Хуссар Ирыстоны Адæмон нывгæнæг Бæззаты Андрей райгуырд 1953 азы кæфты мæйы (октябры) 7-æм боны Къуыдаргомы Уезуры хъæуы. Сабибонтæй тырныдта ныв кæнынмæ, хæрзчысылæй фæбæрæг йæ аивадон курдиат. Нывкæнынад сахуыр кæныны тыххæй йæ фыццаг къахдзæфтæ акодта Тугъанты Махарбеджы номыл Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндоны. Уым хъысмæты фæндонмæ гæсгæ базонгæ æрмдæсны æмæ диссаджы ахуыргæнæг Зассеты Хазбиимæ. Ахуыргæнæндоны ма ахуыр кодта керамикæ æмæ нывкæнынады факультеты. Нывгæнæджы сфæлдыстады дыккаг этап та баст у Бетъырбухимæ (раздæры Ленинград). Ацы горæтмæ æрцыд 1978 азы æмæ ахуыр кæнын райдыдта Нывкæнынады академийы (1979-1985 азты).

Ам бахауд аивадæй йемыдзаг дунемæ, базонгæ дунеон аивады исбонимæ. Йæ дуæрттæ йын байгом кодтой Эрмитаж æмæ Уырыссаг музей. Академийы Андрейы  йæ æрмадзмæ айста Евсей Моисеенко. Æрмæст уымæй дæр бæрæг уыд ирон лæппу стыр курдиаты хицау кæй у, уый. Ахуыр кодта зынгæ дæснытæ Игорь Веселкин æмæ Виктор Сорокинмæ. Æппæт уыдæттæ рæзын кодтой нывгæнæг Бæззаты Андрей-Скифы диссаджы курдиат, бæрзонддæр кодта йæ аивад.

Бæззайы фырт йæ ахуыргæнджытыл æрмæст Нывгæнæн ахуыргæнæндоны æмæ Аивæдты академийы зынгæ дæсныты нæ нымайы. Йæ ахуыргæнджытæ ма уыдысты йæ фарсмæ цы адæм цард, уыдон дæр. Уый уыдта, адæмы царды куырыхондзинад хæссæг, монон æгъдауæй тыхджын зæрæдты – Яков Андрейы фырт, Нана Сона (Зассеон). Хъусæн сæм уыд сахатгæйтты, уыдон аккагæй хастой сæ фæлтæрддзинад, сæ уагахастæй, цардæгъдауæй æмæ гоймаджы тыхæй æвзæнгты ахуыр кæнгæйæ.

Бæззаты Андрей-Скиф у зынгæ нывгæнæг æмæ аив хахнывгæнæг, нывгæнæг-хъуыдыгæнæг, ирон культурæйы традицитæ хæссæг æмæ хъахъхъæнæг, кæцыты пульс æмæ дунеæнкъарынад уый хæссы дунеон аивадон контекстмæ. Уый у петербургаг нывгæнæн скъолайы ирд минæвар, æнæ Андрей ахъуыдыгæнæн дæр нæй нæ горæты аивадон палитрæйыл. Йæ куыстыты фæстæ лæууынц хъуыдыты азтæ, æмæ нывгæнæг уыдон ракæны ахорæнты æмæ хæххыты æвзагмæ, йе ‘взаг у тынг нырыккон æмæ æнцонзонæн. Фыццаг рады нывгæнæг уæвгæйæ, уый æрмæст нывкæнынады аивадыл не ‘рлæууыд, дарддæр хъуыды кæны, фæлдисы æмдзæвгæты æмæ радзырдтæ. Азтæ куыд цæуынц, афтæ кавказаг зæрæдты (ацæргæ адæймæгты) уæлдай хицæн куырыхондзинад  ирддæрæй зыны йе сфæлдыстады.

