Цытджын æмбæстæгтæ! Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты зынаргъ депутаттæ æмæ кусджытæ!

9-æм декабры мах нысан кæнæм нæ республикæйы ног историйы ахсджиаг бон — бæстæйы уæлдæр закъондæттæн органы сырæзты боны цытæн.

Республикæйы Парламент арæзт цыд зын рæстæджы. Уый уыд зын рæстæг — бахъуыд нæ æд гæрзтæ нæ хæдбардзинадыл тох кæнын. Уыцы зын азты фыццаг æрсидты депутаттæ патриотизм, сæрибардзинад æмæ национ хæдбардзинадмæ фæндон равдисгæйæ, райстой ахсджиаг барадон акттæ æмæ закъæттæ, сæрибар политикон æмæ социалон-экономикон рæзтæн æнæмæнгхъæуæг бындур.

Нæ парламенты рæзты дарддæры истори æнæфæхицæнгæнгæ баст у ирон адæмы хъысмæтимæ, æххæстæй æвдисы национ интерестæ. Алы æрсидт дæр егъау хайбавæрд бахаста ирон парламентаризмы рæзтмæ, аивгъуыйгæ азты хуыздæр традицитæ дарддæр кæнгæйæ, паддзахады арæзтады иууыл сæйрагдæр фарстаты фæдыл раст позици хъахъхъæнгæйæ.

Абон, дунеон политикæйы кæй ис дывæр стандарттæ, уымæ гæсгæ парламенты нысаниуæг бæрзонд кæны, рæзын кæнынц æвзарджыты домæнтæ се ’взарджытæм проблемон фарстатæ æмæ банысангонд пълæнттæ æххæст кæныны фарстаты. Ныфс мæ ис, парламенты депутаттæ æппæт тыхтæ кæй ратдзысты, цæмæй нæ республикæйы цæрджыты æууæнкдзинад фыдæнхъæл ма фæкæной.

Бузныг зæгъын мæ фæнды Парламенты Аппараты кусджытæн, уымæн æмæ уыдон бæрæг хайбавæрд хæссынц парламенты æппæт структурæты архайд сифтонг кæнынмæ.

Мæ цæст уарзы æппæт депутаттæ æмæ аппараты кусджытæн фидар æнæниздзинад, фæрныгад, сабырад æмæ æнтыстытæ Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Æлборты Алан