Поэт, редактор, ахуыргонд

Ирон национ литературæмæ стыр бавæрд чи бахаста, уыдонæй иу уыд зынгæ поэт Дзуццаты Аранбеджы фырт Хадзы-Мурат. Къаддæр нæ уыдис  Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады арæзтадмæ йæ хайбавæрд.
Ацы аз 1-æм январы газет «Хурзæрин»-ы фыццаг номыры рацыдыл 100 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд мæ хæсыл банымадтон ацы диссаджы гоймаджы ном æрæмысын. Уымæн æмæ уый газеты сæргъ слæууыд Ирыстонæн йæ уæззаудæр рæстæджыты – 1990 азты.

Дзуццаты Хадзы-Мурат райгуырдис 1935 азы тъæнджы мæйы 1-аг бон Знауыры районы Хъорнисы хъæуы ахуыргæнæджы хæдзары. Хæрзчысылæй фæбæрæг, зæрдæргъæвд кæй у, ахуырмæ – æмхиц. 1952 азы Хъорнисы астæуккаг скъола сыгъзæрин майданыл каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институты.  Тынг хорз нысæнттыл æй каст фæцис 1957 азы.  Цыбыр рæстæджы акуыста Хуссар Ирыстоны чингуыты рауагъдады редакторæй. Уыд зонад-иртасæн институты зонадон кусæг, уый фæстæ та – ахуыргонд нымæрдар 1986-1990 азты уыд Фысджыты цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады бæрнон нымæрдар. Фæстæдæр та куыста газет «Хурзæрин»-ы редакторæй.

1995 азæй йæ амæлæты боны онг – 2000 азы хурхæтæны мæйы 1-аг бонмæ, куыста Дзæуджыхъæуы журнал «Мах дуг»-ы поэзи æмæ драматургийы хайады сæргълæууæгæй.

Къамы Дзуццаты Хадзы-Мурат æмæ Юри Левитанский

Ивгъуыд æнусы 1980 азты æмбисы Хуссар Ирыстонмæ зынгæ уырыссаг поэт Евгений Евтушенко кæй æрцыд æмæ æхсæнадимæ йæ фембæлды рæстæджы йæ хæлар Дзуццаты Хадзы-Мураты кæй æрцагуырдта, уыцы хабар уайтагъд айхъуыст горæты цæрджытыл. Евтушенкойæн национ драмон театры изæры уыд фембæлд поэзийæн аргъгæнджытимæ. Залы уыдысты партион разамынад иууылдæр, фысджыты æмæхсæнад, сфæлдыстадон интеллигенци. Евгений Александры фырт рахызт сценæмæ æмæ зæрдиаг салам загъта æрæмбырдуæвджытæн, стæй йæ цæст ахаста залыл: «Æмæ кæм ис мæ хæлар Хаджи?». Залы адæм ракæс-бакæс кодтой, агуырдтой йæ цæстæй. Уалынмæ чидæр сдзырдта, зæгъгæ, фæстиат кæны. «Достойно, главное, достойно, любые встретить времена, когда эпоха то застойна, то взбаламучена до дна…», – бирæнысанонæй бахудт  адæммæ поэт.

Уыцы рæстæджы обкомы фыццаг секретары сау  «Волга» тахт Знауыры районы Хъорнисы хъæумæ. Хаджийы алыхатт дæр ссарæн уыд йæ райгуырæн хъæуы. Ам разынд ацы хатт дæр. 40 минуты фæстæ  уыд театры залы.

Наталья Тарасенковаимæ

Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институты фондз азы иу партæйыл кæимæ бадт, уыцы хæларыл Евтушенко сæмбæлд эмоционалонæй залы адæмы тыхджын къухæмдзæгъды бын, бирæ йын фæхъæбыстæ кодта. Сфæлдыстадон изæр хæлæрттæ адарддæр кодтой дыууæйæ. Кастысты се ‘мдзæвгæтæ,  дзырдтой иумæ куыд ахуыр кодтой, уыцы рæстæджы историтæ, хъæлдзæг уыдысты.