Нывгæнæджы мисси ссис Нарты эпосы сфæлдыстадон интерпретаци (æмбарынад). Уый ирæттæн у зонындзинæдты, фыдæлты æмæ национ æргъадты тыххæй ахсджиагдæр гуырæн. Уый ссис йæхирдыгонау Нарты эпосы уæвæг, нарты, скифты æмæ аланты традицитæ хъахъхъæнæг. Уыдон рахызтысты ирæтты культурæмæ æмæ уыимæ иумæ дунеон культурæмæ. Æнæнхъæлæджы ном Сауассæ, фыццаг нарт, фæзыны нывгæнæджы юбилейон равдысты. Афтæ æнæнхъæлæджы нæу æвзонгæй фæстæмæ йæ мыггаджы разæфтауæн «Скиф» кæй фæзынд, уый дæр. Æцæгæйдæр, культурон бынтимæ æдзухон диалог, сюжеттæ æмæ фæлгонцтимæ сфæлдыстадон æмархайд, Нарты кадджыты мидис арф банкъарын æмæ уыцы мидис композицимæ, хахх æмæ хуызмæ рацаразын – æппæт уый у нывгæнæджы сфæлдыстады экзистенци (цардуагон дуне). Сауассæ фæзынд уыцы историон рæстæджыты размæ, зæхх ма тæвд куы уыд, уæд æмæ, æмзæл у уыцы рæстæджытимæ, нывгæнæджы нывты ахорæнтæ сты хъæздыг æмæ ирд. Уыимæ, дæсныйы æппæт куыстытæ композицион æгъдауæй сты тынг раст, æмæ сæ хуыз та арæх свæййы сæйраг композицион-нысаниуæгджын элемент.

Нарты эпосы нывгæнæг ссары æппæт сæйраг, архетипикон, фæлгæнцтæ, уыдон æппынæдзухдæр уæвынад кæнынц йе сфæлдыстады. Нæлгоймагхæстоны фæлгонц у тыхджын, уæндон æмæ уыимæ куырыхон. Уый цæттæ у йæ бинонты, Райгуырæн бæстæ æмæ æцæг цардуагон æргъæдтæ бахъахъхъæнынмæ. Сылгоймаджы бирæвæрсыг фæлгонц, кæцымæ ис  рæсугъддзинад æмæ эротизм, маддзинады райдайæн æмæ хицæн зонындзинæдтæ дунеон фæткы тыххæй. Уыдон нæ уæвынад кæнынц нæлгоймагмæ. Нарты фæлгонц, традицитæ, куырыхондзинад æмæ рæстдзинад хæссæг. Æмæ æппæт уыдæттæм æфтыд цæуынц закъæттæ æмæ уагæвæрдтæ, уыдоныл æнустæй фæстæмæ арæзт цыд цард, æмæ тынг ахсджиаг у сæ зонын æмæ бахъахъхъæнын.

Бæззаты Андрей-Скифы трактовкæйы Нарты эпосы æрмæст аргъæуттæ кæнæ историон таурæгътæ не сты, ис ма дзы сæхи мидæг адæймаг æмæ адæймагады æдзухон диалог. Ам ис дзуаппытæ æппæт фарстатæн дæр, уымæн æмæ эпикон рæстæджы логикæмæ хъус даргæйæ, дунейы æппæтдæр фæлхаттгонд цæуы. Æмæ нырыккондзинады цаутæ æмзæлон сты нарты тохтæн (хæстытæн) кæд æндæр культурон контексты, æндæр масштабты æмæ уæлдай уæрæхдæр информацион быдыры цæуынц, уæддæр. Адæймагады истори цикликон у, æмæ адæймаджы æрдз та цъус фæивта ивгъуыд æнусты дæргъы. Æмæ уымæ гæсгæ нывгæнæг ног æмæ ногæй здæхы нарты эпосы сюжеттæм, историйы философи бамбарын æмæ нырыккондзинад цы фарстатæ æвзæрын кæны, уыдонæн сдзуапп кæнынмæ бафæлваргæйæ.

