Абхазы бирæ азты быцæуты фæстæ сбæлвырд кодтой сæйраг паддзахадон бæрæгбоны ном, кæцы баст у  гуырдзыйы агрессийы ныхмæ абхазаг адæмы Фыдыбæстæйон хæсты  фæудыл.

Агентад «Апсныпресс»-ы, куыд фехъусын кодтой, афтæмæй абхазаг парламент аскъуыддзаг кодта, цæ-мæй Уæлахизы æмæ Хæдбардзинады бон суа 30 сентябрь. Уыцы боны 1993 азы абхазаг æфсæддонтæ бархи æфсæддонты æххуысæй рахызтысты Ингуры цæугæдонмæ, уымæй Абхазы территори ссæрибар кæныны хъуыддаг бакæронмæ кодтой.

Хъæуæг бæлвырдгæнæнтæ фидар æрцыдысты Республикæ Абхазы бæрæгбонон æмæ зæрдылдарæн бонты тыххæй закъоны ног редакцийы.

«Ныфс мæ ис, бирæ азты  быцæуты фæстæ нæ сæйраг паддзахадон бæрæгбон ном кæй райсдзæн, кæцы йын бæлвырд кæндзæн йæ историон æмæ политикон нысаниуæг –  Уæлахизы æмæ Хæдбардзинады бон. Зындгонд куыд у, афтæ-мæй иннæ постсоветон паддзахадтау, хæдбардзинад нæ къухы нæ бафтыд, ССРЦ-ы ныппырхы фактмæ гæсгæ. Мах хæдбардзинадыл тох кодтам æмæ уый тыххæй Абха-зы бирæнацион адæмы минæвæрттæ æмæ бархи æфсæддонтæ радтой сæ цард. Не ‘фсæддонтæ Ингуры цæугæдоны онг куы бацыдысты, уæд мах уыцы хабар æнкъардтам куыд уæлахиздзинад», – банысан кодта Абхазы Парламенты Хъахъхъæныны æмæ национ æдасдзинады фæдыл комитеты сæргълæууæг Илья Гуния.

Уымæй уæлдай ма, абхазаг парламентаритæ райстой «1992-1993 азты Фыдыбæстæйон хæсты Абхазы адæмы Уæлахизы тырысайы тыххæй» закъон.

Гуния куыд банысан кодта, афтæмæй Фыдыбæстæйон хæсты абхазаг адæмы Уæлахизы тырыса у Республикæ Абхазы паддзахадон тырыса, кæцыйы 1993 азы 30 сентябры Ингуры цæугæдоны цур арæныл æрсагътой абхазаг хæстонтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.