Уалыты Азæйыл, ныр цыппор азæй фылдæр, æрвылрайсом æмæ фæскуыст, хъарм бон уа æви уазал, арæхдæр амбæлæн ис нæ горæты Плиты Иссæйы уынгæй Анахарсисы номыл республикон библиотекæмæ фæндагыл. Ацы библиотекæйы Азæ кусы рагæй. Райдианы æххæст кодта хицæн æмæ хицæн куыстытæ. А фæстаг цалдæр азы та у кæсæн залы разамонæг. Кусын та райдыдта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институт хорз нысæнттимæ каст куы фæцис, уæд.

Азæ райгуырд æмæ схъомыл Цхинвалы. Куыд иннæ сабитæ, афтæ уымæн дæр нæ горæтмæ уарзондзинад бахсыст йæ уынгты, фæзуæтты æмæ паркы. Абон дæр фæзæгъы, йæ сабибонтæй куыд райгонд æмæ сæрыстыр у, цас æмбæлттæ йын уыд, куыд хæлар уыдысты иу бинонтау, хотæ æмæ æфсымæртау. Дæсгай азтæ аивгъуыдтой уæдæй нырмæ, фæлæ абон дæр куы амбæлынц, уæд сæ хъæлдзæг ныхасæн кæрон нал вæййы, æрымысынц се ‘взонг царды цаутæ…

Æвзыгъд чызг бахауд райдиан кълæсты ахуыргæнæг Гасситы Аннæйы къухтæм. Хистæр къласы ахуыргæнджытæй та Валетина Шевалдина ныууагъта арф фæд.  Мемæ ныхас кæнгæйæ дæр сæрыстырæй дзырдта йæ ахуыргæнджыты бæрзонд профессионалон æмвæзадыл, сæ уæздан æмæ уарзон ахастыл.

Азæ кæд ахуыр кæнын райдыдта 3-æм астæуккаг скъолайы, уæд 1971 азы та каст фæцис 7-æм астæуккаг скъола. Скъола, ахуыргæнджытæ æмæ æмкъласонтæ фæивын арæх ахуыргæнинагыл бандавынц мæгуырауæрдæм, уый æмбæрстой йæ ныййарджытæ Зауыр æмæ Плиты Оля дæр, фæлæ сæ царды уавæртæ фæивтой æмæ сын æндæр гæнæн дæр нал уыд. О, фæлæ мад æмæ фыды катай уыд  æнæхъуаджы. Зæрдæргъæвд æмæ æмгаруарзаг чызг цалдæр боны фæстæ йæ ног æмкъласонты хсæн афтæ арф «аныгъуылд» æмæ хатгæ дæр ничи ракодтаид се ‘хсæн чысыл рæстæг кæй ис, уый. Скъола æмæ йе ‘мгæрттæ кæй фæивта, уый мæгуырауырдæм нæ бандæвта йæ ахуыр­фæразондзинадыл æмæ скъола хорз нысæнттыл каст фæуыны фæстæ ссис студент. Азæ уæлдæр ахуыргæнæндоны дæр, фыццаг бонæй фæстæмæ, йæхи равдыста хорз студентæй.

Азæ институт дæр каст фæцис хорз нысæнтимæ. Æмæ уырнинаг у, ахæм нысæнттимæ дипломы хицауæн, куыстмæ бацæуыны тыххæй, кæд нæйы ничи загътаит, уæддæр Азæйы бафæндыд библиотекæйы кусын. Æд документтæ бацыд йæ уæды разамындмæ, уыдон сæм æркастысты лæмбынæг æмæ дыккаг бон Азæ фыццаг хатт балæууыд йæ куысты уæлхъус.

Библиотекæйы кусæджы куыст цæмæн равзæрста, уый тыххæй йæ куы афарстон уæд, кæй фенкъард, уый æнæрахатгæ нæ фæдæн, йæ дзæнæттаг фыд Зауыр ауад йæ цæстытыл æмæ мын афтæ:

«Афтæ чи фæзæгъы, зæгъгæ, иуæй иу гыццыл чызг йæ фыдимæ вæййы хæлардæр,  уыдон цасдæрбæрцæй сты раст. Куыд нæ уарзтон æмæ аргъ кодтон мæ мадæн, уыимæ дæр уыдтæн æнгом, фæлæ-иу мæм мæ фыды фенд æвзæрын кодта стырдæр æнкъарæнтæ. Иу фæлтæр, радон хатт иумæ горæты уынгты куы тезгъо кодтам, уæд мæ бакодта библиотекæмæ. Уый æппæт чингуытæ куы федтон, уæд, нæ зонын цæмæн, фæлæ мæ цинæн кæрон дæр нал уыд. Хъуыды ма кæнын, мæ фыдмæ цы бирæ фарстытæ лæвæрдтон, уыдонæн истон æхцондзинад мын чи хаста, ахæм  дзуаппытæ. Куы федта чингуытыл бацин кодтон, уæд ма мын дзы цалдæр исгæ дæр ракодта. Уæд дыккаг къласмæ цыдтæн, рæвдз нæма уыдтæн кæсынмæ, фæлæ уыцы чингуытæ цалынмæ фæстæмæ, библиотекæмæ хаста, уæдмæ æппынæдзух уыдысты мемæ.»

Азæ кæд уæд æххæстæй нæма æмбæрста æмæ зыдта цы у библиотекæ æмæ йæ кусджыты хæс, уæддæр уæдæй фæстæмæ йæ хъуыдыйæ нал ахауд æмæ хæрз æвзонгæй цы куыстуат бауарзта, уым ис абон дæр.

Чидæртæ   библиотекæйы куыст нымайынц рогыл, фæлæ бынтон афтæ нæу. Советон дуджы кæсæн зал иста 50 экзепляры бæрц газеттæ æмæ журнæлттæ. Уыдон райсын, алкæй дзы йæ бынатмæ фæхæццæ кæнын, схал сæ кæнын хуымæтæджы хъуыддаг нæу, фæлæ Азæ уыцы куыст æххæст кодта æмæ кæны æппæт домæнтæм гæсгæ.

Куыстмæ йæ иузæрдион ахасты тыххæй цалдæр азы размæ Азæйæн лæвæрд æрцыдис «Куысты ветеран»-ы кадджын ном. Ацæугæ аз та ссис Хуссар Ирыстоны «Культурæйы сгуыхт кусæг».

Уыцы рæстæгмæ абаргæйæ кæд кæсæн зал абон цы газеттæ æмæ журнæлттæ исы, уыдон нымæц фæкъаддæр, уæддæр ардæм, æрвылбон дæр æрбацæуы, дзæвгар адæм. Уыдонæй сæ иу Къуезерты Петр  Азæйы  тыххæй загъта:

«Раст зæгъут, газеттæ æмæ журнæлттæ бакæсынмæ, базонынмæ цы фæхъæуы, уый тыххæй библиотекæйы кæсæн залмæ бацæуын арæх. Нæ хъуыды кæнын æмæ искуы уырдыгæй рацыдтæн хъæстагæй. Азæ мидбылхудгæ мæ размæ рауайы, чысыл фæстæдæр та мын мæ разы авæры, цы газеттæ æмæ мæ журнæлттæ фæхъæуы, уыдон. Æцæг у, арæх дзы æнкъардæй дæр раздæхын. Кæд-иу раздæр, кæм  æрбадтаин уый дæр нал уыд, уæд ныр та, иуæй иу хатт дзы уым никæй баййафын æмæ мын вæййы зын. Фæивта ма кæй-иу æрбаййæфтон, уыдон кар дæр. Раздæр ардæм арæхдæр  цыдысты хистæр кары адæймæгтæ, фæстаг азты та дзы арæхдæр баййафын æвзонг лæппутæ æмæ чызджыты.»

Азæимæ ныхас кодтон сылгоймæгты дунеон бæрæгбоны хæдразмæ æмæ мæм бахатыд, цæмæй нæ газеты фæрцы уый дæр раарфæ кæна Хуссар Ирыстоны сылгоймæгтæн. Сæйраджыдæр æй бафæндыд, цæмæй сæ алчидæр, кæй   уарзынц æмæ сæ чи уарзы, уыцы адæймæгтимæ уой æнæниз. Зæрдæбын арфæйы ныхæстæ та загъта Украинæйы знаджы ныхмæ кæй хъæбултæ, цардæмбæлттæ æмæ æфсымæртæ лæууынц, уыцы мæдтæ, цардæмбæлттæ æмæ хотæн. Бафæндыд æй, цæмæй тагъддæр фæуа сæрмагонд æфсæддон операци æмæ дзы чи ис, уыдон  æрæздæхой уæнгрогæй æмæ сæрæгасæй.

                                                                                            ГÆЗЗАТЫ Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.