РХИ-йы 1-6 æрсидтыты Парламенты цытджын депутаттæ æмæ Аппараты кусджытæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын уæ бæрæгбон – Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты боны цытæн.

Парламентæн, бæрзонд закъондæттынадон æмæ кадджын орган уæвгæйæ, æхсæнады царды ис ахсджиаг нысаниуæг. Йæ уæвынады рæстæджы Хуссар Ирыстоны Парламент бакодта серьезон куыст закъондæттынады базæ саразыны æмæ йæ фæхуыздæр кæныны хъуыддаджы, кæцы æнæмæнгхъæуæг бындур у æхсæнады царды алыгъуызон ахсджиаг фадгуыты бирæ проекттæ реализаци кæнынæн. Хуссарирыстойнаг парламентаризмы историйы сыфтæ фæлдахгæйæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаг рады нæ зæрдыл æрлæууынц фыццаг æрсидты депутаттæ, кæцытæ вазыгджыг историон уавæрты стыр патриотизм æмæ æхсардзинад равдисгæйæ, райстой, хъысмæтскъуыддзагæнæн нысаниуæг кæмæн уыд, ахæм ахсджиаг политикон уынаффæтæ. Райст æрцыд республикæйы фыццаг Конституци. Бирæ ирд сыфтæ дзы бафыстой иннæ æрсидтыты депутаттæ дæр, кæцытæ сæ хайбавæрд бахастой республикæйы паддзахиуæгад сфидар кæнынмæ.

Стыр куыст бакондæуыд æхсæнпарламентон бастдзинæдтæ аразын, рауæрæх кæнын æмæ арфдæр кæныны тыххæй. Уыцы бастдзинæдтæн уыд ахсджиаг нысаниуæг хæларадон бæстæтимæ, фыццаджы фыццаг – Уæрæсеимæ – нæ сæйраг цæдисон æмæ стратегион партнеримæ æнтыстджын æмгуысткæнынад кæнынæн. Æхсæзæм æрсидты депутаттæ абон скъуыддзаг кæнынц, республикæйы политикон системæйы рæзтмæ æмæ социалон-экономикон фадыгмæ, республикæйы цæрджыты царды гъæд фæбæрзонддæр кæнынмæ здæхт чи сты, ахæм бирæ фарстатæ. Стыр куыст кæнынц Парламенты Аппараты кусджытæ. Уыдон равдыстой стыр патриотизм æмæ куыстмæ бæрнон ахаст, се ‘рвылбонон æмæ бæстон куыст зынгæбæрцæй ахъаз у, Парламенты раз цы хæстæ ис, уыдон скъуыддзаг кæнынæн.

Зынаргъ хæлæрттæ! Сымахæн æмæ мæ уæ бинонтæн фæнды фидар æнæниздзинад, амонд, банысангонд хæслæвæрдты сæххæст кæнын, уæ бæрнон архайды ног æнтыстытæ, сабырад æмæ дидинæфтыд.

Республикæ Хуссар Ирыстон – Паддзахад Аланийы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.