Цытджын депутаттæ!

Арфæ уын кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сырæзтыл 32 азы сæххæсты боны цытæн!

Нæ бæстæйы парламентаризмы истори райдыдта 1990 азы, 9-æм декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны уæлдæр закъондæттæн органмæ фыццаг æвзæрстытæ уагъд куы æрцыдысты, уæд. Ацы бон ссис нæ адæмы патриотизм æмæ политикон цæттæдзинады уæлдæр къæпхæны бæрæггæнæн. Парламенты фыццаг æрсидты депутаттæ бындур æрæвæрдтой паддзахаддзинадæн æмæ сарæзтой æууæнкджын нормативон-барадон базæ, бæстæйы рæзт ифтонг кæнгæйæ.

Уыдон уыдысты уæззау рæстæджытæ, фæлæ зындзинæдтæм нæкæсгæйæ, парламентариты куыст алыхатт дæр здæхт уыд адæмы разылæууæг проблемæтæ аскъуыддзаг кæнынмæ.

Уырны мæ, Парламенты 7-æм æрсидты депутаттæ кæй адард кæндзысты национ æдасдзинады æмæ интеграцион процесстæ сфидардæр кæныны фæдыл системон мадзæлтты реализаци, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын дæр..

Ныфс мæ ис закъондæттынадон æмæ æххæстгæнæн хицауиуæгадты конструктивон æмархайдæй. Æрмæстдæр ахæм уавæрты суыдзæн нæ бон размæ цæуынæн, нырыккон глобалон проблемæтæн бафæразгæйæ.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Ацы нысаниуæгджын боны мæ фæнды сымахæн раарфæ кæнын уæ куысты тыххæй, мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ Фыдыбæстæйы фæрныгады тыххæй эффективон архайд!

Сабырдзинад æмæ хæрзиуджытæ сымахæн æмæ уæ хиуæттæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан