6-æм  январы æппæт дунейы Чырыстон диныл хæст адæм банысан кодтой  Цыппурсы бон.

Нæ горæты – Мады Майрæмы аргъуаны æрæмбырд бирæ адæм. Цыппурсы бæрæгбонон службæйы хайад райста Парламенты сæрдар Æлборты Алан дæр. Бæрæгбоны цытæн фыд Яков аргъуанмæ æрбацæуджытæн ракодта бæрæгбонон арфæтæ æмæ радзырдта, Чырыстийы райгуырды бæрæгбонæн куыд стыр тых ис, уый фæдыл. Æрсидт нæ бæстæйы цæрджытæм, цæмæй, кæддæриддæр, лæууой раст фæндагыл, арæх цæуой аргъуанмæ æмæ исой аргъуаны уды сыгъдæгдзинад, сæхи фæдзæхсой Хуыцауæн. Бафæдзæхста, Хуыцауæн, нæ лæппутæй Украинæйы зæххыл Сæрмагонд операцийы хайад чи исынц, уыцы хæстонты дæр.

Бæрæгбонон службæ –  Мады Майрæмы  аргъуаны

Бакуывдтыты фæстæ аргъуанмæ цы адæм æрбацыд, уыдон сарæзтой дзуардзыд, аргъуаны алыварс æмæ уый фæстæ бацыдысты аргъуаны кæртмæ, цыран бæрæгбоны цытæн арæзт æрцыд Мады Майрæмы муляж йæ хъæбысы чысыл Ирвæзынгæнæг. Уырдæм адæм тыгуыртæ кодтой æмæ алчидæр архайдта дунейы æмæ адæймагады Ирвæзынгæнæгыл  къух æрæвæрынмæ.

Бæрæгбоны фарн, хорздзинад æмæ рухсдзинад сæ зæрдæты цы уа æмæ циндзинад сæ хæдзæрттæм сæ бинонтæм цы ахæссой, ахæм арфæтæ кодтой адæм кæрæдзийæн.

«Дины бæрæгбонтæй иууыл тынгдæр мæ зæрдæмæ цæуы Цыппурсы  бæрæгбон. Æз  алы аз дæр æрбацæуын Мады Майрæмы аргъуанмæ. Чырыстон диныл хæст адæмы уырнынад, кæддæриддæр, здæхт у æнæниздзинад, сабыр цард æмæ хæрзиуджытæм.  Сæрмагондæй мæнæн ничи ис Украинæйы хæстон операцийы, фæлæ ирон лæппуты тыххæй бакуывдтытæ ауадзынмæ бахатыдыстæм фыд Симонмæ. Уый нын нæ фæнд сæххæст кодта. Цæмæй Ирыстонæй ацæугæ хæстонтæ фæстæмæ сæрæгасæй æрæздæхой, уый тыххæй фæкуывта  махæй алчи дæр», – зæгъы не ‘мбæстаг Гаглойты Зæлинæ.

Цыппурсы цытæн бакуывдтытæ аххæссыдысты райсоммæ.

УАЗÆГТЫ Марфа