2019 азы бакæнгæ куысты фæдыл хыгъдон æмбырд уагъд æрцыд Геологи, экологи æмæ æрдзæй пайда кæныны фæдыл комитеты, кæцыйы куысты хайад райста Хицауады Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади.

Комитеты Сæрдар Бестауты Бала йæ доклады банысан кодта куысты сæйраг аспекттæ, кæцытæ здæхт сты æрдзæй пайда кæныны фадыджы паддзахадон политикæ реализаци кæнынмæ. 

Комитеты сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй алфæмблай хъахъхъæныны фадыджы контроль æххæст кæныны рæстæджы рабæрæг,  æрдз хъахъхъæныны закъондæттынады бирæ домæнтæ хæлд кæй цыдысты, ахæмтæ куыд æнæсанкцион брондæттæ скуынæг кæныны фæдыл администрациты сæргълæуджытæ хъæуæг мадзæлттæ кæй нæ райстой, æрдз хъахъхъæныны фæдыл сæм бакуыстгонд документтæ кæй нæ вæййы, атмосферæмæ чъизигæнæн буарадтæ калыны фæдыл сæм бакуыстгонд барты гæххæт кæй нæ уæвы, алфамблайыл негативонæй æндавыны тыххæй фиддонтæ фыст кæй нæ цæуынц.

Мониторингы фæстиуджыты фæдыл Хуссар Ирыстоны цæрæн пунктты бæрæг æрцыдысты цардуагон брæтты стихийон брондæттæ.

Уавæрæй пайда кæнгæйæ, Бестауты Бала æрсидт республикæйы цæрджытæм æппæт профилон организацитæ æмæ куыстуæттæм цæмæй æххæст кæной техникон регламент æмæ республикæйы сæйраг цæугæдон – Стыр Леуахи, æмæ æндæр цæугæдæтты арæзтадон брæттæй ма чъизи кæной.

«Дон чъизи кæнын у стыр экологон проблемæ. Дон сыгъдæг кæныны уæвæг амæлттæ йæ æгъдауыл нæ сыгъдæг кæнынц æмæ гæнæн ис  æркæной серьезон экологон фæстиуджытæм», – загъта Бестауты Бала.

Бекъойты Геннади банысан кодта, зæгъгæ, æрдз хъахъхъæныны ведомствойы раз лæууынц серьезон фарстытæ, кæцытæ скъуыддзаг кæнын хъæуы иумæйагæй.

«Хуссар Ирыстон хицæн кæны йæ хæрз-вадат экологийæ, кæцыйы мах иумæйаг тыхтæй хъуамæ бахъахъхъæнæм æмæ йæ фидæны фæлтæрмæ адæттæм. Æнæмæнгхъæуæг у барадон мадзæлттæ хуыздæр кæнын æмæ сæ царды æххæст кæнын, ацы куыстмæ æппæт цымыдисгæнæг организациты, афтæ ма дзыллон информацион фæрæзты хъусдард аздахын», – банысан кодта Бекъойты Геннади.

Хыгъдон æмбырды скъуыддзаг æрцыд арæзтадон брæтты фæдыл специалон æмбырд ауадзын æмæ сбæрæг кæнын уыдонæн  специалон  бынæттæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.