Уыцы изæры Цхинвалы мысыдысты дæргъвæтин рæстæджы. Дзырдтой Евгений Евтушенкойы диссаджы поэзийы æмæ йæ ирон хæлар Хадзы-Мураты феномены æмæ йæ хæрзæгъдаудзинады тыххæй. Хаджи æцæгæйдæр уыд æнахуыр хуымæтæджы адæймаг. Поэзийы уацары бахаудта хæрзæвзонгæй æмæ дзы нал фæиппæрд йæ царды фæстаг бонмæ. Æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта 12-аздзыдæй. Фыста Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинадыл, йæ алæмæттаг æрдзыл, æвдыста сæ хъæууон царды ирд нывтæ. Мæскуыйы Горькийы номыл институтмæ ахуыр кæнынмæ кæй бацыд, уый стыр æнтыст уыд хъæууон лæппуйæн, уый дзурæг уыд йе стыр курдиатыл. Уыцы рæстæджы институтмæ истой æцæг аккагдæрты. Бирæ азты фæстæ Хадзы-Мурат фыста  йæ мысинæгты: «Растдæр ам, Советон Цæдисы алы къуымтæй æцæг курдиатты ‘хсæн ахуыр кæнгæйæ, æмбарын райдыдтон æцæг поэзийы ад.

Поэт æрмæст йæ ахуыргæнджыты тыххæй нæ дзырдта. Хаджиимæ ахуыр кодтой Евгений Евтушенко, Роберт Рождественский, Наталья Тарасенкова, иу курс фæстæдæр та – Белла Ахмадулина, йемæ хæлар уыдысты æвзонг поэттæ иууылдæр. Диссаджы фæлтæр, диссаджы адæм. Уыдонимæ ирон поэты базонгæ кодта Советон Цæдисы сæйраг горæт – Мæскуы. Растдæр йæ фæлтæр æмæ растдæр ацы æвзонг поэттæ, дард 60-æм азты сбæрæг кодтой уырыссаг литературæйы рæзт. Курдиатджын сфæлдыстадон æхсæнадæн ирон поэт уыд сæхион.

Дзуццаты Хадзы-Муратæн фадат уыд Мæскуыйы баззайынæн, фæлæ уый æрæздæхт йæ Райгуырæн æмæ уарзон Ирыстонмæ, йæ хæдзармæ. Бирæ азты фæстæ йæ мысинæгты фыста: «Æцæг сфæлдыстадæн хъæуы бындур, æмæ уыцы бындур мæнæн куыд поэт, афтæ гæнæн ис уыдаид национ бындур. Æвæццæгæн, зæххы къорийы ахæм бынат нæй, Ирыстонæй дарддæр риуы дзаг кæм улæфон».

1960 азы,  Мæскуыйы рауагъдад «Советский писатель» рауагъта Дзуццаты Хадзы-Мураты æмдзæвгæты æмбырдгонд уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй «Ветер времени», зæгъгæ. Æмæ ма ноджы цыппар азы фæстæ  та – «Пляска дождя». Йе ‘мдзæвгæтæ йын тæлмац кодтой уырыссаг поэзийы ахæм корифейтæ, куыд Булат Окуджава, Юрий Левитанский, Наум Коржавин.

60-æм азты ма йæ биографийы уыд ноджы иу ирд цау – уый ссис Советон Цæдисы Фысджыты цæдисы уæнг. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны фысджыты æмæхсæнады дыууæ минæвары кæй систы ахæм стыр кады аккаг. Æрмæст сæ иу –  Гафезыл цыд дзæвгар азтæ Хадзы-Муратыл та – 26 азы. Ацы цау ноджыдæр иу  æвдисæн у йæ литературон  курдиатæн.

«Мæ фыд уыд тынг хæдæфсарм æмæ сабыр адæймаг. Хъæрæй никуы дзырдта, дзургæ цъус кодта æмæ хъусгæ та – фылдæр. Йæ бон уыд бирæ рæстæджы æнæкæсгæйæ йе ‘мдзæвгæтæ кæсын, уыд йæ хъуыддаджы æцæг профессионал. Хъæздыгдзинадмæ никуы бæллыдис. Мах ме ‘фсымæртимæ уæд кæд чысылтæ уыдыстæм, уæддæр нæ зæрдыл бадардтам нæ ныййарджыты ныхас. Мæ фыдæн, куыд Фысджыты цæдисы уæнг, афтæ рахицæн кодтой æртæхатæнон фатер. Мæ фыд загъта, зæгъгæ, нын дыууæхатæнон фатер дæр фаг уыдаид. Йæ ныхасыл нæ разы кодта мæ мад æмæ йын загъта, зæгъгæ, нын ис æртæ сывæллоны. Арæх-иу ын æрбахастой лæвæрттæ, фæлæ сæ никуы райста. Фылдæр хатт ын лæварæн хастой зынаргъ тамакотæ, фæлæ-иу сæ нæ райста. Дымдта аслам тамако «Прима». Йæ туджы уыд хæрзæгъдаудзинад, йæ хъуыдытæ иууылдæр уыдысты сфæлдыстадимæ. Уæрæсейы йын бирæ хæлæрттæ уыд æмæ йæ арæх хуыдтой уырдæм. Фæлæ хъуыды дæр никуы акодта йæ уарзон Ирыстонæй ацæуыныл», – радзырдта йæ фырт Батрадз.

