«ÆЗ МАЙОР НÆ ДÆН»

Не ‘хсæн, ома, кæм цардыстæм, уыцы бирæуæладзыгон корпусты ‘хсæн бирæ дæрддзæг нæ уыд – 30-40 метры бæрц. Кæд тынг арæх нæ, уæддæр-иу уынджы амбæлдыстæм. Уый уын æз дунейы фыццаг космонавт, Юрий Гагарин космосæй æрæздæхгæйæ, Саратовы областы тыгъд быдыры Смеловкайы хъæумæ æввахс куы æрбадт, уæд ыл æппæты фыццаг чи фембæлд, уый –  Советон Æфсады майор Гасситы Ахмæт Никъалайы фырты кой кæнын.

Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Гасситы Ахмæт Уæрæсейæ йæ райгуырæн Ирыстонмæ фæстæмæ куы æрæздæхт, уæд йæ цардæмбал уырыссаг сылгоймаг Людмилæимæ æрцард Исахъы уынджы 58-æм фарастуæладзыгон корпусы 5-æм уæладзыджы. Нæ корпустæ кæрæдзийы ныхмæ æвæрд кæй сты, уымæ гæсгæ йæ арæх уыдтам рудзынгæй кæсгæйæ дæр. Иу бон мæ цардæмбал Хуриты Гиви сыхаг лæгтимæ бадт нæ хæдзары кæрты æмæ хæзармæ куы схызт, уæд мын афтæ бакодта, зæгъгæ, дам, кæимæ базонгæ дæн уый дын куы зæгъин. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм хорз зæрдæрайæ кодта йæ ног зонгæйы кой æмæ æз дæр бацымыдис кодтон, чи у, уымæ. Гиви мын загъта: «Мæнæ, зæгъ, диссæгтæ, Юрий Гагарин космосæй куы æртахт, уæд ыл не ‘мбæстаг Гасситы Ахмæт кæй фембæлд, уый зыдтон, фæлæ ныр иу цасдæр рæстæджы дæргъы нæ сыхы цæры, ууыл хъуыды дæр никуы акодтаин».

Сæ базонгæйæ фæстæ тынг схæлар сты Ахмæт æмæ Гиви, уыимæ сын бирæ уыд цæуыл дзырдтаиккой, аæхм темæтæ. Уый фæстæ дæр-иу мын арæх ракодта Ахмæты кой кæрты-иу куы амбæлдысты, уæд. «Цымыдисаг хабæрттæ арæх кодта. Асæй рæстæмбис лæг иннæтæй хъауджыдæр йæхи никуы стыдта, кæд ын уый æфсон æмæ моралон бар уыд, уæддæр. Афтæмæй та-иу йе ‘мцахъхъæнтæ чысыл сыкъадзæфæй дæр чи йæхицæй, чи йæ бинонтæй æмæ чи та йæ фыртæй æппæлыдысты. Æниу уый дæр æппæлыд, фæлæ æрмæстдæр æндæртæй – Иры фæсивæдæй, тынг буц сæ уыд. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, алкæйы нæ уарзта, уæлдайдæр та фыдуаг, æнæуаг æмæ къæрныхты. Бынтон æнæуынон та йын уыд капитализмы цардæвæрд, æмбыд æй хуыдта. Ноджыдæр ма йæ зæгъон, æнæхъуаджы дзурæгтæй нæ уыд, фæлæ йæ «сдзурын» кодтай, ома, йæм исты фарста радтай, уæлдайдæр та дунеон проблемæты тыххæй, уæд æм æрмæст хъусгæ кæн. Нæ дæ фæндыаид, æрфæндыаид дæ, нæ дæ æвдæлд, равдæлдаид дæ, афтæ диссаг æм уыд хъусын. Уымæн æмæ цы хабрæттæ дзырдта, уыдон уыдысты цардæй ист, æцæгдзинад æвдисæг», – радзырдта-иу мын Гиви йемæ амбæлыны фæстæ.

Зæнæджы кæстæр уыд йæ дзæнæты бадинаг ныййарджытæ – республикæйы адæмон артисткæ Дзаттиаты Сона æмæ курдиатджын хæххон инженер, Дзауы районы Бузалайы хъæуккаг Гасситы Никъалайæн. Сæ иннæ фырттæ Инал æмæ Знауыр хистæртæ уыдысты. Ахмæт тынг æвзыгъд уыд ахуырмæ. Уыд скъолайы фæскомцæдисы раздзог, фæстæдæр бацыд коммунистон партийы рæнхъытæм. Астуæккаг скъола каст фæуыны фæстæ 1948 азы каст фæцис зенитон-артиллерион ахуыргæнæндон. Дыууæ хатты ахуыр кодта æфсæддон академийы уæлдæр курсыты. Взводы командирæй схызт корпусы штабы хицауы фыццаг хæдивæджы онг, уыдис ын булкъоны цин. Хицауад ын кодта стыр аргъ, æууæндыд ыл бæрнон хъуыддæгты. Уымæ гæсгæ фæстæдæр йæ интернационалон хæс сæххæст кæныны тыххæй Кубæмæ æрвыст кæй æрцыд, уый дæр æнæнхъæлæджы нæ уыд. Алыварсонæй зæрдæргъæвд адæймаджы æххæст иу афæдз дæр нæ бахъуыд, цæмæй сæрибарæй дзырдтаид испайнаг æвзагыл.

