Цытджын депутаттæ!

Арфæ уын кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сырæзты боны цытæн!

1990 азы 9 декабрь нæ паддзахады æндидзынады историйы нысан æрцыд зæрдылдарæн боныл. Растдæр уæд уагъд æрцыдысты фыццаг æвзæрстытæ РХИ-йы Уæлдæр Советмæ.

Азтæ цæугæйæ, парламентаризмы институт хуыздæрæй-хуыздæр кодта, æххæст кодта нормативон-барадон базæ сфидар кæныны фæдыл функцитæ, кæцы ифтонг кодта РХИ-йы фæд-фæдылон рæзт æмæ конституцион бартæ æмæ æмбæстæгты сæрибардзинад æххæст кæнын. РХИ-йы Парламенты депутаттæ цы уынаффæтæ истой 29 азы дæргъы, уыдон здæхт уыдысты паддзахады дарддæр фидаркæнынадмæ. Æмæ абон фидарæй зæгъæн ис, Республикæ Хуссар Ирыстонæн кæй ис фидар закъондæттæн базæ, кæцы у цæрджыты царды гъæд фæхуыздæр кæнын æмæ социалон-экономикон рæзты дарддæры æнтыстыты бындур.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын Парламенты фыццаг æрсидты депутаттæн. Растдæр уыдоны цæвиттойнаг патриотизм, политикон куырыхондзинад æмæ æнгом куысты фæрцы мах абон стæм дунейы нымад паддзахад.

Ныфс мæ ис, Парламенты æвдæм æрсидт дарддæр дæр эффективонæй кæй скъуыддзаг кæндзæн, йæ разы цы паддзахадон хæстæ æвæрд цæуы, уыдон.

Зынаргъ хæлæрттæ, ацы бæрæгбоны мæ цæст уарзы  æнæниздзинад, сабырад, фæрныгад, дарддæры æнтыстытæ закъонсфæлдыстадон архайды æмæ æнтыстджын куыст Райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.