30-æм октябры уыд РХИ-йы Хицауады рабадт, цы фарстатыл цыдис дзырд, уыдон æхсæн уыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджет 9 мæйы æмгъуыдмæ, куыд æххæст æрцыд, уый. Финансты министр Хæбæлаты Азæ Хицауады уæнгтæн фехъусын кодта банысангонд рæстæгмæ бюджеты æфтиагон хай кæй фæфылдæр 15,6 проценты.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады къабазы тарифтæ æвæ-рыны æмæ бакæнгæ лæггæдты гъæд фæхуыздæр кæныны фарсты фæдыл дзургæйæ, Хицауады Сæрдар банысан кодта, куыст кæй цæуы 2020 азæн республикæйы паддзахадон бюджетæй цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хæрдзтæн цы финансон фæрæзтæ хицæн цæудзысты, уыдон кæй хъуамæ уой бындуриуæгджын æмæ æргом. Профилон министрадтæ æмæ комитеттæн бакæс кодта, цæмæй бакусой дон, хъæрмад, газ æмæ электроифтонгадмæ хауæг æппæт тарифтыл, афтæ ма уынгтæ æфснайын, брæттæ ласын æмæ æндæр ахæмты тарифтыл дæр. «Горæты æмæ районты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадты алы куыстуат дæр Экономикон рæзты министрадмæ хъуамæ бавдиса хæрдзты калькуляци æмæ бакæн-гæ куыстыты гуырахсты зонæнтæ. Уыдон бындурыл бæлвырд æрцæудзысты субсидиты бæрцтæ кæнæ бюджеты лимиттæ, кæ-цытæ хъуамæ хицæн æрцæуой горæт æмæ районтæн», – дзырдта Пухаты Эрик.

Уый фæстæ Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой «РХИ-йы инвалидты социалон æгъдауæй хъахъхъæныны тыххæй закъоны проект. Бавдыста йæ Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги. Министры ныхæстæм гæсгæ æхсæнад фылдæр æргом хъуамæ раздаха инвалидты бирæ æнæлыггонд фарстатæм, цæмæй сын арæзт æрцæуа хуыздæр уавæртæ æмæ сæхи æнкъарой сæрибар æмæ æххæстбар адæймæгтæй. Уыцы уавæртæ сын арæзт хъуамæ цæуа царды æппæт къабæзты дæр. Закъоны проекты нысан цæуынц, реабилитаци æмæ сæрмагонд лæггæдтæн фæрæзтæ ра-хицæн кæныны мадзæлттæ. Хицауады уæнгтæ растыл банымадтой ацы закъоны проект.

Рабадты дзырд цыд, æрæджы В. Путины (Мæскуыйы) уынджы æнахъомты аххосæй цы æппæрццаг инцидент æрцыд, уый тыххæй дæр. Авгæй æхгæд æнхъæлмæкæсæн бынаты æртæ æнахъом лæппу фехстой травматикон æхсæнгарзæй æмæ авг нызгъæлæнтæ. Æбæрæг фыдгæнджытæ бахаудтой видеоцæстдардмæ æмæ уый руаджы рабæрæг æрцыдысты. Хистæркъласон вандалтæ конд æрцыдысты мидхъуыддæгты органтæм. Уым сæ ныййарджытæ æмæ къласæгты раз басастысты сæ фыдракæндыл.

Хицауады Сæрдар куыд загъта, афтæмæй ахæм фыдгæнджытæ, ома, æхсæнадон исадæн чи зиан кæны, уыдон хъæуы ивар кæнын, иумиаг ахуыргæнæндæтты та вандализмы темæтыл хъæуы æмбарынгæнæн беседæтæ уадзын. Канд хистæркъласонтæ нæ, фæлæ уыдонæй кæстæртæ дæр  хъуамæ зоной, фыдракæнд аразæджы бæрндзинадмæ кæй æркæндзысты. Пухаты Эрик ма банысан кодта, ахæм архайдтытæ ныббаринаг кæй не сты, иу адæймагæн дæр хатыр кæй нæ уыдзæн, кæннод, зæгъгæ, дарддæр дæр цæудзысты ахæм цаутæ.

Æмбырды ма æркастысты 2020 азы иуæй-иу улæфты бонты графикы фæивдмæ дæр. Уый фæдыл доклад сарæзта Хицауады аппараты сæргълæууæг Гаглойты Олег. Уый цы график бавдыста, уымæ гæсгæ 4-æм æмæ 5-æм январы (сабат æмæ хуыцаубоны) улæфт бонтæ хаст æрцæудзысты 27-28-æм августмæ (цыппæрæм æмæ майрæмбон). Уæдæ афтæмæй 2020 азы улæфты бонтыл нымад æрцæудзысты 1-7 январмæ, 22-24 февралмæ, 7-9-æм мартмæ, 1-3-æм маймæ, 9-11-æм маймæ, 29-31-æм маймæ, 12-14-æм июнмæ, 26-30-æм августмæ, 29-31-æм маймæ, 19-22-æм сентябрмæ, 21-23-æм ноябрмæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.