Сæумæрайсомæй суанг изæрмилтæм йæ къæбæлтæ йæ къухы, афтæмæй цъындатæ бийы 89 аздзыд – Тедеты Сæниат сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонтæн. Йæ хатæны алы къуымы дæр тæбынтæ. Уазæгуаты йæм чи бацæуы, уыимæ аныхæстæ кæны, стæй та йæ куыст адарддæр кæны дзургæ-дзурын. 8-æм мартъийы бонмæ йын раарфæ кодтон, стæй йын мæхи бацамыдтон, газеты уацхæссæг кæй дæн. Уый нырма ныджджих ис, ома, дæ мæнмæ цы рбахаста?! Æз ме ‘рбацыды сæр раргом кодтон, зæгъын, сæрмагонд æфсæддон операцимæ де ‘ххуысы хай кæй хæссыс, уый фехъуыстон æмæ дыл уац фыссынмæ æрбацыдтæн. Зæронд ус сæфсæрмы ис, фæлæ йæ ныхас адарддæр кодта. «Къуымбилæй быд дзаумæттæй дарддæр кæддæр æндæр дзаума арæх нæ дардтой зымæджы афон ирон адæм. Фæлæ рæстæг ивы æмæ ныр ахæм дзаумæттыл былысчъилтæ кæнынц. Мæныл ныр 89 азы цæуы. Æвзонг чызг ма куы уыдтæн, уæд мын мæ мады мад йæ бийæн къæбæлтæ балæвар кодта. Цæсты гагуыйау сæ хъахъæнын уæдæй нырмæ. Чындзы куы цыдтæн, уæд сæ лæварæн рахастон. Бирæ цъындатæ æмæ дзы кæлмæрзæнтæ фæбыдтон мæхи цахъхъæн чызджытæн. Нæлгоймæгтæн фылдæр быдтон мидæггаг хæдæттæ. Уыдон чи дардта зымæг, уымæн тас нæ уыд уазалæй. Мах рæстæджы телевизормæ ничи каст. Æхсæвæры фæстæ-иу сылгоймæгтæ æрæмбырд сты æмæ къухми кодтой. Æртæ чызджы хицау дæн æмæ сын бацамыдтон къуымбилæй кусын. Ме ‘фсымæр Хъызлармæ цыд фый­йау, уырдыгæй-иу бирæ къуымбил æрласта. Нæ хæдзары хуыссæнгарз къуымбилæй йедтæмæ ницæмæй уыд. Мæ чызджытæ кæд бийын зыдтой, уæддæр хуыссæнтæ аразынмæ нæ рæхстысты. Æмæ рагæй тырныдтон мæ хъуыддаг мын чи адарддæр кæна, ахæм ахуырдзау ссарынмæ. Мæ ходыгъд æвзыгъд разынд æмæ ацы дæсныйады сусæгдзинæдтæ уымæн бацамыдтон. Уый дзæвгар фæкуыста, хуыссæнгæрзтæ арæзта æмæ сæ уæй кодта. Фæлæ ацы куыст зын у, гæнæн ис къуымбилæй дын аллерги дæр фæзына. Мæхицæн мæ уæрджытæ ныр 30 азы бæрц риссынц æмæ мæ бон гуыбырæй кусын нæу».

Цæстырухсæй æххæст у нырма Тедион æмæ йæ куыстæй æхцондзинад исы. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ царды бирæ цъындатæ фæбыдта, фæлæ сæ ныр бийы цæссыгкалгæ æмæ Дунескæнæгмæ кувгæйæ.

«Цы цъындатæ бийын, уыдон вæййынц урс æмæ сау. Мæ фырты фырты арвитын Ленингоры районмæ. Уым хæххон хъæуты нырма бирæтæ дарынц фос. Асламæй сæ балхæны, мæ пенсийæ ма мын фæстæмæ дæр æрбахæссы. Пирæн, æлвисæнтæ мæхимæ ис æмæ тæбын дæр мæхæдæг ссарын. Дыууæ бонмæ сцæттæ кæнын иу фæлыст цъындатæ. Цалдæр азы размæ мын мæ чындз афтæ аппар, дам, ацы мигæнæнтæ, ныр, дам, æндæр дуг у. Ныр ын æз арæх йæ цæстмæ бадарын, зæгъын мын сæ куыд æппарын кодтай? Куыддæр мæ цъындатæ 10-15 фæлыст свæййынц, афтæ мæ фырты фырт Мельсик ссары радон улæфты чи æрцыд хæстæй ахæм адæймаджы æмæ та цъындатæ цалдæр бонмæ лæппутыл сæмбæлынц. Ам нæ сыхаг лæппу, Туаты Альберт, хæсты йæ райдианæй ис. Æртæ хатты сæрмагондæй уымæн арвыстон цъындатæ. Айразмæ мæм телефоны радзырдта, ныр та, дам, мын мидæггаг хæдон сби. Мæ цинæн кæрон нал уыд, зæгъын, æгайтма æз дæр кæйдæр фæндон сæххæст кæндзынæн. Сбыдтон хæдон æмæ йæм фæхæццæ», – цингæнгæйæ дзуры Сæниат.

Ныр та хæдæттæ бийыныл фæцайдагъ Сæниат. Дыууæ дзы сцæттæ кодта, фондз сæ бакæндзæнис æмæ та сæ арвитдзæн.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.