Дзауы Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан районы скъолаты ахуыргæнинæгтæн у ахæм уæлæмхас ахуырадон центр, кæцыйы рæзгæ фæлтæр стыр æхсызгонæй æрвитынц сæ сæрибар рæстæг фæсурокты, архайынц дзы æндæр æмæ æндæр къордты, афтæ ма банысан кæнынц бæрæгбонты дæр.

8-æм январы та йæ кусджытæ традицимæ гæсгæ сæ хъомылгæнинæгтæн сорганизаци кодтой Цыппурсы бæрæгбоны изæр. Галуаны кусджытæ развæлгъау бацæттæ кодтой сæхи ацы бæрæгбонмæ, сæвæрдтой назбæлас, афтæ ма аив сфæлындзыдтой бæстыхай дæр. Мадзалмæ чи фæуазæг сты, уыцы сывæллæттæ сæ ныййарджытимæ стыр æхсызгонæй æмбæлдысты уыцы рæсугъддзинадыл.

Бæрæгбонон мадзал райдыдта ногазон арфæтæ æмæ музыкæйы æхцон зæлтæй. Мадзаламонæг, галуаны методист Касаты Дзерассæ æрæмбырдуæвджытæн радзырдта Цыппурсы бæрæгбоны фæзынды историйыл, йæ нысаниуæгыл. Банысан кодта, æппæт Чырыстон дуне кæй фæнысан кæнынц Чырыстийы райгуырды бон æмæ, зæгъгæ, у стыр бæрæгбон, уæд уырнæг адæм сæхи фæфæдзæхсынц Хуыцауыл æмæ фæбæллынц хæрзиуджытæм. Уый ма сывæллæттæн радзырдта, зæгъгæ, Цыппурсы бон нæ фыдæлтæ арæзтой куыд мæрдты бон, афтæ, æмæ, зæгъгæ, Чырыстон дин куыд амоны, уымæ гæсгæ та у стыр æмæ уаз бæрæгбон. Чырыстон дин нæм азæй-азмæ тынгдæр кæй парахат кæны, уымæ гæсгæ абон Цыппурс куыд æппæт Чырыстон дунейы, афтæ махмæ дæр нысан цæуы бæрæгбоныл æмæ йыл, зæгъгæ, мах дæр хъуамæ æмбæлæм цинимæ.

Галуаны хъомылгæнинæгтæ дæр бæрæгбонон мадзалмæ зæрдиагæй бацæттæ кодтой сæхи. Уыдон аив кастысты æмдзæвгæтæ, сæ арæхстдзинад æвдыстой зарынæй æмæ кафынæй. Цымыдисон æмæ арæхстджын уыдысты аргъау «Рукавичка»-йы дæр. Сывæллæттæн ма сæ ахуыргæнджытæ бацæттæ кодтой цымыдисон хъæзтытæ æмæ конкурстæ. Хуыздæр-иу сæ чи сарæхст, уыдон-иу райстой призтæ дæр. Сывæллæттæ сæхæдæг куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ мадзал тынг фæцыдис сæ зæрдæмæ, райстой дзы стыр æхцондзинад æмæ бузныджы ныхæстæ загътой организатортæн. Галуаны кусджытæ куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ сын мадзал ауадзынæн баххуыс кодта Дзауы администрацийы къухдариуæгад, бæрæгбонон лæвæрттæ райстой æппæт сывæллæттæ дæр. Уый тыххæй сын бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ зæгъынц куыд галуаны кусджытæ, афтæ ныййарджытæ æмæ сывæллæттæ дæр. 

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.