Нæ «хорзмæбæллæг» сыхæгтæ ирон æвзаджы дæлдзиныг кæнын куы райдыдтой, уæд ныффыста æмдзæвгæ «Ме ‘взаг». … Ме ‘взаг, зæгъ-ма мын, куыд уон æз æнæ дæу зæрдæвидар! Ме ‘взаг, мæ лæджыхъæд, мæ сæрибар, Ме ‘взаг, æнæ дæу куыд цин кæнон, куыд дис кæнон! æз æнæ дæу цы дæн? æнæхæдзар, искæйон!

1990 азты бирæ фыста Гуырдзыстон хуссарирыстойнаг ирæтты ныхмæ хæст кæй райтынг кодта, уый тыххæй. Йе ‘мдзæвгæты æвдыста йæ уды рыст, йæ уды хъæр, йæхи сæрмагонд рыст. Растдæр уыцы уæззау рæстæджы слæууыд  газет «Хурзæрин»-ы сæргъ. 90-æм азты райдианы гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы, Хаджи æппынæдзух уыд хæстон лæппуты цур, йæхи цæстæй федта хæсты æппæт цаутæ. Æмæ йыл фыста йæ уацты, йе ‘мдзæвгæты. Никуы фæтасыд Ирыстон æмæ ирондзинады сæрыл тохы. Абоны онг дæр æй æххæстæй нæма æмбарæм, куыд-иу бантыст Хаджийæн цыфæнды стыр аудиторийы дæр йæхимæ æрыхъусын кæнын, йæ къахыл æй слæууын кæнын. Дзургæ-дзурын-иу Хадзы-Мураты хъæлæс, цыма, нæргæ кодта, мæнæ-иу ын цыма, хуыцау ирон адæмы фарнæн цыдæр уæлтых радта, уыйау…

Хуссар Ирыстоны

паддзахадон арæзтады архайæг

2013 азы Кокойты Б., газет «Хурзæрин»-ы йæ уац «Курдиат æмæ лæджыхъæды бæрзæндыл»-ы афтæ фыста: «…90-азты райдиан. Уæд, историон зонæдтыл æнцой кæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны официалонæй райстой ирон урс-сырх-бур тырыса. Къостайы гуырæн бон уыд Нары хъæуы, Поты фæзмæ æрæмбырд æвæджиауы бирæ адæм Цæгатæй дæр æмæ Хуссарæй дæр. Азмæлæнтæ нæ уыд фæзы. Уыд дзы Цæгат Ирыстоны уæды хицау Дзассохты Алыксандр дæр. Хуссар Ирыстонæй бæрæгбоны уыд уæды обкомы секретарь Тъехты Юля. Уалынмæ адæмы хъусдард йæхимæ аздæхта, сæйраг фæндагæй Поты фæзмæ цы цыбыр ныххизæн фæндаг ис, ууыл цæуæг адæмы къорд, сæ сæрмæ ирон тырыса фæйлаугæйæ. Уый уыд ирон тырысайы фыццаг рахаст уæрæх дунемæ æмæ уыд стыр фенддаг. Зæрдæ цинæй радис.  Тырысайы фенд цыма æхсызгон нæ уыд Цæгат Ирыстоны хицауадæн, афтæ мæм фæкаст. Бæрæгбон йæхион кодта. Ныхасгæнджытæ трибунæйыл кæрæдзи ивтой.

Хъуамæ раныхас кодтаид Хадзы-Мурат дæр, фæлæ йын ныхасы бар нæ лæвæрдтой. Æппынфæстаг, раныхас-баныхасы фæстæ Хадзы-Муратæн дæр радтой дзырды бар. Развæлгъау бадзырдмæ гæсгæ, бæрæгбонимæ баст ныхас хъуамæ ракодтаид, фæлæ… йæ хъуыды фæивта æмæ райдыдта йе ‘мдзæвгæ «Ме ‘взаг» кæсын. Адæм сæ раныхас-баныхас ныууагътой, ныссабыр æнæхъæн Поты фæз, ныхъхъуыстой æмдзæвгæмæ. Æрмæст ма нæрыд Хадзы-Мураты  фидар хъæлæс æмæ цыма айнæг къæдзæхтæ дæр арыдта. Фæцис æмдзæвгæ каст. Адæм уыцы æмбу ныккодтой уæлтæмæнæй. Уæд нал уыд Цæгат æмæ Хуссар, уыд ма иу Ирыстон, уыд дзы æппæтиронады иудзинад».

