Ирон литературæйы классик, зынгæ æхсæнадон архайæг Барахъты Гинойы райгуырдыл  сæххæст 130 азы

Царды уæззау цалх кæуыл атылд, йæ саби-бонтæ рыст æмæ сагъæсæй йемыдзаг кæмæн уыдысты, мæгуырдзинады дæрзæг къух чи бавзæрста, фæлæ цагъайраджы æфсондз хæссыныл чи нæ сразы, уыцы ирон фысджыты 1917 азы революцион змæлды баиу кодта адæмы сæрибардзинады сæрвæлтау тох æмæ рухс царды бæллиц. Уыдон уыцы тохæн снывонд кодтой сæ цард дæр æмæ сæ курдиат дæр. Ирон фысджыты уыцы фæлтæрмæ хауы ирон литературæйы классик Барахъты Гино дæр.

Уый кæд паддзахы æфсады офицер уыд, уæддæр социалон рæстдзинад  æмæ адæмы æмбардзинады сæрыл удуæлдай тохгæнджыты æхсæн слæууыд, мæгуыр адæмы амондджын сомбоны сæрвæлтау. Фæлæ йæ рæстаг тох бæсты нæ фæцыд уымæн дæр, уый дæр, мæгуыр адæмы сæрыл æцæг тохгæнджытау, 1937 азы бабын кодтой.

Барахъты Гино ирон литературæйы историмæ бацыд куыд поэт, прозаик, драматург, тæлмацгæнæг æмæ публицист, афтæ. Йæ алывæрсыг сфæлдыстад уæзгæ хайбавæрд у ирон литературæйы хæзнадонмæ. Уыд хæдгъуыз курдиаты хицау фыссæг. Уырыссаг æмæ дунеон культурæ бæстон зоныны фæрцы зынгæ фæхъæз-дыгдæр кодта ирон литературон критикæ, бирæ азты кодта педагогон архайд, зæр-диагæй куыста ирон литературæйы истори æмæ ирон адæмон дзыхæйдзургæ сфæл-дыстад парахат кæныныл. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр Гинойы сфæлдыстады сæйраг бынат ахсы йæ нуарджын поэзи.

Барахъты Гино поэзийы фæрцы рæгъмæ цы фарстатæ хæссы, уыдон алыварсон æмæ вазыгджын сты. Уыдон домынц иугъæдон хъуыдыкæнынад æмæ дзуапп, фæлæ ахæм фарстатæн дзуапп радтын афтæ æнцон нæу, арф æмæ бæстон анализ домынц. Йæ уды рыст æмæ хъизæмары æнкъарæнтæй райгуыргæ уацмыстæ  нын æргомæй æвдисынц, поэты удысконды социалон бæрндзинад куыд арф у, уый.

Адæймаджы уд хæсджын у, цæмæй фыдæбон кæна æнкъарæнты бæрзонд культурæ хъомыл кæныныл, цæмæй адæймаг æрмæст Адæймаг ма суа, фæлæ цыфæнды зындзинæдты, цыфæнды дугивæнты æмæ фыдæвзарæнты дæр баззайа Адæймагæй.

Шиллеры концепцийы ирвæзынгæнæг арæхстдзинад – «æцæгæлон æнкъарæн-тæй хи æнкъарæнтæ аразын» – схъомыл кодта Барахъты Гинойы дæр ахæм адæй-магæй, кæцы нæ тасы фыдракæндтæм, æнæзæрдæхцон хъуыддæгтæ аразынмæ, нæу йæ бон искæй фæриссын кæнын, искæй развæдмæ цæлхдуртæ тулын. Растæндæр ахæм æнкъарынад хъуамæ уа адæймагæн, цæмæй йæ хатай, дæ митæ æмæ дæ ныхæстæй кæнгæ кæй у æндæрты ахаст æмæ зæрдæйыуаг, чизоны се ‘нæниз-дзинад дæр, сæ царды размæцыд дæр æмæ се ‘нтыстытæ дæр. Уыдон хъуамæ уой поэты уды сæйраг рахæцæнтæ, ахæм цæмæдæрты хъуамæ тырна поэты вазыгджын æмæ æнæнцой уд. Йæ лирикон уацмысты иугæндзон уымæн зæлы æмбæстаджы бæрндзинады хъæлæс. Барахъты Гинойы лирикæйы бындурон характерон миниуджытæ та сты Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад, сæрибармæ тырнындзинад, патриотизм, æнæкæрон уарзтæй кæй уарзыс, уыцы адæмы рыстæй риссын, сæ хъысмæтыл тыхсын, бахъуаджы сахат сæ фарсмæ балæууын. Поэт йæхæдæг фæлдисы уый тыххæй ног фæлгæнцтæ æмæ идейæтæ, кæцытæ ма зынаргъ сты кæмæндæрты дæр, кæнæ æхсæнадæн æнæхъæнæй.

