Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутаттæ æмæ аппараты цытджын кусджытæ!

9 декабры мах нысан кæнæм парламентаризмы историйы иууыл зæрдылдарæн бонтæй сæ иу – РХИ-йы Парламенты сырæзтыл 29 азы сæххæсты бон. Ацы бон Ирыстоны ног историйы ссис йæ ахсджиагдæр бындуртæй сæ иу.

Уæлдæр Совет, стæй республикæйы Парламент йæ архайды рацыд æндидзынады алыгъуызон этаптæ. Абон Парламент, куыд бæстæйы  уæлдæр закъондæттæн орган, афтæ исы барадон акттæ æмæ аразы æппæт уавæртæ дæр барадон демократон паддзахад аразыны фæдыл, цыран сæйраг сты æмбæстæгты бартæ æмæ сæрибардзинад хъахъхъæнын, цæрджыты æмæ иумæйагæй бæстæйы æдасдзинад æмæ æмбарад сифтонг кæнын. Æппæт æрсидтыты депутаттæ дæр бирæ сарæзтой нæ паддзахаддзинад сфидар кæнын, бæстæйы цардархайды æппæт фадгуыты динамикон рæзты барадон ифтонгад, цæрджыты фæрныгад фæбæрзонддæр кæнынæн. Æппæт адæттæ фадат дæттынц нæ республикæйы дидинæфтыды сæраппонд размæ цæуынæн.

Мæ цæст уарзы æппæт депутаттæн æмæ парламенты аппараты кусджытæн æнæниздзинад, сабырад, фæрныгад, куысты сфæлдыстадон æнтыстытæ æмæ æппæт плæнттæ сæххæст кæнын Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.