Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы æхсæнад кæй ис, уый бирæтæ зонынц, фæлæ иу дуджы бæлвырд аххосæгтæм гæсгæ уымæн йæ куыст æрдæгыл банцади. Цард тæбæгъы донау у, æмæ абоны онг уыцы тæбæгъы дон куы иуæрдæм, куы иннæрдæм лæдæрсти… Ныртæккæ та, табу – Хуыцауæн, фадат ис, цæмæй ахæм организацитæ дæр сæндидзой, æмæ сæ арфæйаг куыст кæной.

Æрæджы нæ горæты уагъд æрцыд Къостайы æхсæнады фыццаг æмбырд.  Æцæг, фыццаг æмбырд нæ уыд, фæлæ йæ сæндидзыны фæндагыл фыццаг уыд. Æмбырдмæ æрбацыдысты фыссæг Наниты Асиат, Республикæйы сгуыхт ахуыргæнæг, поэтессæ, Къæбулты Зоя, æрыгон поэтессæ Харебаты Мадинæ, Республикæйы сгуыхт артисткæ Гугкаты Евелинæ, педагогон æхсæнады минæвæрттæ, фæсивæд æмæ студенттæ. Æмбырд уагъд цыд Пушкины уынджы 14-æм хæдзары хисæрмагонд офисы. Æмбырдгæнæн хатæн адæмæй цалынмæ байдзаг, уæдмæ уал нæ хæлар фысым Тадтаты Юзæ Уасилы чызг алы æрбацæуæгыл дæр зæрдиагæй баузæлыд, алкæйы дæр афарста сæрмагондæй йæхи царды хабæрттæй. Æрбацæуæг адæм дæр тынг зæрдæрайæ цыдысты ацы мадзалмæ. Хатæны кæд абоны онг никуы уыд ахæм æнахуыр уазджытæ æмæ цæрдгъуыз нæма уыд, уæддæр чысылгай æртæфст адæмы зæрдæты хъармæй.

Уалынмæ  Тадтаты Юзæ байгом кодта æмбырд. Уый цыбыртæй радзырдта организацийы сæвзæрды тыххæй.

Хетæгкаты Костайы æхсæнад фæзынд 1982 азы Хуссар Ирыстоны Культурæйы хайады цур. Уæдæй фæстæмæ йе сконды уыд бирæ зынд-гонд адæймæгтæ, уыцы нымæцы Мæргъиты Къоста, Гобозты Валери, Коцты Хъазбег, Цгъойты Клим, Хетæгкаты Юля, Наниты Асиат, Таугазты Дзерассæ, Джиоты Валери æмæ æндæртæ. Æхсæнады цытджын президент та у Джусойты Нафи. Юзæ куыд радзырдта, афтæмæй ацы æхсæнадæн бирæ бантыст йæ сырæзты райдиан азты. Уымæн ирд æвдисæн сты æрыгон автортæн цы дыууæ чиныджы рауагътой, «Зарæг ныллæг хъæлæсæй» æмæ «Хæдзаргæ дуг», уыдон. Чингуыты цы автортæ ныммыхуыр, уыдонæй абон бирæтæ рохуаты аззадысты. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый хъыгаг у, фæлæ сæ нæмттæ уæддæр историйы баззадысты Къостайы æхсæнады куысты фæрцы. Ныртæккæ Æх-сæнад йæ разы бирæнымæц хæстæ æвæры, иу дзы у, нырыккон æрыгон æмæ райдайгæ автортæн дæр чиныг рауадзын. Ацы фарст абон тынг риссаг у, æмæ йыл бакуыст куы уа, уæд уый та уыдзæн тынг арфæйаг хъуыддаг.

Уыцы фарсты фæдыл тынг зæрдæрисгæйæ дзырдта Наниты Асиат дæр йæ раныхасы. Куыд загъта, афтæмæй йæ сагъæсы æфтауы, ирон литературæйæн йæ бындартæ кæй скадавар сты, уый, æмæ журнал «Фидиуæджы» кусгæйæ, цас йæ бон у, уыйбæрц йæ цæст дары алкæцы авторы архайдмæ дæр. «Уыдон зæрдæйы кусджытæ сты, æмæ сæ рæвдауын хъæуы», – загъта уый.  Ныхасы рацыд Къæбулты Зоя дæр. Уый тынг зæрдæрайæ дзырдта ирон аив дзырды хæрзиуæгæн ацы æхсæнады сырæзты тыххæй, стæй бакаст йæхи фыст æмдзæвгæ уарзондзинады темæйыл. Æрыгон поэтессæ Харебаты Мадинæ бакаст Сергей Есенины æмдзæвгæ «Письмо женщине». Уый адæмы зæрдæтæ афтæ бацагайдта, æмæ сæм сæвзæрд поэзийы изæртæ уадзыны фæнд. Ацы фæнд мадзал амонæджы зæрдæмæ дæр тынг фæцыд, фæлæ бынæттон номдзыд адæмæй фыццаг кæй сфæлдыстад равзардзысты, уый бæлвырд нæма у.

Бирæ фæндтæ ис Æхсæнады бындурæвæрæг Тадтаты Юзæмæ, стæй правленийы уæнгтæм, фæлæ уал абон, Тадтаты чызг нын куыд радзырдта, афтæмæй æхсæнады ис æрмдæсныты чысыл къордтæ. Уыдон аразынц алыгъуызон дзаумæттæ, скульптурæтæ. Уæлдай цымыдисондæр рауад Джиоты Валерийы къухæйконд Хетæгкаты Къостайы бюст, конд уыд бæрзонд профессионалон æмвæзадыл. Ацы æрмдæсныты къордтæ хъуамæ райтынггонд æрцæуой æмæ сæ куыст рауæрæх уа, æрбафта сæм фылдæр уæнгтæ, цæмæй æхсæнады цард цæдджинагау æхсида.

Фæлæ уæддæр æхсæнадæн йæ сæйраг аудинаг уыдзысты, ирон литературон аивады кусджытæй æххуыс-хъуаг чи сты, уыдон. Уый та зæрдæйæн æхсызгон куыднæ хъуамæ уа! Мах дæр сын зæгъæм рæствæндаг нæ иууыл хуыздæр фæндиæгтимæ.

ГОДЖЫЦАТЫ Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.