Дæхи уарз?

Куыд  бафиппайдæуыд, афтæмæй адæймаг æндæртæн цымыдисон у, цалынмæ йæхæдæг йæхи кой кæнын нæ райдайа, уæдмæ. Фæлæ ацы фæстаг дуджы фæзынд ахæм зондамонджытæ, зæгъгæ, дæхи куынæ уарзай, уæд дын ничи ницы фæуыдзæн. Æмæ уыцы зондыл хæцынц ныртæккæ адæмæн сæ фылдæр. Искæй цур æрбадтæ, уæд кæнынц æрмæстдæр сæхи кой. Куыд фæллайы уд ахæмтæй!

Мæн та нæ фæнды мæхи кой кæнын, уымæн æмæ нæ цард уыйбæрц диссаг у, æмæ йыл адæймаджы зонд æххæсгæ дæр нæ кæны, æмæ нæ царды диссæгтæ нымад дæр кæд фæуыдзыстæм! Гъе, æмæ кæд нæхи кой ракæнæм, уæддæр цæвиттоны тыххæй, хи стауынæн нæ, фæлæ. Æндæргъуызон зондамонджытæ уый куы фехъусынц, уæд сын диссаджы хъыг вæййы: «Ныр ды уымæн афтæ дзурыс, цæмæй мæн фæкъæмдзæстыг кæнай!», – фæзæгъынц мын уыдон. Фæлæ мæнæн та мæ хъуыды равзæры бирæ æндæр аххосæгтæй, æмæ сæ сымах дæр æнæфæхатгæ нæ уыдзыстут.

Къостайы сæрибары нысæнттæ

Цæвиттон, Цæгат Ирыстоны паддахадон университет 1995 азы цы уыди, авд ахæмы фестади. Ныффæтæнтæ, ныууæрæх ис. Фæлæ диссаг уый нæу, диссаг уый у, æмæ ме студентон дуджы университеты алыварс сарæзтой æфсæн бру. Уæд Хетæгкаты Къостайы цырт цы бынаты лæууыд, ууылты йæ æрбахгæдтой. Æрбахгæдтой йæ, фæлæ Къостайы цырт уæддæр æдде аззади. Уыцы заманы цыргъзонд адæмæй чидæр афтæ фыста, зæгъгæ, Хетæджы фырт сæрибаруарзаг уыди, æмæ сын йæ цырт дæр ахæстоны кæнын нæ бакуымдта, зæгъгæ. Ныр фæдисау дæн, университетмæ, ирон факультетмæ цæугæйæ, уыцы бру бынтондæр иуварс хаст кæй æрцыди, уый фенгæйæ. Ацы аз нæ гениалон поэтæн йæ юбилейон аз у, æмæ мын ацы хъуыдытæ цыдæр æхцондзинад æрхастой, цыма Хетæджы фыртæн йæ царды сусæгдзинæдтæм искуыцæй бакастæн, цыма дзы ногæй исты ссардтон, афтæ уыди мæ зæрдæ.

Уæддæр æм æз бæллын

Уæвджыйæдæр, Къостамæ баххæссын куыд зын у! Кæддæр,  сывæллон уæвгæйæ, иу æмдзæвгæйы ныффыстон:

«Бæргæ куы амонид мæ арм,

Къостайæ уæд зæгъин æфсымæр.

Кæд дыл мæ тугæй не ‘фта хъарм –

Мæ цырт мын уый аууоны сывæр!».

Афтæтæ ныффыстон, бæргæ, ме ‘мдзæгæйы, фæлæ мын æй консультант куы бакаст, уæд мын афтæ зæгъы: «Дæхи Къостамæ æгæр нæ ивазыс! Фæстаг рæнхъ раив, æмæ дзы ныффысс афтæ: «Мæ цырт мын искуы фæсвæд сывæр!».

