Æппæтуæрæсейон акци «Мы вместе»-йы фæлгæтты æрæджы Цæгат Ирыстоны Медицинон академийы байгом волонтер-медикты штаб. Ацы штаб ма йæ куыст кодта пандемийы рæстæджы дæр, уæд дæр бирæ саразын бафтдыд сæ къухы рынчынтæн æххуысгæнгæйæ, стæй иуцасдæр рæстæджы йæ куыст банымæг. Ныр та сæ архайд сног кодтой ног нысантимæ. Уыдон та къаддæр не сты хæсты заманы. Сæ разы лæууы ног ахсджиаг хæстæ: Украинæйы сæрмагонд операцийы архайджытæн гуманитарон æххуыс æмбырд кæнын æмæ æрвитын, лигъдæттæн, стæй бархионтæ æмæ мобилизацигонд чи æрцыд, уыдон бинонтæн æххуыс кæнын æмæ афтæ дарддæр. Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы тыхст рæстæг волонтерты архайдæн ис егъау ахадындзинад.

Волонтерты штабы разамонæг Сергей Зихов фæсидт иннæ ахуырадон уагдæтты разамонджытæм, цæмæй сын сæ хъæппæрис бафæзмой.

Уымæй уæлдай Адæмон фронт дарддæр æххæст кæны проект «Все для победы». Республикæйы куыстуæтты æххуысæй ацы бонты сæ къухы бафтыд Донецкы Адæмон республикæйы милицæйæн хъарм дзаумæттæ, рацитæ, квадрокоптертæ æмæ хæлцадон продукттæ арвитын.

Канд организацитæ нæ, фæлæ республикæйы цæрджытæ Украинæйы сæрмагонд операцийы райдайæнæй абонмæ æппынæдзух, куы иу хъæуæй, куы иннæйæ æрвитынц гуманитарон æххуыс.

Уæдæ зæгъын хъæуы уый дæр æмæ нæ чысыл Ирыстонæй хæстон операцийы кæй архайы минæй фылдæр адæймаджы. Уыдон сты контрактниктæ, мобилизацигонд æфсæддонтæ, бархионтæ… Уый æндæр регионтæй цы ирон лæппутæ ацæуынц, уый нæ нымайгæйæ. Уыдонæй Уæлахизы сæраппонд сæ цард радтой 140 хæстонæй фылдæр.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг, æфсад æмæ адæм фронты æмæ фæсчъылдымы кæрæ-дзимæ æнгом кæй æрбалæууыдысты, æмхуызон æвæрæн кæй бахастой Уæлахизмæ, уый руаджы знаг æрцыд дæрæн. Уый нымайгæйæ, абон дæр адæм слæууыдысты нæ хæстон лæппуты фарсмæ стыр Уæлахизы номыл. Иумæйаг тых та хæхтæ фæлдахы…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.