Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард æмæ йæ хæдивæг Гаглойты Сергей бабæрæг кодтой, Национ музейы цур Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн цы Мемориалон комплекс арæзт цæуы, уый.

Подрядон организацийы минæвæртты информацимæ гæсгæ, ныртæккæ аразджытæ архайынц территорийы хæрзарæзтадыл, мемориалы фæзуат гранитон дурæй æмбæрзыныл, электрохæххыты монтажыл. Цæттæ кæнынц монументы иу хай, конструкцийæн йæ  бæрзæнд у 6 метры, йæ дæргъ та – 30 метры.

Банысангонд æрцыд, иумæйагæй объект арæзт кæй цæуы графикмæ гæсгæ, фæлæ ис къуылымпытæ бронзæйæ барельефтæ аразыны технологон процесстимæ баст зындзинæдты фæдыл.

Куыстытимæ базонгæ уæвгæйæ, Пухаты Эрик банысан кодта, мемориалы арæзтад кæй хъуамæ цæуа уæлдай лæмбынæгдæрæй.

«Ам сæнусон кæндзыстæм Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты, уæрæсейаг хæстонтæ æмæ фидауынгæнджыты рухс нæмттæ, кæцыты раз мах стæм хæсджын. Æмæ мемориалы арæзтадмæ ахаст дæр хъуамæ уа ахæм уагыл», – банысан кодта Хицауады Сæрдар, æмæ аразджытæн бахæс кодта, цæмæй цыбыр æмгъуыдмæ æппæт къуылымпытæ дæр аиуварс кæной æмæ контроль кæной куысты гъæдыл.

Горæт Цхинвалы Мемориалон комплекс аразы арæзтадон компани ООО «Гарант Групп». Проекты бадзырдон аргъ у 58,3 милуан сомы. Планмæ гæсгæ объект хъуамæ лæвæрд æрцæуа азы кæронмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.