Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы Хъабанты Хъазбег ӕмӕ йе ‘ртӕ фырты райдианы аскъуыддзаг кодтой, цӕмӕй сӕ фермерон хӕдзарад уа бирӕкъабазон ӕмӕ сӕ дзырд ӕххӕст кӕнынц хъуыддагӕй. Уый сын тынгдӕр ӕнтысы, алчи дӕр сӕ бахӕсгонд куыстмӕ кӕй кӕсы бӕрндзинады цӕстӕй, ӕмуд ӕмӕ кӕрӕдзи ӕмбаргӕйӕ кӕй архайынц. Уымӕ гӕсгӕ сын раппӕлинаг фӕстиуджытӕ вӕййы куыд фосдарды, афтӕ ӕфсирон культурӕты тыллӕгӕрзадӕй дӕр. Уымӕй дарддӕр ма уыдон сӕхи тыхтӕ ӕмӕ фӕрӕзтӕй бацархайдтой ӕмӕ сарӕзтой, сӕ афӕдзы ӕркӕнгӕ тыллӕг кӕм хъуамӕ ӕфснайой, ахӕм егъау бынат сцӕттӕ кӕныныл. Тынг тыхстысты нуазыны доны хъуагдзинадӕй ӕмӕ уыцы фарст дӕр скъуыддзаг ӕрцыд ӕвӕрццагӕй. Иннӕ ахӕм куырой, уый ӕнӕмӕнг фӕхъӕуы фермерон хӕдзарады фосӕн фӕрак ӕрцӕттӕ кӕныны ӕмӕ уый дӕр ӕрӕввонг кодтой. Ныр сӕ дардмӕ цӕуын нал фӕхъӕуы, фӕлӕ бынаты ӕрӕссынц се ссинӕгты, фӕкӕсынц ӕндӕртӕм дӕр.

Фермерон хӕдзарадмӕ фыстӕ ис 130 сæры, уыдон райдыдтой цот кӕнын дӕр. Дарынц хуытæ дæр. Абоны онг уал сӕм ис авд дзӕргъы. Фӕлӕ сӕм уыдон фаг нӕ кӕсынц ӕмӕ кӕстӕр фырт Батрадз куыд зӕгъы, афтӕмӕй сараздзысты стыр хуыдон ӕмӕ дзуапп дӕтдзӕн сӕ домӕнтӕн. Стуртӕ та сӕм ис 4 ӕмӕ иууылдӕр сты хъуццытӕ, ис ма сӕм дыууӕ роды дӕр.

Хъабанты бинонтӕ сӕ къух нӕ исынц зӕххы куыстыл дӕр ӕмӕ ныр цалдӕр азы байтауынц ӕфсирон культурӕтæ цалдӕр хуызы. Ацӕугӕ аз ӕмӕ уалдзӕджы дӕр сын цалдӕр гектары тыд уыд фӕззыгӕнд мӕнӕу ӕмӕ хъӕбӕрхор. Агротехникӕйы домӕнтӕ бӕргӕ ӕххӕст кодтой,  фӕлӕ тыллӕгӕн тынг разиан кодта стыр ихуард. Хӕдзарады ацы бонты рӕвдз ацыд хуым кӕнын-тауыны куыст. Фӕззыгӕнд мӕнӕуы хӕрзгъӕд тауинаг 3 тоннӕйы ӕрластой Мӕздӕгӕй ӕмӕ йӕ байтыдтой 13 гектары фӕзуатыл. Хуымкӕнын-тауыны куысты сын хорз ӕххуыс бакодтой «Агросервис»-ы Уелиты хайады механизатортӕ. Фермерон хӕдзарады уӕнгтӕм ис ноджы бирӕ фӕндтӕ ӕмӕ сын сæ сæххæст кæнын бантысæд.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.