СЫЛГОЙМАДЖЫ ХИДАРЫНЫ УАГ

Зæгъынц, зæгъгæ, алы бинонтæ дæр сæхæдæг чысыл паддзахад сты. Уымæн æмæ алы хæдзары, алы бинонты ‘хсæн дæр сæхи фæтк æмæ æгъдæуттæ ис. Иугъуызон уагыл цæрæг бинонтæ ничи ссардзæнис. Кæрæдзийæ хицæн кæнынц куыд сыхæгты ‘хсæн, афтæ сæ кæрæдзиимæ дæр куыд цæрынц, куыд æмбарынц кæрæдзи, сæ цардæн цахæм фæтк сæвæрдтой, сæ хæстæ куыд æххæст кæнынц æмæ æндæр ахæмтæй.

Сæ царды хъуыддæгтæ хуыздæр фæцæуынц æгъдауыл хæст кæм вæййынц, сæ кæрæдзийæн æмæ æддагон адæмæн дæр аргъ æмæ кад кæнын чи фæразынц, ахæм бинонтæн. Æгъдауджын бинонтæн хорз кад вæййы адæмы ‘хсæн.  Алы адæймаг дæр йе ‘гъдауæй фидауы. Æмæ ахæм куы вæййы, уæд бинонты, хъæубæсты кадыл дæр уæлæмæ хæцы.

Уæдæ цахæм уыд ирон адæммæ сылгоймаджы хи дарыны уаг та? Фыццаджыдæр, уал зæгъын æмбæлы уый æмæ незамантæй фæстæмæ ирон нæлгоймаг уæлдай стырдæр аргъ æмæ кад кæй кодта сылгоймагæн. Уый нæм, æвæццæгæн, æрхæццæ ис матриархаты дугæй, сылгоймаг хæдзары мидæг сæйраг уынаффæгæнæгыл нымад куы цыдис. Æрмæст Нарты Сатанайы фæлгондзæй дæр ирдæй зыны, сылгоймаг æхсæнадон царды цахæм бæрзонд бынат ахста.

Ирон бинонты ‘хсæн сывæллон хъомыл кæнынмæ уæлдай бæрнондæр ахаст æвдыстой. Уыцы рæсугъддзинадыл æй цайдагъ кодтой сабийы бонтæй фæстæмæ, хъомыл æй кодтой æнæзивæг уæвыныл, хистæры ныхасмæ хъусыныл, куыстыл цайдагъ кæныныл, ныхасы уагмæ хъус дарыныл æмæ сæйраджы сæйраг та – нæ фыдæлты æппæты рæсугъд æгъдæуттыл. Уыдæттæ тынгдæр хъахъхъæнинаг уыдысты сылгоймагæн.  Йæ æфсæрмы кары-иу куы бацыд, уæд йæ алы фезмæлды, йе сныхасы алчидæр уыдта æгъдау.

Сылгоймаджы кæд æрдз тых æмæ хъаруйæ бæрæг лæмæгъдæрæй радта, уæддæр уый хыгъд йæ фæлмæн, уæздан ахаст, йæ сыгъдæг æнкъарæнтæй бæрæг хъомысджындæрæй ахадыдта царды нæлгоймаджы раз.

Сылгоймаг кæй у æмæ йæхи куыд хъуамæ дара, адæмы ‘хсæн, стæй бинонты ‘хсæн дæр, уый йын æмбарын кодтой хæрз чысылæй æмæ йæхи дарыны фæтк уыцы фæлгæттæй нæ хызтис. Рæзгæ чызджы хидарыны уагæн та дзæвгар домæнтæ уыдис, æмæ сын сæ хистæр фæлтæр фæдзæхстыты, зондамонæнты хуызы æмбарын кодтой, цæмæй сæ йæ дарддæры царды æххæст кодтаид.

