Газы автоцистернæйы фæзындмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты Ленингоры районы цæрджытæ.

Сæ газы балонтæ йедзаг кæнынмæ æдзухдæр хастой горæтмæ. Алкæмæн уыцы уавæр нæ уыд æмæ, бар-æнæбары, сæрдæй-зымæгæй архайдтой сугæй. Газы балон ласыны нормæтæ халыныл куы дзурæм, уæддæр æнæзæгъгæ нæй, Ленингорæй суанг горæтмæ сæрмагондæй цы шофыртæ цыд сæ машинæты газ кæнынмæ, уыдоны тыххæй дæр. Газ ныккæн, æмæ цалынмæ фæстæмæ Ленингормæ здæхай, уæдмæ йе ’мбис равдæлон ис.

Ныр ацы тухитæ фесты Президент Гаглойты Алан æмæ районы сæргълæууæг Гæджиты Иларионы æххуысæй.

Районы сæргълæууæгæй нысан куы ’рцыд Гæджийы фырт, уæд саразинаг æмæ ахсджиагдæр хъуыддæгты номхыгъд сарæзта. Газифтонгад кæй нæй районы, уый фехъусын кодта Президентæн. Уыдон иумæ агуырдтой фадæттæ. Ссардтой Цæцæны республикæйы газы сæрмагонд машинæ, балхæдтой йæ, машинæ ма техникон æгъдауæй уыд цалцæггæнинаг æмæ уыцы згъуыдтæ дæр аиуварс кодтой. Мæй иу хатт автоцистернæ цæудзæн алы цæрæн пунктмæ дæр, развæлгъау сфидаргонд графикмæ гæсгæ.

Автоцистернæйы шофыр карзæй æххæст кодта газы æдасдзинады нормæтæ. Зæронд балæттæ байдзаг кæныныл нæ разы кодта. Рæвдаугæ хъæлæсæй æмбарын кодта цæрджытæн, уый æдас кæй нæу. Ленингоры райцентры цы ресторан ис, «Мæсыг», зæгъгæ, уый хицау стыр бузныг у Президент æмæ районы администрацийы сæргълæууæгæй: «Мæ рестораны æрвылхатт дæр вæййы бирæ адæм. Къуыри иу хатт мæ æнæмæнг хъуыд горæтмæ цæуын, цæмæй газы балонтæ байдзаг кæнон. Уый та æрмæст фæндагон хæрдзтæ не сты, фæлæ ма рæстæг сафын дæр. Фæстаг мæйты Ленингоры районмæ Президент æмæ Хицауадæй хорз хъусдард ис. Арæзт нæм цæуынц фæндæгтæ хъæутæм. Адæмы ныфс бацыд æмæ ныр нæхи бынтон æнæхицау нал хондзыстæм, — зæгъы Цгъойты Важа.

Ленингоры районы сæргълæууæг Гæджиты Иларион куыд зæгъы, афтæмæй ног азæй Ленингоры районы фæкъаддæр уыдзæн æртаджы аргъ дæр. Ныртæккæ уым реализацигæнæг æртаджы литр уæй кæны 60 сомыл. Кæд æмæ горæты уый уæй кæнынц 48-50 сомыл. Районы администраци кусы æмбæлон гæххæттытыл, цæмæй ленингойрæгтæн «Югосетнефтепродукт»-æй комкоммæ ласт цæуа æртаг.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.