Царды фæлтæрддзинад куыд æвдисы, афтæмæй мад æмæ хъæбул, уæлдайдæр та чызг, вæййынц æнæуынгæ миддунейы тæгтæй иу. Уый у æрдзы фæтк æмæ алкæмæн дæр — иугъуызон. Фæлæ ма фембæлæм ахæмтыл, кæдонæн сæ мадæй сæ фыды уарзт вæййы ахсджиагдæр, вæййынц æнгомдæр æмæ сæ царды вазыгджын фарстатæ фескъуыддзаг кæнынц сæ фыдтимæ. Дзерассæимæ ныхасы рæстæджы бамбæрстон, йæ фыд Суликъо йын царды кæй у æппæтæй дæр цæвиттойнаг, у йын мад дæр æмæ фыд дæр. Ахæм ахастытæ рахатгæйæ йæм радтон фарст — «кæмæн лæвар кæныс дæ бæрæгбонон арфæтæ», æмæ райстон, куыд æнхъæл уыдтæн, ахæм дзуапп — «Мæ фыдæн!»

«Чизоны мæ исчи нæ бамбара, зæгъгæ, дын мад куы ис, уæд дæ фыдимæ хъæрмуддæр куыд дæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ мадимæ тынг æввахс стæм, æппындæр нæ ахастыты ницы къæм ис, фæлæ мын æрдз мæ фыдмæ радта фылдæр уарзондзинад. Мæ фыдæн кæд дыууæ фырты ис, уæддæр уый дæр уыдонæй мæныл кæддæриддæр ауды тынгдæр. Афтæ схъомыл дæн æмæ-иу мын зындзинæдтæ куы фæзындис, уæд-иу ахъуыды кодтон „ахæм уавæры мæ фыд цы саразид“, æмæ-иу афтæмæй скодтон хатдзæг мæ дарддæры архайдæн», — загъта Дзерассæ.

Хуыгаты Дзерассæ схъомыл ис Къуыдаргомы, йæ ныййарджытæ Суликъо æмæ Харебиан се’ртæ хъæбулы никуы дихтæ кодтой. Сабибонты цаутæй бирæ æры-мысыд, йæ фыдимæ-иу сын иу хъуыды куы фæзынд æмæ-иу ыл сæхæдæг дæр куыд дис кодтой. «Студенткæ ма куы уыдтæн, уæд-иу арæх уыдис афтæ æмæ мæ фыды фыны фенгæйæ зыдтон, абон мæм кæй æрцæудзæнис. Йæхæдæг дæр-иу мæ фыны куы федта, уæд-иу мын загъта, зæгъгæ, æрбарынчын уыдзынæ æмæ дæхи хъахъхъæн».

Дзерассæйы ныхæстæм гæс-гæ Суликъо æппынæдзух йæ кæстæрты ифтонг кодта хæрзæгъдаудзинадыл. «Къаннæг сабитæ ма куы уыдыстæм, уæд-иу арæх хъуыстон мæ фыдæй ахæм фæдзæхстытæ: макуы макæй бахъыгдарут; гæды ныхас ма кæнут; хистæрæн дæр æмæ кæстæрæн дæр хатыр кæнын фæразут; мæстыйæ хатдзæгтæ макуы аразут; хъæздыгдзинадмæ макуы бæллут; макуы фæтæрсут царды зындзинæдтæй æмæ бирæ æндæр ахæмтæ, кæдон-иу нын хуымæтæджы ныхæстæй нæ загъта, фæлæ-иу нæ фæлваргæ дæр бакодта, æххæст сæ кæнæм, æви нæ. Йæхи-иу ын исчи куы фæхъыг кодтаид, уæддæр æй йæ бахъыгдарæгæн æвзæр никуы бафæндыд. Загъта-иу, „бамбардзæнис йæ рæдыд“ æмæ-иу, æгæрыстæмæй, архайдта йæ ахастытæ ма фехалын. Мах, йæ кæстæртæ та-иу ын йæ хæларзæрдæ миниуджытæй истам цæвиттон», — загъта Дзерассæ.