Ирон сылгоймаджы хидарыны уаг рагæй фæстæмæ нæ фыдæлтæм æвæрд цыдис тæрæзтыл барæгау. Иугæр ирон сылгоймаг æфсармы кары бацыд, уæд ын нæ фыдæлтæ йæ алы фезмæлды дæр домдтой æгъдау. Сылгоймаджы намысы цæсгом нæ фыдæлты нымадтой царды айдæныл. Гъе, уымæ гæсгæ, йæхи æмбарынхъомæй фæстæмæ чызджы хъомыл кодтой, сылгоймаг кæй у, уый æмбарыны уагыл, лæмбынæг ын æмбарын кодтой йæхи дарыны æгъдæуттæ. Æгæрыстæмæй, йæ дарæсы конд дæр бæрæгæй зынди йæ фезмæлдыл, бынат æмæ афон хатгæйæ.

Чындздзон чызджы æгъдау æмæ кондæн та æмбал нæ ардтой нæ фыдæлтæ. Йæ фарны бæрæггæнæнтæ уыдысты æфсарм, æгъдау æмæ æрхъуыдыдзинад. Уыцы кары чызджы хидарыны уагæн уыдис йæхи арæнтæ, куыд хæдзары, афтæ адæмы ‘хсæн дæр. Иугæр фæсивæды ‘хсæнмæ, куыд чындздзон чызг, афтæ цæуын райдыдта, уæд зыдта йæ бынат, уыимæ йæ бартæ æмæ йæ хæстæ дæр. Зыдта йæхицæн аргъ кæнын æмæ хызта йæхи уæлдай митæ æмæ уæлдай ныхæстæй дæр.

Чындздзон чызджы уæздандзинад, йæ рæсугъд уыдыхъæд ирдæй зынынц рагон кадджыты, таурæгъты, зарджыты, æмбисæндты. Ныры дуджы дæр, æвæццæгæн, нæй аив дзырды ахæм дæсны, кæцы йын уæлтæмæн æнкъарæнтæй йæ фæлгондз не сныв кæны.

Ивгъуыд дуджы ирон бинонты ‘хсæн сылгоймаг кæд уæззау уаргъ хаста, йæ адæймагон барты йын иуæй-иу æгъдæуттæ къуындæг кодтой, уæддæр ын æхсæнады уыдис стыр кад. Сылгоймаг рацæйцæугæйæ, барæг уæлбæхыл йæ иувæрсты нæ ахызтид, хъуамæ йæ бæхæй æрхызтаид. Сылгоймаг дыууæ хылгæнæджы астæу йæ кæлмæрзæн æрæппæрста, уæд-иу сæ хъаматæ сæ фистонты нытъыстой. Сылгоймагæн-иу сыстадысты зæронд лæгтæ дæр. Йæ цуры рæдийæн, æвзæр ныхас зæгъæн нæ уыд. Гъе, ахæм æгъдау æмæ уаг уыд ирон сылгоймагæн.

Хъыгагæн, абон бирæбæрцæй афтæ  нал у.  Ныр цард размæ куыд цæуы, афтæ ивынц ирон æгъдæуттæ, сылгоймаджы хидарыны уаг дæр. Хъыгагæн, сæфынц канд фауддзаг æгъдæуттæ нæ, фæлæ нæм хорзæй цы уыд, уыдонæй дæр бирæтæ. Абон сылгоймаг йæхи афтæ къуындæг, æбарæй нал хаты. Уый нæ, фæлæ ма, хъыгагæн, бирæтæ цайдагъ кæнынц алыгъуызон æвзæрдзинæдтыл. Хъыгагæн, æвзонг сылгоймæгты дзыхæй фехъусæн вæййы æвзæр, æнæуаг ныхæстæ, æлгъыстытæ. Æмхиц дзы сты бирæтæ нозтмæ æмæ æндæр æвзæрдзинæдтæм дæр. Æмæ ирон сылгоймаг та кæддæриддæр йе ‘гъдауæй фидыдта…

Æрмæг бацæттæ кодта БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.