Ахмæтæн дзæвгар уыдысты йæ царды цы бахъуыды кодтаид, ахæм цаутæ, Кубæйы службæ кæнгæйæ. Сæрибары сакъадахы йын бирæ хæлæрттæ  фæзынд, куыд хуымæтæджы фæллойгæнджытæ, афтæ паддзахады разамонджытæй дæр. 1963 азы Кубæйы социалистон партийы конференцийы делегаттæн Ахмæт советон адæмы номæй раарфæ кодта испайнаг æвзагыл. Советон Цæдисы хорзæхты ‘хсæн ын ис кубæйаг цытджын хорзæхтæ дæр. Фæлæ йын уæддæр иууыл тынгдæр зæрдылдарæн цау уыд дунейы фыццаг космонавт Юрий Гагаринимæ фембæлд.

Цæвиттон, 1961 азы 12-æм апрелы Юрий Гагарин космосмæ куы атахт, уæд ын йæ размæ фембæлынмæ кæй арвыстой, кæуыл баууæндыдысты, уыдонæй иу уыд  æвзонг афицер-майор (уæд ын уыцы цин уыд) Гасситы Ахмæт. Уый тыххæй бирæ фыстой газеттæ, арæзт ыл æрцыд кинонывтæ дæр. Ахмæт йæхæдæг та дзырдта афтæ: «Уыд уалдзыгон бон, 12-æм апрелы не’фсæддон дæлхайæн хæсгонд уыд, фыццаг космонавт Сартовмæ хæстæг цы районы хъуамæ æрбадтаид, уым фæтк хъахъхъæнын, космонавтыл сæмбæлын æмæ йæ æдасæй бæрæг бынатмæ фæхæццæ кæнын. Арв уыд сæгъы цæстау ирд. Æвиппайды мæ хъустыл цыдæр уынæр ауад уæлдæфы арвы ‘рдыгæй. Кæсын æмæ уæлæ уæлдæфы парашют. Цалынмæ йæ размæ мæ хæстонтимæ згъордтам, уæдмæ парашютыл ауыгъд лæг йæ къæхтыл алæууыд. Уайтагъд æй йæ мидбылхудтæй базыдтон – Юрий Гагарин у. Уыцы уысм ма уым уыд æмæ йæ хъулон род хызта иу сылгоймаг (хъæдгæсы ус Анна Акимы чызг Тахтарова) æмæ цалдæр трактористы.

Гагарин куыддæр мæн ауыдта, афтæ йæ уæлæдарæс – æрвыгъуыз комбинезоны барæстытæ кодта æмæ мæ разы растæй алæугæйæ, æфсæддон уагæвæрд куыд амоны, афтæ райдыдта: «Æмбал майор, хистæр лейтенант Гагарин йæ космосон хæс сæххæст кæныны фæстæ æдасæй æрæздæхт фæстæмæ зæхмæ…». Æз, кæй зæгъын æй хъæуы, рагацау зыдтон, хистæр лейтенант Юрий Гагарин космосмæ куы атахт, уæд ын йæ хæдфæстæ лæвæрд кæй æрцыд майоры цин. Æмæ йæ ныр куы бараст кодтон, зæгъын хистæр лейтенант нæ дæ, фæлæ майор, уæд æй нæ бауырныдта æмæ загъта, зæгъгæ, дам, æз майор нæ дæн». Ацы эпизоды тыххæй-иу Ахмæт худгæйæ дзырдта: «Уый уыд службæйы иууыл тагъддæр фæбæрзонддæр кæнын – æдæпптæй 108 минутмæ»! Растдæр уыйас баззад космосы Юрий Гагарин.

«Гагаринмæ балидзгæйæ, райдыдтам кæрæдзийæн хъæбыстæ æмæ пъатæ кæнын, афтæ стыр циндзинад мын æрхаста нæ фембæлд. Ам уыдысты мæ къорды салдаттæ æмæ ацы бантмæ чи æрбалыгъд, уыцы бынæттон цæрджытæ. Æз æм радтон мæ партийон билет æмæ йæм бахатыдтæн, цæмæй мын дзы йæ къухфыст æрæвæра», – фыста журнал «Огонек»-ы Гасситы Ахмæт.

«Гагарин бахатыд, цæмæй йæ тагъдыл фæхæццæ кæнæм æввахс посты хайадмæ, ома, телефонæй адзурыны тыххæй… Уæдмæ нæ хæстонтæй фотоаппараттæ кæмæ уыд, уыдон систой дунейыл чи æрзылд æмæ историон нысаниуæг кæмæн уыд, ахæм зæрдылдарæн къамтæ дунейы фыццаг космонавтимæ. Фæстæдæр уыцы цауты тыххæй 1963 азы 7-æм майы газет «Комсомольская правда» ныммыхуыр кодта æбæрæг авторы ист къам. Куыд рабæрæг, афтæмæй къамы автор разынд мæ дæлбар æфсæддон дæлхайы хæстон П.Пекарский… Уый уыд не стыр хæлардзинады райдайæн Гагаринимæ. Уый фæстæ фембæлдыстæм бирæ хæттыты, æввахсдæр базонгæ стæм æд бинонтæ…», арæх-иу йæ зæрдыл æрлæууыдысты уыцы цаутæ Гассийы фыртæн.

