Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг    хъуыддæгты министр Сергей Лавровæн Уæрæсейы Федерацийы дипломатон кусæджы боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Сергей Викторы фырт!

Арфæ дын кæнын профессионалон бæрæгбон – Дипломатон кусæджы боны цытæн. Уæрæсейаг дипломатийæн ис ахсджиаг нысаниуæг бæстæйы мидæггагон политикон курс реализаци кæныны, стыр хайбавæрд хæссы бæстæйы стабилондзинад æмæ æдасдзинад сифтонг кæныны хъуыддагмæ.

Хуссар Ирыстонæн, куыд æндæр бæстæтæн, уæрæсейаг дипломатийы архайд ассоциаци кæны фидар дунеон æдасдзинад сифтонг кæнын, æхсæнадæмон барты принциптыл фидарæй хæцын, Уæрæсейы интерестæ æмæ æм-цæдисон паддзахадты дипломатон фæрæзтæй æнувыдæй æмæ фæд-фæдылонæй хъахъхъæнын.

Ацы нысаниуæгджын бæрæгбоны, цытджын Сергей Викторы фырт, мæ цæст уарзы Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æппæт кусджытæн фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ дарддæры æнтыстытæ дипломатон архайды Уæрæсейы хæрзиуæгæн»

Арфæйы фыстæджытæ  Уæрæсейы Федерацийы дипломатон кусæджы боны цытæн хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг ма арвыста  Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын æмæ Уæлвæткон минæвар Марат Кулахметов æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æхсæнадæмон ахастыты мæскуыйаг паддзахадон институты ректор Анатоли Торкуновмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.