Хадзы-Мурат йе ‘мдзæвгæ куы каст, уæд æй ныффыстой магнитофоныл, фæлæ уæды кадавар техникæйæ сыгъдæг фыст не ‘рцыд. Йæ зианы рæстæджы, фæстаг фæндараст зæгъынмæ йæм чи æрæмбырд, уыцы адæмыл нæрыд, уæд Нары кæй ныффыстой, йæ уыцы æмдзæвгæйы иугæнæг хъæлæс.

Нæ йæ асастой хæст æмæ уæззау уавæртæ дæр.  Фæлæ йæ 90-азты æмбисы бахъуыд Хуссар Ирыстонæй ацæуыны сæр. Æрцард Дзæуджыхъæуы, йе ‘ххуысы къух æм фæдаргъ кодта литературон журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Хъодзаты Æхсар. Фæстаг фондз азы куыста ацы журналы. «Куыста йæ удыл æнæ ауæрдгæйæ, цыма йæ хатыд цъус цæрæнбон йедтæмæ йын кæй нал ис, уыйау тындзыдта фылдæр бакусынмæ. Дзуццаты Хадзы-Мурат цардæй ахицæн 2000 азы 1-æм июны. Нал федта Ирыстоны хæдбар æмæ сæрибарæй. Афтæмæй та йæ царды сæйрагдæр бæллиц уыд йæ радтæг Ирыстоны амондджынæй фенын.

Курдиатджын журналист Хозиты Петр йæ чиныг «Рæзхæссæн»-ы Хадзы-Мураты тыххæй йæ мысинæгты фыссы:

Æмдзæвгæтæ кæсынæй Ирыстоны Хаджийы ничи æмбылдта. Адæм-иу æй дыккаг хатт рацæуын кодтой сценæмæ. Кæронбæттæны алыхатт дæр касти æмдзæвгæ «Ирон». Хаджиимæ газеты цы дыууæ азы бакуыстон, уыдон нымайын мæ журналистон царды тæккæ амондджындæр рæстæгыл. Абон дæр мæ цæстыты раз сыстынц уæды нывтæ: зымæг, редакцийы хъæрмад нæй, рухс – иннæ ахæм. Хаджи рахизы редакторы даргъ æмæ уазал кабинетæй. Йе ‘нгуылдзтæ æргъæвст, ныцъцъæх сты, фыруазалæй барæсыдысты. Редакцийы уыд иунæг пец, æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ йæ цурмæ æмбырд кодтой кусджытæ. Æрмæст æм цæмæндæр Хаджи нæ цыдис. Дис ыл кодтам, ахæм уазалæн куыд фæразы, зæгъгæ.  Редакторæй кусгæйæ, Хаджи дзырды бар лæвæрдта алыгъуызон зондыл хæст автортæн… Афтæ мæм кæсы. Æмæ Дзæуджыхъæумæ куы æрцыд, уæд бынтон нырхæндæг… Уый йæ цардцæрæнбонты бæллыдис, цæмæй ирон адæм фæлдисой сæхи æвзагыл, аргъ кæной сæрибарæн, тыхсой сæ сомбоныл…».

Газет «Хурзæрин»-ы кусджытæ Дзуццаты Хадзы-Мураты бахъуыды кодтой зæрдæхæлар æмæ хæрзæгъдау адæймагæй. Уый йæхицæн бар никуы радта йæ дæлбар кусджытæм искуы искæмæ гуымир æвзагæй сдзурын. Алкæимæ дæр сæ дзырдта уæзданæй. Йæ адæймагон миниуджытæн ын, мах иууылдæр кодтам стыр аргъ. Абоны онг дæр йæ фæлгондз сысты нæ цæстыты раз.  20 азæй фылдæр рацыд, Хаджи не ‘хсæнæй куы фæхъуыд, фæлæ йæ ном цæры чи йæ зыдта, уыдоны æмæ поэзиуарзджыты зæрдæты.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.