Горæт Цхинвалы Ветеранты совет 2024 азы фыццаг æрдæг цы куыст бакодта, уый тыххæй хыгъд радта йæ секретарь Бестауты Азæ. Куыд банысан кодта, афтæмæй сæм æдæппæт нымадæуы 818 адæймаджы, уыцы нымæцы куысты ветерантæ сты 647, гарзджын тыхты ветерантæ – 11, Мидхъуыддæгты министрады – 48, Венгрийы хæсты хайадисджытæ – 5, Афганистаны хæсты хайадисджытæ – 69 æмæ æндæртæ. Уымæй дарддæр куыстæуы сæ организацимæ ног уæнгтæ райсыныл дæр. Зæгъын хъæуы, райдиан организациты куыст нырма æвæрд кæй нæу æмбæлон æмвæзадыл æмæ ууыл хъæудзæн бакусын. Æрæввахс кæны Стыр Уæлахизы 80 азы бæрæгбон æмæ ацы юбилеймæ бацæттæ кодтой куысты план. Январы æмбисæй марты фæудмæ Вете-ранты советы уæнгтæ куыд горæты, афтæ республикæйы дæр хайад райстой иумæйаг мадзæлтты ахуырдзауты æфсæддон-патриотон хъомылады фæдыл. Цæвиттон, №5 скъолайы 20 февралы ауагътой тымбыл фынг Афганистанæй советон æфсæдты ракондыл 35 азы цытæн ахæм темæйыл: «Афганистан – удæгас мысынад». Мадзалы уыдысты горæт æмæ республикæйы Ветеранты советæй Дриаты Г., Уырыгаты И., Гуыцмæзты М., Кокойты В., Тедеты Р.  6–æм скъолайы уагъд æрцыд мадзал «Хъайтары партæ» фæмардуæвæг рауагъдонтæ Тъехты Айвенго æмæ Джиоты Аланы тыххæй. Ветеранты советæй дзы хайад райстой Джиоты Р., Козаты П., Дриаты Г. æмæ Бестауты А. Ацы æмæ иннæ фæмардуæвæг лæппуты сгуыхтдзинад цæрдзæн нæ адæмы зæрдæты æмæ сын сæ хъайтардзинадæй та сæрыстыр уыдзысты абоны æмæ сомбоны скъоладзаутæ, разæнгарды хос сын уыдзæн Райгуырæн бæстæйæн æнувыдæй лæггад кæнынæн. 10-æм скъолайы дæр Советы уæнгтæ хайад райстой Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн изæры. Бацæттæ йæ кодта ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг, скъолайы организатор Джиоты чызг, кæцы уагъд цыдис ирон æвзагыл. Мадзалы программæйы уыдысты зарджытæ, æмдзæвгæтæ, æфсæддон хъæзтытæ, викторинæ. Дзырдтой ма Украинæйы хæсты хайадисджыты тыххæй дæр. Ветеранты организацийæ дзы хайад райстой Козаты Павел, Бестауты Азæ æмæ Украинæйы хæсты фæмардуæвæг Бахъаты Андрейы идæдз Джиоты Алинæ. Советы ветерантæ раныхас кодтой ахуыргæниты раз, сæ зæрдыл сын æрлæууын кодтой, 1989- 2008-æм азты нæ хъайтар лæппуты сгуыхтдзинæдты тыххæй. Ацы скъолайы рауагъдонтæй дыууæ фæмард сты Украинæйы хæсты.

21 февралы Советы ветерантæ хайад райстой 6-æм скъолайы хистæркъласонтæн хъайтардзинады урочы, фенын сын кодтой видеофильмтæ Украинæйы хæсты нæ лæппуты хайадистæй, æрæмысыдысты уыдоны тыххæй ахуыргæнджытæ, сæ хиуæттæ, æмкъласонтæ, скъолайы организатор. Мадзалы ма раныхас кодтой Советы ветерантæ Козаты Павел æмæ Бестауты Азæ. Февралы 26 боны Советы ветерантæ Козаты П., Тыбылты Э. æмæ Бестауты А. хайад райстой №1 скъолайы мадзалы ахæм темæйыл: «Нæ лæппутæ, сæрыстыр уæ уыдзынæн». Организатортæ сæ базонгæ кодтой нæ лæппуты хæстон Кады музеимæ. Уым иу уысм алæууыдысты æмырæй, уый фæстæ сæххæст кодтой зарджытæ,  инсценировкæтæ не ‘дзард лæппутыл.

Марты 5-æм боны №5 скъолайы бакондæуыд стенд скъолайы 8 рауагъдоны номарынæн, уыдонæн сæ нæмттæ фыст æрцæудзысты скъолайы историйы, сæ хъайтардзинад æвдисæн уыдзæн фидæны фæлтæртæн. Хайад дзы райстой уæлдæр ранымадгонд Советы ветерантæ, фæмардуæвджыты хиуæттæ æмæ æввахс адæм, республикæйы бæрнон кусджытæ, Уæрæсейы Федерацийы минæвæрттæй Ян Шварц æмæ æндæртæ. Бузныг зæгъын æмбæлы Козаты Павелæн, зынгхуыст хъайтартæ Багаты Хох, Бестауты Азæмæт æмæ Бахъаты Андрейыл номарæн æмдзæвгæтæ кæй ныффыста, уый тыххæй.

