Президент Бибылты Анатоли футболон формæ балæвар кодта Дзауы скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæн.

Дзауы скъола-интернаты спортивон зал гом æрцыд 2021 азы октябры мæйы йæ гом кæныны цытджын церемонийы рæстæджы скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæ паддзахады сæргълæууæгæй æркуырдтой футболон формæ.

Ацы бынаты Бибылты Анатоли бабæрæг кодта спортивон зал æмæ сывæллæттæн балæвар кодта дыууæ командæйы фаг спортивон формæ.

«Æхсызгон мын у, нæ сывæллæтты кæй цымыдис кæны æмæ кæй архайынц спорты бирæ хуызты. Æнтыстытæ уын уæнт! Фæлæ уæ æз курæг дæн, цæмæй ахуыр кæнат хорз æмæ къухыæфтгæ æнтыстытыл ма æрлæууат. Сымахæн алы хатт дæр уæ бон у паддзахады æххуыс райсын уæ позитивон плæнттæ æххæст кæнгæйæ », – загъта Президент.

Уый ма æрныхас кодта скъола-интернаты хъомылгæнинæгтимæ æмæ ахъазыд стъолы теннисы иу парти.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.