29 ноябры Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры уыд пресс-конференци РХИ-йы юстицийы министр Гаглойты Олегæн.

Уый журналисттæн радзырдта, фæстаг æхсæз мæйы дæргъы Юстицийы министрад æмæ йæ дæлбар ведомствойон организацитæ цы бакуыстой æмæ ныртæккæ цæуыл кусынц, уыдæтты тыххæй.

«Уыдис ахæм фарстатæ, кæцыты хъуыд æвæстиатæй аскъуыддзаг кæнын, уыцы нымæцы паддзахадон-æмбæстагон службæйы фарстатæ. Махæн проблемæтæ ис закъон æххæст кæныны хъуыддаджы. Иуæй-иу хатт закъон вæййы йæхи ныхмæ дæр, уый тыххæй йыл хъæуы бакусын», — загъта Гаглойты Олег.

Министр куыд бамбарын кодта, афтæмæй закъондæттынад фæаивдæр кæнын нысан кæны, раздæр, ома, закъоныл кусгæйæ цы рæдыдтытæ æруагъдæуыд, уыдон сраст кæнын. Уый цæвиттонæн æрхаста Хуссар Ирыстоны Æмбæстагдзинады кодекс.

«2015 азы ацы кодексыл куы куыстой, уæд æруагъдæуыд иуæй-иу цухдзинæдтæ. Хъыгагæн, уыцы цухдзинæдтæ ныры онг дæр раст не ’рцыдысты. Уыимæ ма фæзынынц æндæр рæдыдтытæ дæр æмæ сæ хъæуы сраст кæнын. Ныртæккæ кусæм уыдоныл. Фæлæ нормативон актты проекттæ цæттæ кæнынæн цъус рæстæг нæ хъæуы. Æмбæстагон кодексмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй проект Парламентмæ арвыстам августы мæйы æмæ æнхъæлмæ кæсæм, кæд æй райсдзысты, уымæ», — банысан кодта министр.

Министрад ныртæккæ кусы зæххы тыххæй закъондæттынад фæхуыздæр кæныныл. Арæзт уыд УФ-йы закъонмæ гæсгæ æмæ алы хатт дзуапп нæ фæдæтты Хуссар Ирыстоны домæнтæн. Уымæн æмæ Уæрæсейы закъондæттынады зæхх хисæрмагонд исадыл нымад у, Хуссар Ирыстоны та — нæу.

Министры ныхæстæм гæсгæ, бирæ бæстæты закъондæттынадтæ æрмæст кæрæдзийы æнгæс не сты, фæлæ ма сæ иуæй-иу статьятæ сты кæрæдзийы халдихтæ. Зæгъæн нæй, уый раст у, æви нæ. Фæлæ уымæ нæкæсгæйæ, Хуссар Ирыстоны территорийыл уæрæсейаг закъондæттынадæй арæхстгай пайда кæнын хъæуы, республикæйы спецификæ хынцгæйæ.

КЪОТЫРДЗИНАДЫ ЗАКЪОН

«Махмæ нæй къотырдзинады (банкротство) тыххæй закъон. Уый та нæ республикæйы æхсызгонæй хъæуы, уымæн æмæ нæм ис ахæм куыстуæттæ, кæцытæ ницы кусынц æмæ сæ хъæуы скуынæг кæнын. Фæлæ нæм къотырдзинады тыххæй закъон кæй нæй, уый аххосæй сæ нæ бон нæу скуынæг кæнын», — бамбарын кодта ведомствойы сæргълæууæг.

ПАРТИТÆ САРАЗЫНЫ ТЫХХÆЙ КУЫРДИÆТТÆ БАЛÆВÆРДТОЙ ЦЫППАР ОРГАНИЗАЦИОН КОМИТЕТЫ

«Абоны онг уал Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрадмæ парти саразыны тыххæй куырдиæттæ балæвæрдтой цыппар организацион комитеты. О, фæлæ сæ нырма регистрацимæ документтæ ничи балæвæрдта», — фехъусын кодта юстицийы министр Гаглойты Олег. «Октябры райдианы нæм регистрацигонд уыд фондз организацион комитеты, фæлæ уыдонæй „Аланийы патриоттæ“ учредительный съезд нæ ауагъта æмæ уый фæстиуæгæн документтæ махы онг не ’рбахæццæ сты. Парти саразын ма кæй фæнды, уыдонæй кæцыдæртæ акти-вонæй кусынц, чидæртæ та пассивон сты, фæлæ куыдфæндыйæ дæр Юстицийы министрад банхъæлмæ кæсдзæн сæ документтæм, æркæсдзыстæм сæм æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, срегистраци кæндзыстæм, документтæ æххæст кæмæн уой, уыцы партиты. Ныртæккæ республикæйы регистрацигонд ис авд политикон партийы. Парти саразыны тыххæй цыппар куырдиаты та Юстицийы министрады сты.

