Адæймаг йæхицæн кад æмæ ном скæны, æрвылбон дæр цы адæмы ‘хсæн цæры, уыдон раз йæхи цæвиттойнагæй куы æвдиса, йæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ бæрндзинады цæстæй куы кæса, уæд. Ахæмæй зонынц Знауыры районы Сихиаты хъæуы цæрæг Тедеты Фрузяйы дæр сыхбæстæ, чи йæ зоны, æппæт уыдон. Тедион райгуырд æмæ йе ‘взонджы бонтæ арвыста Торманеулийы (Зæдбадæны) хъæуы, чысылæй фæстæмæ йæ ныййарджытæн рог кодта сæ къух хæдзары куыстыты, уæлдайдæр та фосимæ архайгæйæ. Уый раджы бамбæрста, фосы продуктивондзинад бирæ кæнгæ кæй у се ‘нæниздзинадæй. Уымæ гæсгæ астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнын райдыдта Цхинвалы хъæууонхæдзарадон техникумы ветеринарон хайады æмæ йæ каст фæци 1974 азы. Уыцы аз кусын райдыдта Бехъмары æхсæнадон хæдзарады фосдарды фермæйы ветфельдшерæй.

Хатт иутæ афтæ фенхъæлынц, цыма фосдарды къабазы æнтыстытæ æрмæст фосмæзилджытæ æмæ фыййæутты æвæллайгæ куысты фæрцы æфтынц къухты. Фæлæ уый бынтон афтæ дæр нæу, уымæн æмæ дзы сæ хайбавæрд æнæмæнгдæр вæййы ветфельдшерæн дæр. Фосы æнæниздзинад ахъаз у сæ продуктивондзинады рæзтæн, афтæ ма æнæниз цот хъомыл кæнынæн дæр. Уыцы хъуыддаджы раппæлинаг у Тедеты чызг, кæцы 50 азы дæргъы æнæзæрдæхудтæй æххæст кæны йæ разылæууæг хæстæ.

Куыстуарзаг æмæ хæдзардзин чызг йæ амонд баиу кодта Сихиаты хъæуккаг лæппу Козаты Хъазбегимæ. Дыууæ уарзæгой æмкъайы уыдысты амондджын, фæзынд сын дыууæ фырты æмæ сæ цинæй радысты. Фæлæ сын уыцы рæсугъд амонд фæстæдæр фæкъахыр – цардæй ахицæн Хъазбег æмæ хæдзары уæз иууылдæр æрæнцад сылгоймаджы уæхсджытыл. Царды зындзинæдтæн бафæрæзта Фрузя, йæ дыууæ кæстæрæн  радта хорз хъомылад æмæ ныййарæг мад уыдон цинæй йæхи нымайы амондджын.

Ацы бонты Тедеты Фрузяйыл сæххæст 70 азы æмæ йын йæ юбилейы фæдыл арфæтæ кæнынц йæ хорз адæм, цы хъæубæсты ‘хсæн цæры æмæ фæллой кæны уыдон æмæ йе ‘мкусджытæ дæр.

                                                               ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.