. Мах, хистæр фæлтæр, нæ сабибонты цы аргъæуттæ кастыстæм æмæ уарзтам, уыдон нырыккон сабиты зæрдæмæ, æвæццæгæн,  уадиссаг нæ цæуынц. Нырыккон аргъæуттæ фысджытæ та, хъыгагæн сты хæрзцъус. Бэллæ йæхимæ цы хæс райста, уый у актуалон æмæ йын мах хъуамæ кæнæм аккаг аргъ»,- загъта Михаил Степанов.

Тедеты Залинæ банысан кодта аргъаугæнæджы адæймагон хорз миниуджытæ, йæ цæст ын бауарзта дарддæры æнтыстыты фæндиæгтæ. Уый ма банысан кодта, ног чиныджы мидис сабитæн кæй у ахсджиаг. «Бэллæйы аргъæутты персонажтæ сты дыууæгъуызон  хæрзиуæгджын æмæ фыдæхыл хæст, фæлæ автор бæстонæй бавнæлдта æмæ ирдæй равдыста, уæлахизмæ фæндаг æрмæсттæр кæй ис иудзинад æмæ хæрзиуæджы хъуыддæгтæ аразгæйæ», – загъта уый.

Æлборты Динæ йæ раныхасы банысан кодта, Бэллæ йæ чиныджы ирдæй кæй равдыста, уарзондзинад, хæлардзинад, бæрндзинад æмæ сæйраджыдæр та иудзинад кæй сты ахсджиагдæр æмæ сæйрагдæр æргъадтæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, чиныг æххæст кæны хъомыладон хæс, æмæ рæзгæ фæлтæрæн ахъаз фæуыдзæн хæрзиуæгон хъуыддæгтыл цайдагъ кæнынæн, афтæ ма, хъыгагæн, не ‘хсæнады сæ ахадындзинад чи сафынц, уыцы æргъадтæ сæндидзын кæнынæн.

Санахъоты Инал банысан кодта Бэллæйы чингуыты ахсджиагдзинад рæзгæ фæлтæры хъомылады. «Нæ Ирыстон цы зындзинæдтæ бавзæрста, цы фыдфæлварæнты сæрты рахызт, уыдæттæ хынцгæйæ, ахæм позитивон уацмыстæ мыхуыр кæнын, æцæгæйдæр, у æнæмæнгхъæугæ», – загъта Санахъоты Инал.

ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим куыд загъта, афтæмæй нырыккон рæзгæ фæлтæрыл бæрзонд интернеты æндæвдад. Уымæ гæсгæ разы уый разы у, Джыгкайты Бэллæйы ирон мультипликацион анимацитæ саразыны фæндимæ. «Аргъæутты сæйраг мидис кæддæриддæр у хæлардзинад, æмæ сабитæ та уыцы миниуæг хъуамæ исой аргъæуттæ кæсгæйæ. Мæнæн тынг æхсызгон у, махмæ кæй ис Бэллæйы хуызæн сабитыл æнувыд аргъаугæнæг»

Презентацийы рæстæджы ма чиныджы тыххæй сæ хъуыдытæ загътой мадзалмæ æндæр æрбацæуджытæ дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Джыгкайты Бэллæ абоны онг цы аргъæутты чингуытæ рауагъта мыхуыры, уыдон се ‘ппæт дæр кæй ссардтой чысыл чиныгкæсджыты зæрдæтæм  фæндаг. Уый тыххæй йæ хъуыдытæ загъта 5-æм  къласы ахуыргæнинаг Дзæгъиаты Аланæ

Чиныджы автор Джыгкайты Бэл-лæ буныджы ныхæстæ загъта, чиныг мыхуыры рауадзыны йæм чидæриддæр йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кодта, уыдонæн. Уыдон та сты РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим, нывгæнæг-иллюстратор Æлборты Æхсæртæг, ХИПУ-йы политологи æмæ социологийы кафедрæйы  гæс Санахъоты Инал æмæ арæзтадон фирмæ «Ал-фазар»-ы генералон директор Хъотайты Рутен.  Уæлдай бузныджы ныхæстæ загъдæуыд «Россотрудничество»-йы къухдариуæггæнæг Михаил Степанов æмæ минæварады хистæр референт Нина Степановайæн, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæнады ‘хсæн бастдзинадтæ кæй фидар кæнынц, уый тыххæй.

Мадзалы кæрон хайадисджытæн се ‘ппæтæн дæр автор йæ къухфыстимæ балæвар кодта йæ ног чиныг.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.