Газеткæсæг бацымыдис кæндзæн куыд рауад Ахмæтæн йæ дарддæры хъысмæт, уымæ. Цыбыртæй зæгъæн ис, ницы уыйбæрц бæллиццаг. Пенсийы куы ацыд, уæд æрæздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Уыд Хуссар Ирыстоны ДОСААФ-ы хистæр. Стæй бынтондæр раивта йе ‘фсæддон уæлæдарæс. Æфсæддон службæйæ дарддæр ма æгæронæй уарзта зæххы куыст дæр. Уымæн æвдисæн уыд Дзауы районы йæ райгуырæн хъæу Бузалайы йын цы зæххы фыдыг уыд, уый хæрззылддзинад. Мæнæ куыд фæзæгъынц йæ цæхæрадоны-иу хæйрæджы цæстытæ дæр æрзайын кодта. Йе ‘мхъæуккæгтæ куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ йæм æрмæст пъамидортæ уыд 20 сорты бæрц, кæрдотæ – 8 сорты æмæ бирæ æндæр дыргъты сорттæ. Джитъритæ та йæ зæххы фадыджы ахæмтæ зад æмæ сæ дæргъ хæццæ кодта метрмæ – япойнаг сорттæ дам, уыдысты. Æппынæдзух ахуыр кодта зæххы куысты сусæгдзинæдтæ.

Фæлæ йыл сæмбæлд уæззау хабар, амард йе мкъай Людмилæ. Уый фæстæ йæхæдæг дæр рынчынтæ кæнын райдыдта, йæ иу къах лыг кæнинаг фæцис, фæлæ уæддæр йæ ныфс нæ саст – афтæмæй дæр куыста. Фæстагмæ йæ йæ иннæ къах дæр хъыгдарын райдыдта. Ацы хатт, хъыгагæн, дохтыртæ дæр нал баххуыс сты хъæбатыр гуырдæн æмæ фæуæлахиз мæлæт.  Бавæрдтой йæ Бузалайы йæ цардмæбалы фарсмæ. Æз æй куыд хъуыды кæнын, афтæмæй  уый уыд 1992 азы. Сæ фæстæ ныууагътой дыууæ фырты. Хистæр Виталик цард Симферополы, ис ын майоры цин. Уырдæм акодта  йæ кæстæр æфсымæр Шурикы дæр йæ ныййарджыты амæлæты фæстæ. «Шурик цардæй ахицæн цалдæр азы размæ. Фæлæ Виталик абон дæр йæ бинонтимæ – йæ цардæмбал æмæ йæ дыууæ хъæбулимæ цæрынц Симферополы. Ахмæты уæлмæрдмæ ссæуæм æмæ йæ бафснайæм. Арæх Бузаламæ æрцæуы Ахмæты æфсымæр Знауыры хъæбулы хъæбул Гасситы Знауыр æмæ уыйдæр базилы йæ фыд æмæ йæ фыдыæфсымæры уæлмæрдмæ. Хъыгаг у уый дæр æмæ Ахмæт æмæ йæ цардæмбалы уæлмæрдыл кæд æмбонд арæзт ис, уæддæр сын цырт æвæрд нæй. Хорз уаид æмæ исчи йе ‘ххуысы къух куы фæдаргъ кæнид æмæ сын иумиаг цырт æвæрд уæддæр куы æрцæуид. Уымæн æмæ Ахмæт историон гоймаг у æмæ уæд та ма рæзгæ фæлтæрæй искæйы бафæндыд дунейы фыццаг космонавт Юрий Гагарин космосæй куы æртахт, уæд ыл чи сæмбæлд, уыцы ирон лæг Гасситы Ахмæты уæлмæрдмæ бацæуын», – радзырдта мын Ахмæты æввахс хион Бузалайы хъæуккаг Гасситы Риммæ.

Æмæ æцæгæй дæр мæлæт диссаг нæу, æрдзы хъуыддаг у, æнæмæлгæ цард нæй, фæлæ мæм дис æндæр хабар кæсы: цæмæн нæм у афтæ, хион цæсты цæмæннæ ахады. Æндæра ахæм лæг а-дунейæ афтæ ацыд æмæ йæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ зонгæ дæр нæ бакодтой, кæддæр Советон Цæдисы газеттæ æз фæраздæронæй кæй къамтæ мыхуыр кодтой, уый мæлæты тыххæй. Кæд змæст рæстæг уыд, уæддæр, бирæ нæ, фæлæ йыл  иу-дыууæ хъарм ныхасы дæр ничи загъта мыхуыры фæрæзты дæр, æвæццæгæн ын йæ амæлæты хабар дæр нæ базыдтой. Уæвгæ, хъæугæ та æнæмæнгæй  кодта…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.