Ӕрæджы Мæскуыйы РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр Гæззаты Валерийæн кусæгон фембæлд уыд УФ-йы Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Игорь Зубовимæ. Фембæлды рæстæджы пролонгаци сарæзтой, Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл Бадзырды фæлгæтты цы уæлæмхас бадзырдтæ уыд, ифтонгад æмæ куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны фæдыл, уыдонæн.

Цы протокол æрцыд фыст, уый фæлгæтты ацы аз 1 январæй фæфылдæр уыдзысты Мидхъуыддæгты министрады кусджыты куыстмыздтæ æмæ ма сараздзысты фæлхыгъд дæр. Гæззаты Валери фембæлды рæстæджы стыр бузныджы ныхæстæ загъта, Федерацийы къухдариуæгадæн ахæм хъусдарды тыххæй.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.