Тæрхондонон системæйы цытджын кусджытæ æмæ ветерантæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн!

Тæрхондонон хицауиуæгад у барадон паддзахады ахсджиаг хæйттæй сæ иу. Уый хъуамæ фидарæй хъахъхъæна адæймаджы бартæ æмæ сæрибардзинæдтæ. Æмæ ахсджиаг у, цæмæй тæрхондонон хицауиуæгад сæрибар уа хи пайдайаг интерестæй, политикон симпатитæ æмæ идеологон хъуыдыкæнынадæй.

Тæрхондоны системæйы кусджытæй домдæуы намысджындзинад, принципиалондзинад æмæ закъоныл æнувыддзинад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны тæрхондонон хицауиуæгады авторитет сфидар кæнын бирæбæрцæй баст у, йæ алы минæвар дæр цасбæрцæй лæмбынæг æмæ цæсгомджынæй æххæст кæны йæ хæстæ, ууыл. Уæ профессионализм æмæ æхсæнады раз бæрндзинад æнкъарын хъуамæ ахъаз кæной не ‘мбæстæгты конституцион бартæ æмæ сæрибардзинæдтæ хъахъхъæнын ифтонг кæнынæн.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ профессионалон æнтыстытæ! Сабырад æмæ хорздзинад уæхицæн æмæ уæ хиуæттæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.