Хистæр сержант, танкæйы командир Есенаты Таймуразæн Уæрæсейы Федерацийы президенты Барамындæй лæвæрд æрцыд Уæрæсейы хъайтары кадджын ном Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы йæ хæс æххæст кæныны рæстæджы равдисгæ хъайтардзинады тыххæй. Уый фæдыл йæ telegram-каналы фехъусын кодта РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Банысанчындæуыд, зæгъгæ, хистæр сержант Есенаты Таймураз ис  æбæрæгæй сæфт адæймæгты номхыгъды. Хорзæх ын йæ бинонтæн ратдзæн УФ-йы хъахъхъæнынады министрад. «Абон нæ лæппутæ удуæлдайæ хъахъхъæнынц уыцы адæмы, кæцытæй аст азы дæргъы хынджылæг кодта киеваг режим, тох кæнынц нæ Райгуырæн бæстæйы арæнты æдасдзинад бахъахъхъæныныл. Уыимæ йæ хъахъхъæнынц хъæбатырæй! Бузныг сын зæгъын, уый тыххæй!», – ныффыста  Сергей  Меняйло.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.