Нæ республикæйы брæттæкалæн полигон кæй сырæздзæнис, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, хорз хъуыддаг у. Бирæбæрцæй броны раст æфснайдыл баст у экологийы фарст дæр.

Нæ республикæйы экологи æмæ геологийы комитеты сæрдар Бестауты Бала æмæ сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæ сæ катайдзинад равдисынц æппæт хуыз брæттæ иу ранмæ калд кæй цæуынц, уый тыххæй. Хъæбæр æвзарæнтæн хицæн хуыз брæттæн хъуамæ утилизаци цæуой хицæнæй. Цæмæй æрдзæн дæр зиан ма хæсса æмæ адæймагæн дæр. Зæгъæм, иу æнгуылдзы стæвдæн батарейкæ уæззау згъæрæй чъизи кæны 20 квадратон метры зæххы фæзуат, кæнæ та 400 кубикон метры дон. Зæронд батарейкæ тæссаг у адæймаг æмæ цæрæгойтæн дæр. Спайдагонд батарейы арæх  фенæн вæййы хæдзары, хатт дзы сывæллæттæ хъазгæ дæр фæкæнынц. Уыдонæн хъæуы сæрмагонд урнæтæ сæвæрын, цæмæй сæ уырдæм калой æмæ сæ ласой æдас бынæттæм.

Уæрæсейы иуæй-иу горæтты ис сæрмагонд урнæтæ стырдæр магазинтæ æмæ офисты. Афтæмæй зæронд батарейкæтæ æппæрст нал цæуынц иннæ брæттимæ. Сæрмагонд контейнертæ сты æхгæд, цæмæй сæ тæссаг буарадтæ æддæмæ ма æнхъæвзой. Иу урнæйы ныппарæн ис  45 мин батарейкæйы. Контейнертæ куы байдзаг вæййынц, уæд сæ арвитынц Челябинскы хауæццæгты заводмæ. Ам уыдоны ногæй бакусынц æмæ сæ саразынц ногтæ, ома сæ пайда цæуы дыккаг хатт.

Ивгъуыд аз Цæгат Ирыстоны дæр фæзынд ахæм урнæтæ. Фондз контейнер сæвæрдтой горæты стырдæр магазинты. Фæйнæ иугæйттæ та – районты. Ацы хъуыддагыл, дарддæр  дæр цæуы куыст æмæ хъуамæ, куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр уа ахæм урнæтæ. Адæм цас тагъддæр фæцайдагъ уой уыцы хъуыддагыл, уыйбæрц сæхицæн уы-дзæн хуыздæр. Иу батарейкæйы уæз у рог, фæлæ йæ зиан та – уæззау.

Хорз уаид æмæ махмæ дæр ацы проект æххæстгонд куы æрцæуид. Алчи дæр куы æмбарид, хи æнæниздзинад æмæ экологимæ уæлæнгай цæстæй кæсын раст кæй нæу.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.