Йæ куыстытæ арæзт сты Нарты эпосы сюжеттыл, арæх йемыдзаг вæййынц цардæвзарæнты рыстæй, уыцы рыстæй, кæцыйы æвзары не ‘мдуггаг. Нывгæнæг нымайы, зæгъгæ, Нарты эпосы ис актуалон проблемæтæ бамбарыны дæгъæл, йæ куыстыты тырны махæн æй равдисынмæ. Нывгæнæджы нывты трагизм лæвæрд цæуы æрмæст сюжетонæй нæ, фæлæ ахорæнты сæмбæлдæй, хæххыты састæй, хуызджын фæзойты (плоскостей) динамикæйæ.

Бирæ нывтæ скодта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тыххæй, цыран фæмард сты йæ мыггагæй бирæ нæлгоймæгтæ. Хицæн егъау рыст та йын у Беслæны æгъатыр трагеди, цыран фæмард сты сывæллæттæ. Уымæ æдзух фæстæмæ здæхы 2023 азы йæ куыстыты равдысты, кæцы æнгæс у Пабло Пикассойы  «Герника»-имæ. Нывгæнæгæн йæ къухы бафтыд трагикондзинады фæлгонцтæ равдисын. Дæнцæгæн æрхæссæн ис Хуссар Ирыстоны хæсты тыххæй куыстæй æппæт судзаггаг рыст æвдыст цæуы Ульянæйы (йæ цардæмбалы) цæстытæй æркæлгæ сау цæссыджы.

Нарты эпос ахсджиаг у, фæлæ Бæззаты Андрей-Скифы сфæлдыстады иунæг темæ нæу. Сылгоймаджы темæ, дунейы йын йæ нысаниуæг æмбаргæйæ, сылгоймагмæ уарзондзинадæн, къаддæр нысаниуæг нæ дæтты нывгæнæг. Ныридæгæн Нарты кадджыты уый здæхы Дзерассæйы æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Сатанайы фæлгонцтæм. Сылгоймагæн йæ рæсугъддзинады æмæ уыцы иурæстæджы йæ магикон зонындзинæдты фæрцы  йæ бон у куырыхондзинадæй æмæ куы бахъæуа, уæд та хиндзинадæй сархайын. Æппæт уыдæттæ химæ здахынц нывгæнæджы, сылгоймагæн цыт кæнгæйæ æмæ уарзгæйæ.

Мастеры сфæлдыстады ис кадджын скифаг сылгоймæгты, уæлдайдæр успаддзах Тамары фæлгонцтæ. Йæ эротикон куыстытæ æмæ сылгоймæгты портретты нывгæнæджы сисы бын гуырынц йæ нана Сонайы (Зассеон), йæ цардæмбал æмæ музæ Ульянæйы фæлгонцтæ.

Йе схъомылгæнæг нана, Зассеты Сонайы Андрей равдыста цалдæр æмæ цалдæр нывы. Трагикон уыдис Сонайæн йæ хъысмæт, фæлæ  удвидар сылгоймаг цæрдхъомдзинад æмæ стыр хъару равдыста. Зындгонд хъарæггæнæг æмæ уыимæ цардуарзæг сылгоймаг нæм йæ фæдоны нывгонд портреттæй кæсы æнахуыр арф цæстæнгасæй – йе стыр зынты уæзы бын Сона нæ фæцудыдта, ноджы фылдæр аргъ кæнын базыдта цардæн.

Нывгæнæджы куыстыты йæ музæ æмæ бинойнаг Ульянæ рас-ты алыхуызон фæлгонцты, реалистон портреттæй райдайгæйæ  символиконты онг. Алы нывы дæр уынæм ахорæнтæй фыст сылгой-маджы рæсугъддзинад æмæ мады æнувыддзинад. Уыимæ ма, Ульянæйы портретты, куыд йæхи портретты дæр, афтæ Андрей пайда кæны  йæ уарзон жанр – дывæрон портретæй æмæ афтæмæй æвдисы рæстæгæн йæ цыд æмæ йæ бирæ фæзилæнтæ.