Барахъты Гинойы сфæлдыстад хъæздыг нæу, нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы æнгом ахастытæ кæм цæуынц æвдыст, ахæм хъæргæнаг интимон уацмыстæй. Фæлæ уыцы æмбарынад йе сфæлдыстады ахсы стыр бынат æмæ йын дæтты ахсджиаг нысаниуæг куыд «бынтон сусæг, табуйаг, æввахс ахастытæ, фæлæ æнæфæцудгæ ирон æгъдау æмæ уагыл». Ахæм позицийыл æнцой кæнгæйæ куы ‘ркæсæм Гинойы уацмыстæн се ‘ппæтмæ дæр, уæд сæ фылдæры ис уарзондзинады лирикæ, фæлæ тадзгæ-баргæ уæздандзинады принциптæ хъахъхъæнгæйæ.

Уарзондзинад – уый арф эмоциалон æнкъарынад у, зæрдæйы тыхджын цавд, удуæлдайдзинад æмæ кæй уарзай, уымæн сæрнывонддзинад. Уæвджыйæ дæр поэтæн уарзондзинад цыкурайы фæрдыг у, кæцыйæн ис æнæнымæц цæхæркалæг тигътæ æмæ уыцы тигъты цæхæрæй тауы гармони æмæ амонд. Барахъты Гинойы сфæлдыстад йемыдзаг у гуманондзинады принциптæй, адæммæ æнæкæрон уарзон-дзинадæй. Бæрзонд уæлтæмæны уарзон-дзинад æмæ адæймагдзинады идеалтæн лæггад кæнгæйæ, искæй рыстæй риссыны æнкъарæнтæ хи уды риссаг æнкъарæнтимæ æмиу кæнгæйæ цæрынæн снывонд кодта поэт йæхи æмæ ахæм ссадвæдмæ здæхт уымæн у йæ лирикæ дæр.

Гуманондзианд адæймаджы удысконды зынгæ нæ фæкæны, искæмæй ракургæ, искæмæй байсгæйæ нæу – хъуамæ адæймагæн йемæ райгуыра, йемæ цæра æмæ йыл æнувыд уа йæхи базонынæй фæстæмæ. Нафийы загъдау: йæ сау сæрæй йæ урс сæрмæ.

Барахъты Гинойы поэзи у цардæфхæрд мæгуыр адæм, сидзæр, æнæмæнузæгъæг сабитæ, æдых æмæ æбар зæрæдтæм уарзондзинады æнæфæцудгæ цæвиттон. Зæронд, кардзыд адæм, сылгоймæгтæ æмæ сабиты фæлгæндзтæ ныв кæнгæйæ поэт алы хатт дæр пайда кæны уды рæбинагдæр æмæ сыгъдæгдæр æнкъарæнтæй. Уыдон сты арвыроны хуызæн, цы ран нæй хуызты кæрæдзийæ цæхгæр хицæн-гæнæг арæнтæ, фæлæ уыцы хуызтæ æд-дæг-мидæг ауайынц æмæ сæ райгуыры мин-мин хуызтæй равзæрæг  иунæг хуыз.