Ветерантæ 18 марты хайад райстой, Ереды трагедийы чи фæмард, уыдоны номыл Згъудеры уæлмæрды, кæцытæ фæмард сты сырдон æгъдауæй гуырдзиаг неофашистты къухæй. Горæты Ветеранты совет равдыста йе ‘нæуынондзинад æмæ протест ахæм варварты ныхмæ, кæцытæ бакодтой хъæддаг ми концертон зал «Крокус Сити Холл»-ы. Уым фæмард сты сæдæгай æнæаххос æмбæстаджы, уыдоны ‘хсæн уыдысты сывæллæттæ дæр. Совет мæсæллæй кæны УФ-йы адæмæн, фæмардуæвæг æмæ хъыгдардбаййафæг æввахс адæмæн. Дидинджытæ сæвæрдтой Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæ-варады агъуысты раз.

27 апрелы хайад райстой фыссæг, поэт, публицист, тæлмацгæнæг, Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Плиты Ильяйы хæдзары къулыл Кады фæйнæг байгом кæныны. Уымæн йæ райгуырдыл 110 азы сæххæсты цытæн хуынд æрцыдысты ветерантæ, фысджытæ, студенттæ, Плиты мыггаджы минæвæрттæ. Майы 7 боны Советы уæнгтæ Дриаты Г., Тедеты Р. æмæ Бестауты А. уыдысты 5-æм скъолайы кадджын уазджытæ, обелискы цур ногдзаутæм райстой   скъолайы хуыздæр ахуырдзауты, бабастой сыл галстуктæ æмæ сын загътой арфæйы ныхæстæ, афтæ ма обелискыл æрæвæрдтой дидинджытæ дæр. Æрхонгæ ветерантæ раныхас кодтой ахуыргæнинæгты раз, æрдзырдтой сын Фыдыбæстæйон хæсты нæ адæмы стыр  сгуыхтдзинæдтыл. 8 майы легендарон развæдсгарæг, не ‘мзæххон Лохты В. бюст байгом кæныны хайад райстой ветерантæ, афтæ ма 3-æм скъолайы мемориалон фæйнæг гом кæныны №1960 эвакуацион госпиталы цытæн. Уый та уыд скъолайы территорийыл Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты.

Апрелы фыццаг боны горæты администрацийы бахизæны байгом кодтой стенд Хуссар Ирыстоны 43 фæмардуæвæг лæппуйы номыл, кæцытæ сæ цард радтой нæ Райгуырæн бæстæйы рухс сомбоны сæрвæлтау. Уыдоны нæмттæ æнустæм уыдзысты адæмы зæрдæты æмæ фыст æрцæудзысты нæ бæстæйы историйы. Бирæ арфæйы ныхæстæ загътой сæ ныййарджытæ æмæ хиуæттæ, ацы стенд срæвдз кæныныл чи бацархайдта, уыцы организатортæ-ветерантæн. Нæ республикæ никуы ферох кæндзæн, гуырдзиаг неофашисттæ Зары фæндагыл цы æбуалгъ ми бакодтой, лигъдæтты куыд ныццагътой, уыцы æвирхъау цау. Алы аз дæр 20 майы советы уæнгтæ ссæуынц уыцы бынатмæ, æрæмысынц сын сæ рухс нæмттæ æмæ сын сæ ингæныл æрæвæрынц дидинджытæ. Ивгъуыд азтау та ацы аз дæр Советы уæнгтæ хайад райстой фыдохы мадзалы.

Советы уæнгтæ æркæсынц æмæ сбæрæг кæнынц ветеранты царды уавæртæ, ис дзы цыбыркъух адæймæгтæ, иунæджытæ, уатон рынчынтæ. Иуæй-иу ветерантæн, номхуындæй та фæсчъылдымы 20 ветеран æмæ 12 та идæдзттонæн бакодтой финансон æххуыс фæйнæ 5 мин сомы. Йæ райгуырдыл 95 азы юбилейы тыххæй арфæ кодтой Хаситы Владимирæн æмæ йын радтой 10 мин сомы. 90 азы юбилейы тыххæй ма арфæйы ныхæстæ айста профессор, фæсчъылдымы ветеран Хуыга-ты Илья æмæ уымæн  дæр балæвар кодтой 10 мин сомы.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Советы куысты ис æнтыстытæ, фæлæ уый фаг нæу. Æппæт дæр саразын хъæуы уый тыххæй, цæмæй развæлгъау бацæттæгонд плæнтты мадзæлттæ æххæст цæуой. Сæ фæнд у Уæлахизы 80 азмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты стенд «Ничи ферох, ницы ферох» сног кæнын.

Ветеранты рабадты раныхас кодтой, æнтыстытæ æмæ дарддæры хæсты тыххæй дзырдтой Гаглойты А., Джиоты Р., Козаты П. æмæ Гæбæраты В.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.