Хистæр кары фæлтæрæн ма сæ зæрдыл хорз лæууы, раздæры хъомысджын куыстуæттæй сæ иу кæй уыд нæ горæты хойрагисæн куыстуат. Уымæн æмæ йын уыд цæмæй куыстаид — нæ быдырты хъæздыг тыллæг цыдис уырдæм æмæ йæ ссадтой. Уагъта æндæр æмæ æндæр хуызы продукци.

Фæлæ, дуджы фæивд бандæвта ацы куыстуатыл дæр æмæ æрлæууыдис йæ куыстæй. Бирæ дзырд цыдис ногæй йæ срæвдз кæныныл. Æмæ йæ иу ахæмы скусын кодтой. Фæлæ цæмæдæр гæсгæ бирæ нæ ахаста йæ архайд. Уайтагъд бамыр, ныхъхъус. Афтæмæй та цард йæ гаччы бадт, байтыдтыты фæзуæттæ фылдæр кодтой æмæ хоркуыстгæнæг фермертæ домдтой, цæмæй сын уа сæ æркæнгæ тыллæг æрыссын æмæ кæронмæ бакусыны фадат. Ацы фарстыл иу æмæ дыууæ хатты нæ уынаффæ кодтой æмбæлон æмвæзадты, фæлæ фарст скъуыддзаг нæ цыдис. Ныр сæххæст сæ бæллиц нæ республикæйы хоркуыстгæнджытæн. Æрæджы нæ республикæйы хъæууон хæдзарады кусджытæ акционерон æхсæнад «Мельинвест»-ы специалист Дмитри Феофановимæ сфæлвæрдтой комбихоллæгты фыццаг рауагъд.

Ардæм æрбацыдысты РХИ-йы Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин, хицауады сæрдары хæдивæг, экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат, экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады парламентон комитеты сæрдар Тъехты Алан.

Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан куыд загъта, афтæмæй продукцийы эксперименталон рауагъд уыдис æнтыстджын. Йæ ныхæстæм гæсгæ дарддæр куыстуат скусын кæныныл хъæуы стыр куыст бакæнын.

Бестауты Валя