Ныр цалдæр мæйы дæргъы информацион тыгъдады Украинæ ахсы иууыл сæйраг дæр бынат. Фæстаг рæстæджы чысыл æрнымæг ис Украинæйы кой, фæлæ  дзы цы референдумтæ уагъд æрцыд, уый та базмæлын кодта æгас дуне, уæлдайдæр та хурныгуылæйнаг «демократон» бæстæты.

Евроцæдис, АИШ æмæ сæ сателлиттæ рагæй фæстæмæ дзырд «демократи»-йæн ницы ны-саниуæг дæттынц. Ӕрмæстдæр сын у лозунг, кæцыйы фæстæ бамбæхстой сæ хъæстæдзинад æмæ æнæуынондзинад æндæр адæмтæм, сæ фæлитой митæ æмæ фыдракæндтæ бамбæрзынц «демократийæ». Ныридæгæн куы акæсæм, уæд, æвæццæгæн, раздæры Югославийы территорийы, Ливийы, Иракы, Афгнистаны, Сирийы æмæ æндæр бæстæты хурныгуылæйнаг демократийы фæрцы кæнынц «бухъ» цард.

Донбассы референдумтæ ауадзыныл рагæй цыд дзырд, зыдтой йæ, уыцы цауæн æнæрцæугæ кæй нæй абон уа, æви сом. Фæлæ ма сæм ныридæгæн бамбал сты Херсоны æмæ Запорожьейы областтæ дæр æмæ уыцы хъуыддаг катайы баппæрста æрмæст Киевы фашистон режимы нæ, фæлæ ма сæ кураторты дæр. Дзырд цæуы 8 милуан адæймагыл, кæцытæ цæрынц уым. Бандеры фæста-гæттæ æмæ къæбылатæ ацы регионты цæрджыты адæмыл дæр нæ нымайынц. Донбассы зæххытæ сты хъæздыг æмæ æнæ уыдонæй Украинæ нæ бафæраздзæнис цæрын. Стæй йæ уавæр куыд æвдисы, афтæмæй ацы референдумтæ фæстæгтæ не сты, уымæн æмæ фашистон режимы цæрын никæй фæнды æмæ тагъд рæстæджы Украинæйы иннæ регионты цæрджытæ дæр базмæлдзысты. Ам, кæй зæгъын æй хъæуы, æнхъæлмæ кæсынц Уæрæсейы æххуысмæ æмæ ныридæгæн цы мобилизаци æрцыдис конд, уый дæр нысанмæздæхт у Украинæйы территори фашисттæй асыгъдæг кæнынмæ.

Абоны бон уал Донецкы æмæ Луганскы Адæмон республикæтæ, Запорожьейы æмæ Херсоны областтæ сæ разыдзинад равдыстой Уæрæсеимæ баиу кæныны тыххæй референдумы. Ацы хабарыл стыр цинимæ сæмбæлдысты бынæттон цæрджытæ æмæ æвзæрстытæм цыдысты, куыд бæрæгбонмæ, афтæ. Уымæн æмæ рагæй фæстæмæ сæ бæллиц уыдис се ‘мтуг адæмимæ иу паддзахады цæрын. Нал сæ фæндыд, 30 азы дæргъы сæ чи куынæг кодта æмæ сæ сæ фыдæлты зæххытæй фæсурынмæ чи хъавыд, уыцы тугдзых нацисттимæ. Ацы хъуыддаг бирæтæ не ‘мбарынц, уымæн æмæ Донбассы цæрджыты уавæры никуы уыдысты æмæ сын сæ проблемæтæ сæ зæрдæмæ ‘ввахс нæ исынц. Нæ республикæйы цæрджытæ суанг 2014 азæй фæстæмæ тынг хъынцым кæнынц Украинæйы цæрæг рæстаг адæмы хъысмæтыл, хорз сын æмбарæм сæ рис. Уымæн æмæ махæн дæр нæ цардæй зындон раст ахæм фашисттæ æмæ нацисттæ сарæзтой.

Ис афтæ хъуыдыгæнджытæ, ома, Уæрæсейы цæмæн хъæуынц уыцы милуангай гæвзыкк цæрджытæ, кæцытæн бахъæудзæн æххуыс кæнын. Фæлæ ам банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Украинæйы фылдæр хайы дæр кæй цæрынц уырыссæгтæ, кæцытæ ницæмæй хицæн кæнынц Мæскуыйы æмæ Сыбыры цæрæг уырыссæгтæй. Æмæ уый та у сæйраг. Стæй ма уыцы регионтæ сты хъæздыг хойрагæй, афтæ ма алыгъуызон сæудæджерадæй дæр. Бынæттон цæрджытæ та рагæй фæстæмæ нымад цæуынц кусаг адæмыл. Ӕмæ кæд фыццаг цалдæр азы нымад цæуой дотацион регионтыл, уымæн æмæ дзы аразинаг æмæ æндидзын кæнинаг тынг бирæ ис, уæддæр фидæны уыдзысты иууыл раззагон дæр регионты рæнхъыты.