Барахъты Гинойæн бантыст, йæ раттæг адæмы цард æмæ историйы иугъæдон тохты чи бахсыст, уыцы хорз традициты уырзæвзæрст кæнгæйæ рæгъмæ хæссын. Уыцы традицитæ хъæздыг кæнынц ног фæлтæрты удыхъæд, хъомыл сæ кæнынц хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинады иууыл тæхудиаджыдæр миниуджытыл, æнæуынон сын кæнынц цъагъарады дæрзæг æфсондз, сидынц сæм рæсугъддæр сом-бонмæ, фæсивæды ‘хсæн тауынц национ сæрыстырдзинад æмæ социалон рæстдзинад. Поэты æнкъараг уд цыфæнды æгъа-тыр тохы дæр уыны, æфхæрдæййафæг чи у, кæй сæрыл рахæцын хъæуы, уый æмæ карзæй æрлæууы тыхмийы æппæрццаг фæзынды ныхмæ. Уый кæддæриддæр лæууыд йе ‘мдугон адæмы, кæй царды уæззаудзинад уыдта, уыдоны фарсмæ, æххуыс сын кодта. Йæ бон цæмæйдæ-риддæр уыдис, уымæй. Фыссæджы царды æмæ ирон адæмы иууыл уæззаудæр азты уый иудадзыг агуырдта, йæ адæмы цард цæмæй фæрогдæр кодтаид, ахæм фæндæгтæ.

О, нæу поэты сфæлдыстад йемыдзаг уарзондзинад æмæ интимон лирикæйæ. Поэтæн йæ бон нæ уыд зæрдæйæн æхцондзинадхæссæг зарджытæ нывæндын ахæм рæстæджы, йæ адæм, сæйраджы та мад-сылгоймаг уæззау куыст, мæгуырдзинад æмæ алыгъуызон мæлæтхæссæг низтæй куы хъæрзыдтой. Нæ йын лæвæрд-та уый бар йæ намыс – иууыл æгъатырдæр, иууыл гуманондæр та адæймагæн йæхи намысы рахæсгæ тæрхон у.

Аивгъуыйгæ æнусы дыууынæм азты поэт сфæлдыста йæ хъайтарон поэмæ «Аз-джериты Куыцыкк». Æмæ йæ поэмæйæн йæхи мидæг агуры дзуапп гуманондзинады темæимæ баст æнусон фарстатæн. Уацмыс райдайы фыдыбæстæйы рæсугъд æрдз æвдисæг афыстæй, кæцыйы уæлтæмæны рæсугъддзинад адæймаджы уды гуырын кæны райгуырæн зæхмæ уарзондзинад, йæ уарзтмонц зæрдæ йын æфсады цардбæл-лондзинадæй, дæтты йын хъару æмæ циндзинад:

 Рæвдауынæн фæдаринаг рæсугъд

  бæстæ

Куыннæ вæййынц нæ хæхтæ ‘мæ нæ быдыртæ! –

Зæрдæхъæлдзæг  кæм бавæййы   æфхæрд лæг дæр…

Æрдзы хуызтæй удæхцондзинад райсыны фæстæ поэт рахизы эпикон дуджы зæгъинæгтæм. Рагон Иры бæстыл бахъомыл диссаджы рæсугъд сылыстæг, кæцыйæн йæ ном дæр у йæхимæ гæсгæ – Бæстырæсугъд. Поэт йе сфæлдисгæ фæлгондзæн ныв кæны рæсугъд портрет «чызджы рæсугъддзинады тыххæй хохæгтæ-ирæтты цæстæнгасы идеалмæ гæсгæ». Йæ рæсугъддзинад æмæ йе ‘гъдауы кой дардмæ кæмæн айхъуыст, уыцы чызджы усæн æрхæссын никæй къухы æфты ус-гурты равзаргæдæртæй. Сæрыстыр чыз-джы зæрдæ балхæныныл бæргæ архайынц чи – йæ фидауцæй, чи – йæ мæлгъæвзагæй, чи – бæхыл бадынæй, чи – йæ аив кафт æмæ зардæй. Фæлæ уый адæймаджы уды агуры адæмы сæрибардзинады сæрыл, адæйма-джы кад æмæ намыс, æнусон цагъарады къæлæтæй йæ ссæрибар кæныныл тохгæнæджы. Афтæмæй йе ‘взонг царды азтæ ивгъуыйынц, амонд æмæ йын уарзт чи æрхæсса, ахæм æвæджиауы цæмæдæр æви кæмæдæр æнхъæлмæ кæсгæйæ.

