Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны арæнтæм хæстæг æнæзакъонон полициаг пост кæй æвæры, уый тыххæй стыр æнæразыдзинад æвдисы хуссарирыстойнаг фарс. Уавæр æрбæстон кæныны нысанæн арæнгæрон хъæу Эргнетмæ хæстæг Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты фæлгæтты уагъд цæуынц техникон фембæлдтытæ.

Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг, фæсконфликтон фарстатæ бæстон кæныны фæдыл президенты æххæстбарджын минæвары хæдивæг  Коцты  Егор куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ механизмты радон фембæлды рæстæджы сæ къухты нæ бафтыд бæрæг фæстиуджытæ.

Хуссар Ирыстон фехъусын кодта проблемæ бæстон кæныны мадзæлттæ

Гуырдзиаг фарс пост сисыны фæдыл ныхæстæй йæхи тылиф кæны, ома, уыцы посты цы чысылнымæц полициæгтæ ис, уыдон тæссагдзинад никæмæн æвзæрын кæнынц. Фæлæ Егоры ныхæстæм гæсгæ Хуссар Ирыстоны территорийыл полициæгты пост æвæрд кæй цæуы, ууыл æппындæр разы не сты. Уымæн æмæ хуссарирыстойнаг территорийыл сты Гуырдзыстоны гæрзифтонг тыхтæ æмæ уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ, территори æмæ йæ цæрджыты æдасдзинад ифтонг кæныны нысанæн райсдзæн закъонмæ гæсгæ æппæт мадзæлттæ. Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстон радон хатт фехъусын кодта проблемæ æрбæстон кæныны мадзæлттæ –  гуырдзиаг полициæгты пост сисын æмæ Гуырдзыстоны гарзифтонг тыхты Хуссар Ирыстоны территорийæ акæнын. Кæд æмæ Гуырдзыстон уыцы къахдзæф сараза, уæд хуссарирыстойнаг фарсы ‘рдыгæй æндыгъдад сисыны фæдыл ист æрцæудзæн æмбæлон мадзæлттæ.

 Информациты фæдыл

Хуссарирыстойнаг информацион фæрæзты минæвæрттæ цымыдис кодтой Гуырдзыстонимæ паддзахадон арæнтæм æввахс америкæйаг гарзджын тыхты уæвынад æмæ полициаг постыты кæй тыхджындæр кæнынц, ахæм информаци раст у  æви нæ?

Коцты Егоры ныхæстæм гæсгæ Гуырдзыстоны территорийыл гæнæн ис æмæ уа ахæм цаутæ, фæлæ нæ арæнтæм æввахс – нæ. Ацы бонты Гуырдзыстонмæ æрцыд Европæйы Советы Парламентон Ассамблеяйы америкæйаг дипломатты делегаци æмæ та уыдон радон хатт Хуссар Ирыстоны территоримæ дардæй биноклтæй кастысты.

Полициæгты постытæ кæй фæтыхджындæр сты, уыцы цау бафидар кодта Егор.

Хуссар Ирыстон хæст у сабырадон принципыл

Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ баныхæстæ уагъд цæудзысты дарддæр дæр, уымæн æмæ ацы фарст скъуыддзаг кæнын хъæуы æрмæстдæр сабырадон уавæрты.

«Хуссар Ирыстон у цыфæнды быцæу ныхас æмæ хъаугъатæсабырадон принципмæ гæсгæ æрбæстон кæныныл хæст. Гуырдзыстонимæ арæнтыл нæ барадхъахъхъæнæг органтæ æмæ арæнхъахъхъæнджытæ уадзынц цæрджыты бахъахъхъæныны фæдыл гуманитарон операци, ифтонг кæнынц æдасдзинад, цæмæй сын фадат уа цæрын æмæ фæллой кæнынæн», – банысан кодта делегацийы сæргълæууæг.

Коцты Егоры ныхæстæм гæсгæ механизмты фæлгæтты радон фембæлд уагъд цæудзæн мæйы кæрон. Уæлæмхас ма ацы фарстыл уынаффæ цæудзæн «тæвд хаххы» руаджы.

Къӕбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.