7-æм январы нæ республикæйы чырыстон диныл хæст цæрджытæ бæрæг кодтой Чырыстийы райгуырд. Уый фæдыл бæрæгбонон мадзæлттæ ауагътой Мады Майрæм æмæ Æртæиууон аргъуанты. Хуыцаумæ бакуывдтытæн æвдисæн уыдысты нæ газеты уацхæсджытæ дæр.

Æмбисæхсæв нæма æрбалæууыд, афтæмæй дыууæ аргъуанмæ дæр адæм цæуын райдыдтой, уыцы нымæцы кæстæр кары сывæллæттæ дæр сæ мадæлтимæ. Бæрæгбонон мадзæлттæ цыдысты цалдæр сахаты. Фæлæ аргъуанмæ æрбацæуджыты цæсгæмттыл фæллад нæ зынд.

Чырыстон динмæ гæсгæ Цыппурсы бæрæгбонмæ хъуамæ алы адæймаг дæр йæ уд ссыгъдæг кæна, цырæгътæ судза, йе ‘нусон бынатмæ чи ацыд, уыдоны ном æрхъуыды кæна æмæ, æнæмæнгæй, цавæрдæр бæллиц хинымæры снысан кæна. Алайнаг эпархийы динамонæг фыд Яков куыд зæгъы, афтæмæй: «Цыппурсы размæ æхсæв чырыстон диныл хæст адæм арвитынц аргъуаны. Ам Цыппурсыл æрмæст зæрдæйы хъармимæ нæ сæмбæлынц. Аргъуан сфæлыстой алыгъуызон цырæгътæ æмæ гирляндæтæй. Кæрты Чырыстийы райгуырды нывæфтыд сарæзтой, Библи куыд амоны, афтæ. Чырысти райгуырд кæвдæсы æмæ раст ахæм хуызы арæзт æрцыд ам дæр».

Динамонæг ма куыд загъта, афтæмæй Цыппурсы бæрæгбон куы æрлæууы, уæд чырыстон диныл хæст адæмæн кæронмæ æрхæццæ вæййы, 40 боны цы ком дардтой, уый дæр. Комдзаг акæнæн нæ вæййы, цалынмæ арвыл фыццаг стъалы нæ фæзына, уæдмæ. Уый нысан кæны Чырыстийы райгуырд. Куыддæр ферттива, афтæ адæм бæрæгбонон фынгыл æрбадынц.

Мады Майрæмы аргъуаны иннæ адæмимæ иумæ бакуывдтытæ арæзтой РХИ-йы Президент Гаглойты Алан, Парламенты спикер Æлборты Алан, Президенты Администрацийы сæргълæууæг Мæргъиты Алан æмæ æндæртæ. Уыдон дæр адæмимæ иумæ сарæзтой дзуарцыд.

Уый фæстæ адæмы раз раныхас кодта РХИ-йы Президент Гаглойты Алан. «Ацы бæрæгбон нысан кæны адæмы иудзинад, æмбарындзинад. Уадз, ацы аз ирон адæмæн суæд нысаниуæгджын, дихтæ æмæ хицæнтæ цы нæ кæной. Алкæйы дæр Цыппурсы хорзæх, уæнт», – загъта Президент.

Бæрæгбонон мадзæлтты фæстæ дæр адæм сæ хæдзæрттæм нæ тагъд кодтой. Сыгътой цырæгътæ, кæрæдзийæн арфæтæ кодтой.

                  УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.