Поэт дæсны психологау анализ кæны йæ хъайтары алыгъуызон мидхъуырдухæн-тæн. Бæстырæсугъдæн æнæуынон сты тæппуддзинад, тыхæвзæрсты раз цагъа-радон коммæгæсдзинад. Æмбал нæй йæ фæндыры цагъдæн æмæ уыцы фæндыры цагъдæй дзуры дæлдзиныджы бынаты уæвæг адæмы рыст æмæ хъизæмарыл. Йæ уды хъизæмæрттыл уæлахиз кæнын æмæ йæ сæрыстырдзинады æнæфæцудгæ æу-уæлты фæрцы алцæмæй дæр у сылгоймаг-хъайтар.

Азджериты Куыцыкк поэмæйæн суанг йæ райдайæнæй фæстæмæ цæстыты раз сысты сæрыстыр лæппуйæ, йæ удысконды абухы сæ-рыстырдзинад æмæ хæрзæгъдаудзинад. Æвзонг лæппу, куыд æнхъæл уыд, афтæ къудипп æмæ хивæнд чызгыл нæ сæмбæлд, фæ-лæ йын цардмæ йæ цæстытæ чи байгом кодта, ахæм зондджын, куырыхон сылыстæгыл. Бæстырæсугъд ын йæ уды бауагъта сæри-бармæ тырнындзианд, разæнгард æй кæны, мæгуырдзинад æмæ  цагъарады уæззау æфсондзы бын чи рафтыд, уыцы æфхæрд адæмы ссæрибар кæнынмæ.

Барахъты Гинойы сфæлдастады бирæ ис адæмон дзыхæйдзургæ сфæлдыстады бындурыл фыст уацмыстæ. Йæ фыццаг чиныг схуыдта «Раздзог», кæцыйы бындуронæй сты легендæтæ æмæ æмбисæндтæ. Йæ дыккаг чиныг «Зарджытæ æмæ æмдзæвгæтæ»-мæ хаст æрцыдысты поэмæтæ «Азджериты Куыцыкк», «Уæлладжыры кадæг», æмдзæвгæтæ «Чермен», «Зæххы рæсугъд», «Тауче», «Чи у аххосджын» æмæ æндæртæ. Гинойæн бирæ бантыст тæлмацы хъуыддаджы дæр. Ирон æвзагмæ раивта Пушкины, Лермонтовы, Горькийы, Гюгойы æмæ æндæр стыр фысджыты уацмыстæ.

Гинойы цард æмæ сфæлдыстад бæстон райртасынмæ æппæты фыццаг æмæ бæстондæрæй æрæвнæлдта Мамсыраты Дæбе. Фæстæдæр ын йе сфæлдыстадæн лæмбынæг анализ сарæзта Джыккайты Шамил дæр.

Гинойы сфæлдыстад æмæ æхсæнадон архайдæн стыр аргъ кодта Дзесты Куыдзæг, йемæ лæгæй-лæгмæ зонгæ кæй уыд, уый тыххæй фыста йæ мысинæгты дæр:

«Уый уыд 1919 азы. Урстуалты. Едысы хъæуы фæзындысты æнæзонгæ уазджытæ. Уæды онг-иу нæ хъæумæ цы хицæуттæ – ахуыргонд адæм –  æрбацыд, уыдон сæ дарæсæй дæр бæрæг дардтой нæхионты ‘хсæн. Фæлæ кæй кой кæнинаг дæн, уыдон сæ уæлæдарæсæй дæр ницы хъауджыдæр уыдысты нæхи хъæуы цæрджытæй. Ас адæмæй куыд хъуыстам, афтæмæй нæ уазджытæ уыдысты Цæгат Ирыстонæй. Цæвиттон, Цæгат Ирыстоны уыцы рæстæджы фæуæлахиз сты кадеттæ, æмæ уæд нæ уазджытæн уым уæвæн нал уыд, большевиктæ кæй уыдысты, уый фæдыл æмæ уал сæхи райстой Хуссар Йрыстонмæ. 

Нæ хъæуы сæ фысым уыд большевикты партийы активон кусæг Бе-джызаты Чермен. Фыццаг хатт уæд фембæлдтæн Барахъты Гинойыл. «Фембæлдтæн» ныхас дæр, æвæдза, иттæг раст нæу, Гино уæд лæппулæг уыд, мæныл та цыди 13-14 азы æмæ йæм сдзурын дæр нæ уæндыдтæн.