Донбассы уæвынад кæны 80 фылдæр металлургон куыстуæттæ, ис дзы цалдæр егъау машинæаразæн æмæ нефтехимикон куыстуаты. Бирæтæ дзы кæд раууатмæ æрцыдысты, уæддæр сæ ногæй скусын кæндзысты – уымæн æппæт уавæртæ дæр ис. Запорожье æмæ Херсон та рагæй фæстæмæ хъæздыг сты быдыртæй, кæцыты зайы иттæг хорз тыллæг. Уымæй уæлдай ма дзы ис бирæ электростанцтæ æмæ атомон электростанц, æмæ уыдон дæр егъау хайбавæрд хæссынц бынæттон цæрджыты фæрныгадмæ.

Бирæтæ тæрсынц, ома, та Уæрæсейæн санкцитæ рахæсдзысты ног регионтæ æрбаиу кæныны тыххæй. Фæлæ куыд фæдзурынц – «донласт хуылыдзæй нал тæрсы». Цас æмæ ма цас санкцитæ хъуамæ рахæссой? Кæд æмæ 10 мин санкцийыл хъæцæм, уæд ма нын цалдæр санкцийы цы ракæндзысты? Стæй санкцитæй куы тæрсæм, уæд хурныгуылæйнаг бæстæтæн хъуамæ цагъайрæгтæ суæм, – уыдон æндæргъуызон нæ фæнды. Историмæ куы æркæсæм, уæд иунæг наци  æмæ бæстæ дæр нæй, кæцыимæ хурныгуылæйнаг бæстæтæн хæларадон, æмсæр ахастытæ уыдис – кæнæ алцæуылдæр семæ хъуамæ разы кæнай, науæд дæ скуынæг кæндзысты.

Референдумтæ нырма нæ райдыдтой, афтæмæй Евроцæдис æмæ АИШ уайтагъд загътой, ома, сæ фæстиуджытыл не сразы уыдзыстæм. Ома, кæд æмæ æппæт нормæтæм гæсгæ уагъд æрцæуой, уагхæлдтытæ дзы ма уа, уæддæр сæ нæ райсдзыстæм. Уый та уымæн æмæ сын ацы регионты цæрджытæ сæ интерестæн дзу-апп нæ дæттынц, сæ пълæнттæ сын фехæлдтой æмæ уымæ гæсгæ куыдфæндыйæ дæр рæдийынц, референдум дæр закъонон нæу, сты «сепаратисттæ», «фыдгæнджытæ», «террористтæ».

Референдумтæ - хурныгуылæйнаг «демократон» бæстæты удхæссæг
Референдумтæ – хурныгуылæйнаг «демократон» бæстæты удхæссæг

Æрхъуыды ма кæнæм, Югослави цалдæр паддзахадыл куы ныддихтæ ис æппæт нормæтæ фехалгæйæ, референдумтæ дæр дзы не ‘рцыд уагъд. Æмæ куыд бакодтой хурныгуылæйнаг бæстæтæ? Растыл банымадтой ацы къахдзæф. 1991 азы Эстони, Литва, Латви, Украинæ, Гуырдзыстон, Туркмени, Сомихстон, Азербайджан рахызтысты Советон Цæдисы скондæй закъонон нормæтæ фехалгæйæ æмæ та Европæ æмæ АИШ цингæнгæ сразы сты ацы хъуыддагыл дæр. Уæрæсейы, Беларусы, Молдавийы, Казахстаны, Киргизийы, Таджикистаны та референдумтæ бынтондæр уагъд не ‘рцыдысты, фæлæ сæ уæддæр уайтагъд банымадтой хæдбар паддзахадтыл. Каталони расидтис хæдбардзинад, фæлæ сæ ской дæр нæ бауагътой – æрцахстой сын сæ раздзогты, йæ адæмы та абоны онг дæр тæрсын кæнынц алыгъуызон санкцитæй. 2014 азы Хъырымы уагъд æрцыд референдум Уæрæсеимæ баиу кæныны тыххæй æппæт нормæтæ бахъахъхъæнгæйæ, фæлæ Европæ æмæ АИШ не сразы сты, абоны бон дæр санкциты бын цæрынц Хъырымы цæрæг адæм. Стæй ма 1836 азы Техас расидтис хæдбардзинад, фæлæ абоны бон дæр ис АИШ-ы сконды. Уый та дын «демократи».

Уæдæ хорзæй истæмæ æнхъæлмæ кæсæн ис хурныгуылæйнаг паддзахадтæм? Искуы сæм рæстдзинад уыдзæнис? Сæ митыл æмæ сæ фыдмитыл искуы сæ зæрдæ æрхуддзæнис? Ӕвæццæгæн, никуы. Ахæм фæндæгтыл Уæрæсе бирæ хæттыты рацыд æмæ Путинмæ диссаг дæр нал кæсынц сæ фæлывд хъуыддæгтæ æмæ ныхæстæ. Уæрæсе Европæ æмæ АИШ-ыл царвау куы батайа, уæддæр сын бæсты нæ фæцæудзæнис. Уымæ гæсгæ Уæрæсе архайы, куыд æмбæлы æмæ йæ адæмæн куыд хуыздæр у, афтæ. Тæрсын та нæ хъæуы, – бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы.

ДЖИОТЫ Алыксандр  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.