Цхинвалы районы электрохызæджы хистæрæй къорд азты дæргъы кусы Уанеты Христофор æмæ коллективимæ иумæ æппæт тыхтæй дæр архайынц, цæмæй цæрджытæ æнæкъуылымпыйæ пайда кæной электроэнергийæ. Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы организацимæ хауынц æрмæст районы хъæутæ нæ, фæлæ ма сæ дæлбар сты Знауыры районы Тулдзджын, Мугут, Принеу æмæ Æртæсуадоны хъæутæ дæр. Уый уымæн, æмæ электроны хахх цæуы районы территорийæ уыцы хъæутæм æмæ рухсы хæрзиуджытæй пайда кæнынц сæ фæрцы. Кусджытæй алчи дæр йæ куыст уарзы æмæ йæ æххæст дæр кæнынц æнувыдæй. Фæлæ Уанейы-фырт куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æмбæлынц иуæй-иу зындзинæдтыл æмæ сын уый та цасдæрбæрцæй къуылымпы кæны сæ куысты размæцыд. Цæвиттон, кусынæн сæ алы хатт дæр цы фæхъæуы, уыдонæй æййафынц хъуагдзинад, ома, рухсы цæджындзтæ, тел æмæ ма ноджы æндæр ифтонггæрзтæй.

Сæрдыгон хъарм бонты тынг тæссаг нæ вæййы, фæлæ боныгъæд мæгуырауæрдæм куы фæивы, уæд хъыгдард баййафынц зæронд цæджындзтæ æмæ уæд цæрджытæ фæцух вæййынц рухсы хæрзиуджытæй. Ахæм аварион уавæрты кусджытæ уайтагъд ацæуынц бы-натмæ рухсы хæххытæ сæндидзын кæныны тыххæй, фæлæ фылдæр хатт ифтонг нæ вæййынц уæлдæр æрхæсгæ æрмæджытæй. Зæгъын ма хъæуы, Мугут æмæ Къостайыхъæуы цæрæн корпусты цæрджытæ арæх кæй хъаст кæнынц, рухсы хъомысад сæм бынтон лæмæгъ кæй у, уый тыххæй. Уый уымæн афтæ у, æмæ сæм рухсдæттæн трансформатортæ тынг дард кæй сты. Цæмæй уавæр æрбæстон уа, рухс сæм æмбæлонæй хæццæ кæна, уый тыххæй ма уыцы хъæутæм æввахс ноджыдæр сæвæрын хъæуы ног трансформатортæ. Хъыгагæн, электрохызæджы хистæры ныхæстæм гæсгæ уыдонæй дæр сты цух.

Банысан ма кæнын хъæуы уый дæр, æмæ бахардзгонд рухсы аргъ рæстæгыл фидыны хъуыддаджы иууыл раппæлинагдæр сты Тъбеты администрацийы хъæутæ. Цæрджытæй рухсы æхца æмбырд кæныныл архайы бынæттон цæрæг Туаты Игорь. Ацы контролер йæ куыст уарзы, кæсы йæм бæрндзинады цæс-тæй æмæ цæрджытæ сæхæдæг дæр кæддæриддæр бацархайынц, цы хæс сыл ис, уый афоныл ахицæн кæныныл. Электрохызæгæн Дменисы хъæуы та ис хицæн фадыг æмæ йæ хистæр у Лолоты Владик. Уый дæр йæ куыст уарзы æмæ хъæуы рухсы хæххытæ куы фехæлынц, уæд уайтагъд сæ уæлхъус балæууы æмæ сæ сæндидзын кæныныл бацархайы.

ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.