Афæдзы дыккаг æмбисы парти „Родина“ ликвидацигонд æрцыд, фæстаг æвзæрстыты хайад кæй нæ иста, уый аххосæй. Закъонмæ гæсгæ, партийæн йæ хæс у алы 5 азы дæр æвзæрстыты процессы хайад исын. Партийы лидерæн бамбарын кодтам, закъонмæ гæсгæ парти ликвидаци кæнын кæй хъæуы», — банысан кодта юстицийы министр.

Министр куыд радзырдта, афтæмæй йæ дæлбар ведомство кусы, æгусæг æнæкоммерцион æмæ æхсæнадон организацитæ сликвидаци кæныныл.

«Æнæкоммерцион æмæ æхсæнадон организацитæй бирæтæ нæ кусынц. Хыгъдтæ нæ дæттынц нæдæр Юстицийы министрадмæ, нæдæр Хъалонтæ исæн комитетмæ. Мах кусæм сæ ликвидацийыл. Æрæджы нæ сайтыл сæвæрдтам информаци, ликвидацимæ сæ чи, уыцы организациты тыххæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ республикæйы 200 организацийæ кусынц æрмæст 40.

РХИ-ЙЫ ЮСТИЦИЙЫ МИНИСТРАД ÆМÆ РОСРЕЕСТР СÆ КЪУХТÆ ÆРФЫСДЗЫСТЫ ÆМГУЫСТАДЫ ТЫХХÆЙ ДОКУМЕНТЫЛ

Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрад æмæ УФ Паддзахадон регистраци, кадастр æмæ картографийы федералон службæ (Росреестр) декабры æмбисы Мæскуыйы сæ къухтæ æрфысдзысты æмахастыты рæзт æмæ æмгуыстады документыл (дорожная карта).

«Уыцы документы фæлгæтты стыр куыст фæнд цæуы. Мах бузныг стæм Росреестры къухдариуæгад æмæ коллективæй, уæрæх спектры фарстаты нæ кæй консультаци кæнынц æмæ нын методологион æххæуыс кæй кæнынц, уый тыххæй», — загъта Гаглойты Олег.

ПАДДЗАХАДОН ÆМÆ ÆМБÆСТАГОН СЛУЖБÆГÆНДЖЫТЫ ТЫХХÆЙ СРАЗЫДЗИНАД

Гаглойты Олег радзырдта, паддзахадон æмæ æмбæстагон службæгæнджыты æмфинанскæнынады тыххæй сразыдзинад куыд æххæст цæуы, уыцы фарсты тыххæй.

«2001 азы Сразыдзинады ис цыппар пункты, уыдонæй нæм æртæмæ уыд фарстатæ æмбæлон нормативон-барадон базæ бацæттæ кæныны фæдыл. Уыдонæй дарддæр ма нæм фарстатæ уыд, оптимизаци кæнын кæй хъæуы, уыцы бирæнымæц паддзахадон службæгæнджыты тыххæй дæр. Фæлæ, хъыгагæн, куыст рæстæгыл нæ бакодтам», — загъта министр.

«Оптимизацийыл куы дзурæм, уæд нæм штатты тынг бирæ адæм ис. Зæгъæм, Цæгаткавказаг федералон окруджы иу мин адæймагмæ хауы 3,8 проценты паддзахадон æмæ æмбæстагон службæгæнæджы, нæ республикæйы та цифрæ у 36,4 проценты», — бамбарын кодта юстицийы министр.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй оптимизаци нæ сараздзыстæм Уæрæсейы домæнтæм гæсгæ, уымæн æмæ нæ республикæйы уавæрты уый реалон нæу. «Паддзахадон службæгæнджытæн ахæм оптимизаци сараздзыстæм, цæмæй «мадæр уæхск басудза, æмæ мадæр — физонæг».

«Паддзахадон службæимæ баст у антикоррупцион нормæтæ æмæ уыдоны фæдыл æмбæлон деклараци радтын. Хъыгагæн, уыцы нормæ æххæст не ’рцыд, кæд æй 2020 азы райстой æмæ йæ тыхы та 2021 азы бацыд, уæддæр. Мах ууыл дæр кусæм æмæ мæ ныфс ис, нæ паддзахадон службæгæнджытæ уыцы деклараци бадæтдзысты æмæ куыд æмбæлы, афтæ хыгъд ратдзысты æмбæлон органтæн», — бахахх кодта министр.

«ХУЫЗДÆР УÆВЫНÆН БÆРЦ НÆЙ»

Министр радзырдта ахæстоны уавæры тыххæй дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæхуыздæр ис, фæлæ «хуыздæр уæвынæн» бæрц нæй. “Мах кусæм, цæмæй ахæстты бартæ хæлд ма цæуой æмæ сæ уавæртæ фæхуыздæр уой, ууыл.

Уæрæсейы ахæстæтты чи ис, уыдонæй Хуссар Ирыстоны ахæстонмæ рацæуын кæй фæнды, уый тыххæй та банысан кодта, зæгъгæ, ныхас цæуы фарсты фæдыл, фæлæ ахæм куырдиат министрадмæ ничи æрбалæвæрдта.

ОСИАТЫ Индирæ