Сразы дæн, мæхи азымджынæй фæхатыдтæн, фæлæ абон дæр уыцы рæнхъ мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Мæнмæ гæсгæ мæхи рæнхъы дæр ахæмæй ницы уыди. Уый нæ, фæлæ мæ цырт Къостайы аууоны æвæрд куы ‘рцæуа, уæд мæнæн уый амонд у, уымæн та, мæнмæ абаргæйæ, тынгдæр разындзæн йе стырад… Нæ ахуыргæндтæй чидæртæ раст пафосимæ фæдзурынц, махæй алкæмæн дæр ис йæхи Къоста, зæгъгæ, æмæ ацы хъуыды тынг хæстæг у мæ зæрдæйæн. Чизоны æмæ махæй алчи уый аккаг нæу, цæмæй мæхи Къоста, зæгъгæ, зæгъа, фæлæ нæ алкæмæн дæр уый у йæ бæллиц, Къостайы диссаджы хæзнатæ цы фæндæгтыл зæрст сты, стъалыджын арвыл стъалыты дзыгуырау тыбар-тыбур кæм кæнынц, ууылты иу цыд уæддæр куы акæниккам, уый нæ алкæйы зæрдæ дæр зæгъы.

Ахæм бæллиц ис мæнмæ дæр, æмæ Хуыцау хорз у, чизоны, æмæ мæм уыцы амонд искуы æрхауа, æмæ мæнæн мæхи Къоста ис, зæгъгæ, зæгъон. Уый тыххæй та йе сфæлдыстады нукмæ хъуамæ иучысыл уæддæр бауадзай дон.  Амонд та хорз æмæ æвзæры не ‘взары, уый не ‘ппæт дæр зонæм, стæй амондмæ бæллын цас стыр фыдракæнд у, æмæ йæм бæлдзынæн æз дæр, мæ уыцы рæнхъ та фæстæмæ рараст кæндзынæн…

Къостайы номыл университеты хорз æнтыст

Уæдæ ацы аз Къостайы аз кæй у, уый мын æрмæст ацы æнкъарæнтæ не ‘взарын кæны, фæлæ ма Цæгат Ирыстоны йæ номыл универститеты ахуыргæнджытæй иу, Куыдзойты Анжелæ куыд зæгъы, афтæмæй ацы аз ирон æвзаджы факультеты хуымы байтыдæуыд, бæркадджын тыллæг чи æрхæсдзæн, ахæм мыггæгтæ:

1) Ацы аз фыццаг хатт бакалавриаты фыццаг курсы ис æртæ къорды: ирон филологийы, ирон-уырыссаг, ирон-англисаг (æдæппæт – 31 адæймаджы);

2) ацы аз фыццаг хатт магистратурæйы фыццаг курсы ис 2 къорды (цæттæгæнæн программæтæ «УФ-йы адæмты æвзæгтæ (ирон æвзаг) æмæ «Ирон æвзаджы амоныны амæлттæ поликультурон æхсæнады», иумæйагæй – 20 адæймаджы;

3) ацы аз фыццаг хатт ирон æвзаг æмæ литературæйы кафед-рæйы аспирантурæмæ бацыдысты 3 адæймаджы иумæ (сæ дæс-ныйæдтæ сты «УФ-йы адæмты æвзæгтæ (ирон æвзаг), УФ-йы адæмты литературæ (ирон литературæ)», «Абарстон-фарсмæвæрæн æвзагзонынад».

Фыццаг хатт нæ царды дыууæ аспиранты ахуыры хæрдзтæ йæхимæ райста РЦИ-Аланийы хицауад»!

