Стыр Уæлахизы бон Театралон фæзуаты маршæй рацæудзысты парадон расчеттæ нæ республикæйы Хъахъхъæнынады, Мидхъуыддæгты, Юстицийы, Уæлвæткон уавæрты министрадтæй, УФ-йы 4-æм гвардион æфсæддон базæйæ, Арæнхъахъхъæнæг службæйæ æмæ ма кадетон скъолайы курсанттæ. Ӕдæппæт 18 парадон расчеты, 9 сырхтырысаджын къорды, оркестр æмæ 30 иуæджы та – æфсæддон техникæ. Ӕрмæст Мидхъуыддæгты министрадæй дзы хайад райсдзысты 100 адæймаджы бæрц – сылгоймæгты парадон расчет, милицæйы сæрмагонд нысаны къорды кусджытæ æмæ ма механизацигонд колоннæ.
Репетицитæ цæуынц Театралон фæзуаты. 4 æмæ 5 майы дзы нæма уыдис бронетехникæ. Хуыцаубоны, 7 майы, уыдзæн Генералон репетици. Хайад дзы райсдзысты бронетехникæ дæр, хæстонты уæлæдарæс дæр уыдзæнис парадон.
Бæрæгбонон мадзæлтты агъоммæ республикæйы тыхон структурæтæ рахиздзысты фæтыхджындæргонд куысты режиммæ. 9 майы райсомæй Театралон фæзуат автотранспортæн æхгæд æрцæудзæнис. Ӕппæт мадзæлттæ дæр уыдзысты барадхъахъхъæнæг органты цæстдарды бын.
ДЖИОТЫ Алыксандр