Цæгат Кавказы регионты разамынд куыд баныхас кодтой, афтæмæй се ʻххуысы къух хъуамæ бадаргъ кæной Донбассы зындзинады бахауæг цæрджытæм. Уыдон цæттæ сты æртæ минæй фылдæр сывæллоны райсынмæ. Уыдонæй 500 Цæгат Ирыстон, Цæцæн – 700, Мæхъæл – 750, Дагестан – 600, Кæсæг – 400, Ставрополь – 200 æмæ Хъæрæсе-Черкесси – 150 адæймаджы.

Республикæ ныридæгæн æрцæттæ кодта 500 сабийы бынат санаторитæ «Фыййагдон», «Тæмиск», «Юность» æмæ «Осетия»-йы. Æрæджы та сын ардыгæй æрвыст æрцыд гуманитарон æххуыс цалдæр Камазыл.

«Ахæм тыхст заман махæн нæ бон нæу иуварс баззайын. Нæ фадæттæ арабар-бабар кодтам æмæ уал æрлæууыдыстæм 500 адæймагыл. Дарддæр кæд Донецк æмæ Луганскы уавæр афтæ ахæсса, уæд та исты мадзæлттæ æрхъуыды кæндзыстæм». – Загъта Хицауады Сæрдары хæдивæг Тугъанаты Ларисæ.

Цалдæр азы размæ дæр Донбассы æндыгъд уавæр куы уыди, уæд дыууæ минæй фылдæр адæймаджы дæргъвæтин рæстæджы фæцардысты Цæгат Ирыстоны.

 

СЫГЪЗÆРИНЫ  ГУЫРÆНТÆ – ИРЫСТОНЫ

Цæгат Ирыстоны историйы фыццаг хатт республикæйы райдыдтой сыгъзæрин агурыны куыстытæ. Агурынц сæ  Хилачы æрзæткъахæнты. Ныртæккæ уал дзы геологон экспедици кæны развæдсгарæн куыстытæ. Арæзт цæуынц федералон проект «Геология: возрождение легенды»-йы фæлгæтты.

Сыгъзæрины æвæрæнтæ зæххы бын агурдзысты 300 метры арфæн. Цы ссарой, уыдон сбæлвырд кæнынæн лабораториты арæзт цæудзысты аналитикон анализтæ. Бæрæггæнæнтæ сбæлвырд уыдзысты мартъийы мæйы.

Ацы бынæтты сыгъзæрин ис æви нæ, уый тыххæй ахуыргæндтæ ницыма зæгъынц. Фæлæ йæм, æвæццæгæн, æнæхъуаджы се ʻргом нæ раздæхтой…

Нæ  уацхæссæг

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.