Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг Хасигты (Хасигов) Сослан хорзæхджын æрцыд «За боевые отличия»-йы орденæй. 2022 азы 8-æм марты цæрæн пункт Шестованицамæ æввахс, хистæр лейтенант Хасигты Сослан уагъта развæдсгæрст цæугæ цæстдарæн пунктæй. Райсомы 7 сахатмæ æввахс, уый сбæрæг кодта Украинæйы Гарзджын тыхты артиллерион ифтонгад, кæцы æхста Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты позицитæ. Хасигты Сослан бынтон цыбыр æмгъуыдмæ радта раст координаттæ знаджы хæцæнгарз æмæ сæрмагонд сконды фондз адæймаджы тыххæй. Хистæр лейтенант Хасигты Сосланы оперативон архайдтыты фæрцы, УФ-йы Гарзджын тыхты сæрмагонд скондыл уды зиæнттæ не ‘рцыд.

***

Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путины барамындæй æфсæддон службæгæнæг Хуриты Георги хорзæхджын æрцыд Сыгъдæг Георгийы орденæй (4-æм къæпхæны Георгийы дзуарæй) Украинæйы уагъдцæуæг сæрмагонд æфсæддон операцийы равдисгæ æхсардзинады тыххæй.

***

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло капитан Томайты Тамерланы схорзæхджын кодта «Во славу Осетии»-йы майданæй. Сæрмагонд æфсæддон операцийы Томайы фырт хайад исы ныр аст мæйы дæргъы. Ацы майдан капитанæн у 17-æм хорзæх. Афтæ ма уый æхсæз хатты хайад иста Сирийы хæстон архайдтыты зонæйы.

Нæ уацх.