23-æм февралы цытæн Уæлвæткон уавæрты министрады уагъд æрцыд цытджын æмбырд. Министр Цоциты Азæмæты бардзырдмæ гæсгæ цалдæр кусæджы хорзæхджын æрцы-дысты Хуыздæр службæйы тыххæй 1, 2 æмæ 3 къæпхæны майдантæй. Афтæмæй ма бæрæгбоны цытæн сæ хорз куысты тыххæй хорзæхджын æрцыдысты сæрмагонд цинтæй. «23 февраль у æппæт нæлгоймæгты ахсджиаг бон, кæддæр пъагæттæ æмæ æфсæддон формæ чи дардта, уыдоны, афтæ ма æппæт сылгой-мæгты, кæцытæ тыхстæй æмæ сæрыстырæй æнхъæлмæ кастысты Гарзджын тыхты рæнхъытæй сæ фырттæм, сæ фыдтæм, се ‘фсымæртæм æрыздæхынмæ. Арфæ уын кæнын Фыдыбæстæ хъахъхъæнæ-джы боны цытæн.  Уæ куысты сæйраг нысан – адæмæн æххуыс кæнын, зын сахат сæ фарсмæ балæууын, уыимæ фыдбылызты фæстиуджытæ иуварс кæнын. Æххуыс бакæнынмæ æрбалæуут æвæстиатæй. Уымæн æмæ уый нымайут уæ сæйраг хæсыл – æнæнхъæлæджы уавæры бахауæг адæмæн афоныл баххуыс кæнын. Зынгсирвæзты ныхмæ тохгæнджытæ æмæ ирвæзынгæнджыты рæстæгыл ар-хайды руаджы рæстæгыл иуварс æрцæуынц тынг бирæ тӕссаг уавӕртӕ.

Ирвæзынгæнджытæ æххуыс кæ-нынц адæмæн, сæ цард æмæ æнæниздзинад нывонд кæнгæйæ. Сымах стут æхсардзинады, хъайтардзинады ирд цæвиттон. Æмæ сымахæй алкæй куыст дæр у ахсджиаг, уымæн æмæ уæ къухты ис не ‘мбæстæгты цард.

Ацы нысаниуæгджын бæрæгбоны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, дарддæры æнтыстытæ, сабырад, хорздзинад æмæ фæрныгад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн! Уæнт уын æвидигæ цардуагон тыхтæ, энерги æмæ æнтыстытæ адæ-мы ирвæзын кæныны хъуыддаджы æмæ Райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн!», – раарфæ кодта Цоциты Азæмæт йе ‘мкусджытæн.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.