 Фырдзыт æдзыт у

Хъуыддаджы æнтысты фæдыл йæ хъарутæ чи бахардз кæны, уыдонæн аккаг аргъ скæныны кой куы кæнæм, уæд ацы ран дæр зонын хъæуы бæрц æмæ æфсис, уымæн æмæ, уыцы кад æмæ хорзæхты фæдыл цæугæйæ, адæймаг кæны куыстиппæрд, хъуыддагæн та йæ размæцыдæн свæййы къуылымпыйы хос. Ныббарæнт мын æгæр карз ныхас, фæлæ цæмæн хъуамæ кура адæймаг йæхи дзыхæй кады нысæнттæ æмæ хорзæхтæ? Искуы бонты æцæгæй кадджын æмæ номдзыд адæймаджы уыдæттæм æвдæлди, йæ сæрмæ сæ хаста? «Дæхицæн аргъ кæнын зон!» – ай у нæ дуджы адæмæн сæ фылдæры удысконды сæйраг миниуæг. Ау, дæхицæн цы аргъ скæнай, уый дæр аргъ хуыйны!? Æви хицæн аргъ кæнын психиатрийы фадыгмæ нал хауы? Психиатри æмæ психологийы амонынц, адæймаг йæхицæн æгæр чысыл кæнæ æгæр стыр аргъ куы кæна, уæд уый низ у, зæгъгæ. Ахæм низæн хос чындæуы сæрмагонд мадзæлтты фæрцы. Низы фæзынды аххосæгтæ вæййынц: уæззау сабидуг  кæнæ æмбæхст зæрдæрыст, гъе та раргомгæнæн кæмæн нæй, ахæм уды хъæдгом. Кæд адæймаг йæхимæ уыдæттæ уыны,  уæд хъуыдыйаг у. Кæд адæмæн сæ фылдæр ахæмтæ систы, уæд уый та додойаг у! Уымæн æмæ фырдзыт æдзыт у…

Къоста нæ агуырдта ном

Уæдæ нæ сæйраг дзуринаг Къоста у, æмæ ацы ран уымæй стырдæр цæвиттонæн уæвæн нæй. Цæмæн у уарзон æмæ цымыдисон Къоста нæ адæмæн алы æмæ алы дугты æмæ афонты дæр? Уымæн æмæ уый никуы кодта йæхи уды мæт, йе ‘ппæт сагъæстæ æмæ рыст баст уыдысты адæмимæ. Адæммæ уарзондзинад та канд уымæн нæ уыди лæвæрд, уыцы хорзæх, ома, адæммæ, бинонтæм, сабитæм, цæрæгойтæм, æрдзмæ, иудзырдæй – уарзондзинады æппæт хуызтæ дæр Хуыцау адæмыл æмхуызон байуары, фæлæ йын стæй ратты равзарыны бар: равзар, адæмы хорзæх  кæнæ дæ уды пайда, зæгъгæ. Гъе, æмæ йæ Хетæджы фырт равзæрста: «Я лиру посвятил народу моему!», – ацы æмæ æндæр æнæмæлгæ рæнхъыты уый раргом кодта йæ уарзтæй йемыдзаг зæрдæ.

Чизоны, исчи зæгъа, зæгъгæ, алчи поэт нæу, афтæ æрмæст поэт фæуарзы, фæлæ нæ царды алкæцы фадыджы дæр махæн нæ бон у аив цæрын, зæрдæты фæрнджын мыггæгтæ тауын, зæрдæйы хорз бæллицтæ дарын. Уымæн æмæ махæн нæ ныхас æмæ нæ архайд баст у, нæ зæрдæтæ дзаг цæмæй сты, ууыл.

Къоста – нæ адæмы цырагъдар

Фæнды мæ, цæмæй махæн Къоста уа нæ зæххон царды бæллиц, уымæн æмæ уый у нæ адæмæн цырагъдар. Цырагъдар кæмæн нæй, уый тары цæуы  æмæ дзæгъæл кæны, цырагъ чи дары, уый та йæ зоны, кæдæм цæуы, æмæ йæ фæдылдзæуджытæн ныфсы хос у.

Къостайы феномен нырма кæронмæ иртæст нæма ‘рцыд. Уый тыххæй здахы йæхимæ иртасджыты азæй-азмæ, æнусæй-æнусмæ. Уыцы иртасджытæй йын алчи дæр рахæссы йæ уды хæзнадонæй иудзæвгар, фæлæ æххæст нæ. Нæ, Хуыцау аразын дзы нæ хъæуы, уый адæймаг уыди, зæххон адæймаг, фæлæ йæ зæрдæйы цы стыр уарзт уыд, уый фæрцы ссардта ахæм стыр кад æмæ æнæмæлгæ ном. Чи бæллы уыцы уарзтмæ, уый дæр ссардзæн кад æмæ ном адæмы ‘хсæн.

Кæд æмæ Къоста уа нæ бæллиц!..

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.