Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет æмæ Кино æмæ телеуынынады институты ‘хсæн арæзт æрцыд æмгуысткæнынады тыххæй сразыдзинад, кæцыйы руаджы сфидар уыдзысты бастдзинæдтæ, ахуыр кæндзысты кæрæдзийы фæлтæрддзинадыл, кæрæдзийæн дæтдзысты видеоæрмæджытæ, араздзысты нырыккон медиапродукци, дыууæ уæлдæр ахуыргæнæндоны фæзуæттыл дæр уаддзысты мастер-къластæ.

Фембæлды рæстæджы ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим банысан кодта нырыккон дунейы журналистикæйы нысаниуæг, кæцы раст приоритетты фæрцы æмæ информаци профессионалонæй равдисыны руаджы скъуыддзаг кæндзæн, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы дзыллон информацийы фæрæзты раз цы хæслæвæрдтæ ис, уыдон, кæцыты рауадзынц ХИПУ æмæ Кино æмæ телеуынынады институт.

Тедеты Вадим радзырдта ХИПУ-йы медиахолдингы архайды тыххæй, информацион политикæйы тыххæй, уæлдæр ахуыргæнæндоны цы мадзæлттæ уагъд цæуынц, уыдоны тыххæй, сæрмагондæй та – æрæджы уæлдæр ахуыргæнæндон «Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны фæлгондз информацион хæсты уавæрты» тыххæй цы æхсæнадæмон зонадонпрактикон конференци ауагъта, уый тыххæй, кæцыйы хайадисджытæ уыдзысты  Уæрæсе æмæ дыууæ Ирыстоны эксперттæ, уыцы нымæцы – æхсæнадæмон журналист   Кипрас Мажейка.

Кино æмæ телеуынынады институты ректор Юрий Литовчин ба-нысан кодта, зæгъгæ, кæрæдзийæн пайдайы интерестæн уыдзæн æвæрццаг фæстиуæг æмæ царды биноныг æрцæудзысты сразыдзинады пункттæ.

«Гæнæн ис уыдон уой нырыккон проекттæ, кæцытыл уынаффæ кодтам æмæ кæцытæ мæ зæрдæ-мæ цæуынц. Уыдон мæм кæсынц  тынг цымыдисон, нæ фембæлды фæстæ æз тынг позитивон дæн», – кæронбæттæны банысан кодта Юрий Литовчин.

Тедеты Вадим æмæ Юрий Литовчин æмвæнд уыдысты ахæм хъуыдыйыл, зæгъгæ, уæлдæр ахуыргæнæндæтты хæслæвæрдтæй сæ иу у, фидæны медиакусджыты сахуыр кæнын, сæ архайды продукци сын бæрзонд профессионалон æмвæзадыл саразын æмæ йæ адæмы рæгъмæ рахæссыныл.

Юрий Литовчин хонæн гæххæтт райста йæ хуссарирыстойнаг коллегæйæ æввахс рæстæджы кусæгон балцы ХИПУ-мæ æрцæуыны тыххæй.

Телеуынынад æмæ радиоалæвæрдты гуманитарон институт арæзт æрцыд 1994 азы ССР Цæдисы Паддзахадон телеуынынад æмæ радиойы эгидæйы бын, бацæттæ кодта 4500 кусæджы – режиссертæ, оператортæ, мырон режиссертæ, нывгæнджытæ æмæ продюсертæ. Абон Кино æмæ телеуынынады институт ис дунейы CILECT-ы кино-теле скъолаты нымæцы.

ХИПУ-йы ТВ-йы планы ис Кино æмæ телеуынынады институт æмæ Медиа-индустрийы Академиимæ æмгуысткæнынады тыххæй бадзырдтæ, РЦИ-Ала-нийы  æмæ ПТРК «Ир»ы националон телеканалимæ æмгуысткæнынад рауæрæх кæнын, уæлдæр ахуыргæнæндоны телеуынынады студийы æрмæджытæ ног, гъæдджындæр æмвæзадмæ ракæнын, нырыккон фадæттæ æмæ технологитæй спайда кæнгæйæ, кæцытæй пайда кæндзысты уæлдæр банысангонд ахуыргæнæндæттæ æмæ телекомпанитæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.