Гино сахуыр кодта, фæсивæд Тлаттаты Черменыл цы зарæг сарæзта, уый, æмæ зарæг уайтагъд айхъуыст Урстуалты æмæ Ручъы хъæуты. Гино æппынæдзухдæр чиныгимæ цыдис (Черменмæ хорз библиотекæ уыд). Кæд-иу кæсгæ нæ кодта, уæд та адæмон зарджыты ныхæстæ фыста. «Дæдадæйы» зарджыты куплеттæй кæй ныффыста, уыдонæй махмæ, скъоладзаутæм дæр ма æрбахауд иу-цалдæр. 1920 азы Цæгат Кавказы æмæ Цæгат Ирыстоны урсгвардионтимæ тох куы стынг, уæд Гино ацыд Цæгат Ирыстонмæ æмæ уым  разамынд лæвæрдта партизантæн».

Барахъты Гино зынгæ æхсæнадон архайæг уыдис. Уымæ гæсгæ йæ алчи дæр зыдта  Ирыстоны. Йæ номимæ баст ис цалдæр цымыдисон хабары дæр. Ныртæккæ Маркусы уынджы, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты агъуыстытæй иу  кæм ис, уым 20-æм азты райдайæны уыд адæмон ахуырады  паддзахадон институт – государственный институт народного образования, цыбырæй та – ГИНО. Агъуыстæн æддейæ, уынджырдыгæй йæ къæсæрыл стыр дамгъæтæй фыст уыди: Г И Н О. Гъемæ, дам, Гинойы чи зыдта, ахæм чидæртæ уыцы фыст куы федтой, уæд ыл бахъаст кодтой. Кæсут, бæлшевик Барахъты Гино, дам, йæхицæн, куыд дзæбæх хæдзар æрцахста!.. Иннæ хабар та ахæм уыд. Гино Едысы кæмæ цардис Беджызатæм, уыдоны фыд Дауыт Джæуджыхъæумæ ркодта йæ кæстæр фырт Васяйы, паддзахады хардзæй кæм ахуыр кодтаид, ахæм скъоламæ. Чидæр ын бацамыдта, зæгъгæ, ахæм скъола у  дæлæ ГИНО, æмæ йæ уырдæм ратт. 

– Дæ цæрæнбон бирæ! – бацин кодта Дауыт. – Кæд уый Гинойæ кæн-гæ у, уæд æй куыд нæ айсдзæн, æнæхъæн сæрд нæ хæдзары куы фæцард!..

 Дзесты Куыдзæг ссæдзæм азты, газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы куы куыста, уæд рабфачы студенттæ фæсидтысты Гиномæ, цæмæй сын Хетæгкаты Къостайы тыххæй доклад бафæрса. Гино раныхас кодта Къостайы тыххæй, чидæртæ куыд дзырдтой, афтæ нæ, фæлæ йæхирдыгонау. Цæвиттон, кæмæдæрты Къоста азымаг каст, йæ уацмысты Хуыцауы кой кæй кæны æмæ «кълассон дихдзинад» кæй нæ иртасы, уый тыххæй. Куыдзæг ныффыста Гинойы доклад газетмæ, фæлæ уал ын æй бакаст йæхицæн. Гиномæ хорз фæкаст йæ фыст, æрмæст ма йын загъта:

 -Хорз у, фæлæ ма йын йæ кæронмæ бафтау: «Къоста уыд æмæ у ирон мæгуыр фæллойгæнæг адæмы фыссæг, æмæ йæ никæмæн ратдзысты».

Ахæм лæг уыд, Гино. Ахæм рæстаг позици йын уыд æмæ йæхи сны-вонд кодта уыцы позицийæн, Ирыстонæн, ирон адæмæн, советон цардуагæн. Фæлæ йын советон цардуаджы уæды бардуаг нæ радта, йæхи нывондæн кæмæн хаста, уыцы цардуаджы фæцæрыны фадат. Бабын æй кодта ирон адæмы хуыздæрты куыд бабын кодта, афтæ. Цæмæн?..

ГÆЗЗАТЫ  А.Р.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.