Сылгоймаджы темæ иртасгæйæ, æнæмæнг хъæуы зæгъын йæ эротикон куыстыты тыххæй дæр. Бæззаты-Скиф Андрей у æнкъарин фæлгонцты стыр дæсны. Сæ иуты нывгæнæг пастелон ахорæнтæй æвдисы тавиц æнкъарæнтæ, аннæты бурбынсырх æмæ æргом сырх ахорæнтæй фæлдисы фырмонц экстаз. Уыцы нывты зыны нывгæнæджы ахаст сылгоймагмæ – кæсынæй не ‘фсæды сылгоймаджы рæсугъддзинадмæ æмæ йын йæ царддæттæг мидис та арфæй æнкъары. Нывгæнæджы куыстытæ музыкæйы ахорæнтæ æмæ рухсæй æмыдзаг сты, уынæм дзы ирд ахорæнты зæлджын аккордтæ æмæ уарзондзинады хъизæмары тавиц-лирикон уаг. Музыкæ йæхæдæг мастеры ахорæнтæй зæлы, музыканттæ æмæ зарæггæнджыты фæлгонцтæ та систы йе сфæлдыстады вазыгджындæр темæ.

Нывгæнæг нын радзырдта, ирон культурæйы зындгонд архайджыты портретæ фысгæйæ,  цæмæй ахорæнтæ мырты хъомысæй байдзаг уой, уый тыххæй, зæгъгæ, кусгæ-кусгæйæ адæмон хъайтарон зарджытæм фæхъусын. Алы нывгæнæгæн дæр ис йæхи хъæлæсы уаг, йæхи нывкæнынады мелоди. Æнæ музыкæйæ, зæгъы Скиф, дуне нæ фæцæрдзæн.  Музыкæ та кафтимæ номсидт у. Мастеры фыст кафтытæй хицæн равдыст саразæн ис. Нарты кафтытæ, Уацамонгæйыл кафæг Сослан, ирон традицион кафтыты, фыццаджыдæр, Симды уæздандзинад – алкæцыйæн дæр сæ ссарæн ис нывгæнæджы къæбицы. Кафт дзы æвдисы уарзондзинадыл, цардыл, хъæбатырдзинадыл, цыртдзинадыл  ныхасы хуызы æмæ мах дæр мастеримæ иумæ уыцы кафтытæ архайæг фестæм.

Истори æмæ нырыккон дунейыл хъуыдытæ, йæ цины æмæ зыны æнкъарæнтæ нывгæнæг фыссы автопортретты. Зæрдæйы уаг алы хатт æмхуызон куыд никуы вæййы, афтæ нывгæнæджы автопортреттæ дæр алыхуызон стилистикæйы фыст сты. Уыцы портретты  нывгæнæг кæттаджы бар кæны йæ туг æмæ  рис, йе  ‘ргом зæрдæйы уаг. Йе сфæлдыстад у дун-дуне сфæлдисæгмæ здæхт.  Æмæ йæ автопортреттæ та сты Хуыцауы раз лæууæг адæймаджы нывтæ. Рæсугъд дзырды тыххæй нæ зæгъын афтæ. Нывгæнæджы уды уаг у ахæм. Йæ нысаниуæгджын куыстытæй сæ иуæй «Ӕз Уастырджыйы федтон», зæгъгæ, æз нывгæнæджы сфæлдыстадон æмбарынады эпиграф саразин.

Бæззаты Андрей-Скиф у нырыккон нываивадмæ ирон тæфаг чи æрбахаста, ахæм дунеон масштабы нывгæнæг. Нæй йын æрмæст национ нывгæнæг рахонæн. Уарзондзинад æмæ трагеди, поэзи æмæ музыкæ, эпос æмæ нырыккон дуг – алцыдæр ис йæ куыстыты æмæ уыдæттæ та алы адæймаджы зæрдæмæ дæр хъарынц. Æмæ ма, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ сæрмагонд нывкæнынадон пластикæ, композици æмæ ахорæнтимæ куыст – уыдон, æмткæй, сты йæ аивады хицæн æууæлтæ.

                  Елена Григорьянц,

философон зонæдты кандидат, 

доцент, авангарды  галерейæ

                                                                                                                                                                                                                Док Арт-ы директор

21 октябры Санкт-Петербурджы байгом уыдзæн Бæззаты Андрей-Скифы нывты равдыст ахæм адресыл:

Невский проспект 60 хæдзар.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.