Суликъо ныртæккæ кусы Къуайсайы Хаджеты Таймуразы номыл астæуккаг скъолайы ди-ректорæй. Дзерассæ йæ фыды тыххæй цы ныхæстæ загъта, уыдон хъæбулы стыр уарзты фæстиуæгæн æппæлæн ныхæстæ кæй не сты, уымæн æвдисæн сты Къуыдаргомы цæрджытæ æмæ йæм сæрмагондæй йæ коллектив цы хъарм ахаст дарынц, уыдон дæр. “Суликъо у хиуæттæ æмæ æмгæртты уарзаг, кæддæриддæр архайы се ’рбангом кæныныл, у хиуылхæцгæ, æгъдауджын, йæ алы ныхасæй дæр бæрæг у, йæ зæрдæйы йе ’ввахс адæммæ цы аудгæ ахаст дары, уый. Куыд хис-тæр, афтæ æппæтæй дæр у цæвиттон«,- загътой уыдон.

Зын æмæ уæззау дугтæ рацыд Ирыстон. Уыдон нæ аивгъуыдтой Къуыдаргомы иувæрсты æмæ бандæвтой ахуыры системæйыл дæр. Уæд ацы скъолайы коллектив Суликъойы къухдариуæгадæй нæ бауагъта цудын Къуыдаргомы ахуыры системæ. Уагъд цыдысты куыд уроктæ, афтæ уæлæмхас куыстытæ дæр сывæллæттимæ æмæ ахуыргæнинæгтæ хайад истой республикæйы æмæ уымæн æддейæ арæзт мадзæлтты. Сæ цæттæдзинад та хорз æмвæзадыл кæй уыд, уый бæрæггæнæнтæ сты уæлахиздзауты хорзæх-тæ.

Суликъойы фыд уыдис Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг, йæ райгуырæн бæстæмæ æрæздæхт иу цæст, æмæ йæ буары та 13 нæмыджы схъисимæ. Хуымæтæджы зæхкусæг лæг, стæй ма сахъатджын лæгмæ уыйбæрц тых нæ уыд, цæмæй йæ авд сывæллонæй алкæй дæр йæ къахыл слæууын кодтаид. Фæлæ Суликъойæн ахуырдзинадмæ уæлдай тырнынад кæй уыд, уый тыххæй йын æххуыс кодтой бинонтæ се’гас дæр. Зын уавæртæм нæ кæсгæйæ астæуккаг скъола фæцис сыгъзæрин майданимæ æмæ бацыд ХИППИ-йы ирон-фæсарæйнаг факультетмæ. Кæд уыцы рæстæджыты Къуыдаргомæй рацæуын æнцон нæ уыд, æмæ йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй-иу зымæджы арæх баззадысты гом арвы бын дæр, уæддæр зындзинæдты нæ фæтарст æмæ уæлдæр ахуыргæнæндон бакаст сырх дипломыл.

«Йæ цардыл ын мæ цæст рахæсгæйæ, мæ бон у фидарæй зæгъын, цыдæриддæр фæдзæхстытæ фæкодта йæ хъæбултæн, уыдон иууылдæр хуымæтæджы ныхæстæ нæ уыдысты, йæхæдæг йæ цард уыцы принциптыл арæзта. Уыдон æххæст кæнынæн та хъуыд æнæфæцудгæ фæнвидардзинад. Чизоны ахæм Хуыцауысконд адæймæгтæ бирæ ис, фæлæ мæнæн мæ фыд у цыфæнды хъайтарæй дæр хъайтардæр æмæ дзы дæн сæрыстыр. Кæддæриддæр æй æрхæссын цæвиттонæн мæ сывæллæтæн æмæ ме ’ввахс адæмæн. Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бæрæгбонмæ йын зæрдиагæй арфæ кæнын æмæ йын мæ зæрдæ зæгъы бирæ азты æнæнизæй фæцæрын», — йæ арфæйы ныхасы зæгъы Хуыгиан.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.